‏ Isaiah 53

1Махӕй цы фехъуыстой, ууыл чи баууӕндыд
ӕмӕ кӕмӕн раргом ис Дунедарӕджы хъару?
2Хуыцауы раз Уый байрӕзти,
сыгъд быдыры тала
тыхамӕлттӕй куыд сӕвзӕры,
йӕ хус уидаг фӕлурс тау куыд суадзы, уыйау.
Уындӕй диссаг, кондӕй ӕрдхӕрӕн, зӕгъгӕ,
афтӕ зӕгъӕн Дзы нӕ уыд.
Федтам Ӕй, ӕмӕ Йын
нӕ цӕст Ыл цӕмӕй ӕрӕвӕрдтаиккам,
ахӕм бакаст нӕ уыд.
3Адӕм Ӕй ницӕмӕ ӕрдардтой,
сӕ чъылдым Ӕм раздӕхтой.
Рис ӕмӕ Йыл низтӕ
сӕ фӕд ныууагътой.
Уӕдӕ Йыл мах дӕр былысчъилтӕ кодтам
ӕмӕ Йӕм не’ргом не раздӕхтам,
мисхалы бӕрц дӕр Ын нӕ аргъ кодтам.

4Афтӕмӕй нын Уый райста
нӕ рынтӕ,
ахаста нын нӕ хъыгтӕ,
мах та афтӕ ӕнхъӕл уыдыстӕм,
цыма Йын Хуыцау Йӕхи бафхӕрдта,
ӕрцавта Йӕ ӕмӕ Йӕ удхарӕй мардта.
5Уӕззау цӕфтӕ йыл ӕруади
нӕ фыдракӕндты тыххӕй,
сау хъизӕмар бавзӕрста нӕ азымы тыххӕй.
Нӕ фарны сӕраппонд баййӕфта ӕфхӕрд,
фӕлӕ мах Йӕ хъӕдгӕмтты фӕрцы
сдзӕбӕх стӕм.
6Иууылдӕр уыдыстӕм дзӕгъӕл фыстау,
ӕмӕ нӕ алчидӕр аздӕхт йӕхи фӕндагыл,
Дунедарӕг та Ууыл сӕвӕрдта
не’ппӕты азым.

7Карз Ӕй ӕфхӕрдтой,
фӕлӕ Уый ӕдзӕмӕй лӕууыди,
ӕргӕвдынмӕ кӕй ракӕнынц, уыцы уӕрыккау,
ӕлвынгӕ кӕй фӕкӕнынц, уыцы фысау.
Хъыпп-сыпп дӕр не скодта.
8Ӕрцахстой Йӕ
ӕмӕ Йын раст тӕрхон нӕ рахастой.
Айстой Йын Йӕ цард,
Йӕ адӕмы фыдракӕндты тыххӕй
Йӕ амардтой.
О, фӕлӕ адӕмӕй
Йӕ хъысмӕт кӕй ӕндӕвта?
9Куы амарди, уӕд Ӕй
ӕнаккӕгтимӕ, фыдгӕнджытимӕ иу ран
хъуамӕ баныгӕдтаиккой,
кӕд фыдгӕнӕг нӕ уыд,
кӕд Йӕ дзыхӕй мӕнг ныхас дӕр
никуы схауди, уӕддӕр.
10Дунедарӕджы фӕндӕй уыди Йӕ удхар,
Уый Йын схай кодта хъизӕмӕрттӕ.

Тӕригъӕды нывондӕн Ӕй куы ӕрхӕссай,
уӕд фендзӕни Йӕ цоты, бирӕ фӕцӕрдзӕн
ӕмӕ Дунедарӕджы фӕндон сӕххӕст кӕндзӕн.
11Бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзаргӕйӕ,
фендзӕни рухс ӕмӕ сцин кӕндзӕн.
Дунедарӕг Дзы зӕгъы:
«Мӕ тӕрхоны фӕрцы Уый,
Рӕстгӕнӕг, Мӕ цагъар,
бирӕты сраст кӕндзӕн,
сӕккой сын кӕндзӕни сӕ азым.
12Уымӕ гӕсгӕ Йын бирӕтимӕ ратдзынӕн хай,
хъомысджынтимӕ байуардзӕни ӕфтиаг,
уымӕн ӕмӕ Йӕхицӕн равзӕрста мӕлӕт.
Фыдгӕнджыты хыгъдмӕ Йӕ бахастӕуыд,
афтӕмӕй та Йӕхимӕ райста
бирӕты тӕригъӕд,
фыдгӕнджытӕн сси хатыркурӕг».
Copyright information for OssIBT2022