Isaiah 54
Хуыцау ныххатыр кӕндзӕн Йӕ адӕмӕн
1«Сцин кӕн, ӕнӕзӕнӕг,сывӕллон чи никуы ныййардта, уый!
Цинхъӕр кӕн, арӕг сылгоймаджы хъизӕмӕрттӕ
чи нӕ бавзӕрста, уый!
Кӕй ныууагътой, уымӕн фылдӕр цот
уыдзӕни моймӕдзыдӕй».
Афтӕ загъта Дунедарӕг Сионы сахарӕн.
2«Дӕ цатыры бынат фӕпарахатдӕр кӕн,
йе’мбӕрзӕнтӕ йын фӕуӕрӕхдӕр кӕн,
ма бацауӕрд.
Йе’лвасӕн бӕндӕнтӕ йын фӕдаргъдӕр кӕн,
зӕгӕлмихтӕ сӕ бынӕтты ныффидар кӕн.
3Дӕ байзӕддӕгтӕ сбирӕ уыдзысты,
афсӕрдзысты хуссармӕ ӕмӕ цӕгатӕрдӕм,
сӕ дӕлбар бакӕндзысты алы адӕмты,
ӕрцӕрдзысты гӕныстон сахарты».
4Ма тӕрс! Нырӕй фӕстӕмӕ нал хӕсдзынӕ ӕгады ном.
Мацӕмӕйуал ӕфсӕрмы кӕн!
Нал дыл сбаддзӕни фидиссаджы ном.
Де’взонджы худинаг дӕ ферох уыдзӕни,
дӕ идӕдзы бонты фидистӕ
дӕ зӕрдыл дӕр нал ӕрӕфтдзысты.
5Уымӕн ӕмӕ Сфӕлдисӕг — дӕ Сӕрыхицау,
Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
Дӕ Ирвӕзынгӕнӕг у Израилы Стыр Хуыцау,
ӕгас зӕххы Хуыцау — афтӕ Йӕ хонынц.
6Ды уыдтӕ, удхайраг чи фӕвӕййы, ахӕм уагъд усы хуызӕн.
Фӕлӕ дӕм ныр фӕстӕмӕ сиды Дунедарӕг,
дӕ Хуыцау, ӕмӕ зӕгъы:
«Фыццаг уарзоныл чи бахъоды кӕндзӕн?
7Уысмы бӕрц дӕ ныууагътон,
фӕлӕ дӕ бирӕ уарзын
ӕмӕ дӕ ӕрхондзынӕн фӕстӕмӕ.
8Мӕ маст дӕм куы ссыгъди,
уӕд дыл Мӕхи атигъ кодтон,
фӕлӕ дын ныр мыггагмӕ ныббардзынӕн.
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, дӕ Ирвӕзынгӕнӕг.
9Нойы заман доны хъаймӕт куы фӕци, уӕд куыд расомы кодтон,
зӕххыл доны хъаймӕт нал уыдзӕни,
зӕгъгӕ, афтӕ сомы кӕнын ныр дӕр,
нал дӕм смӕсты уыдзынӕн
ӕмӕ дӕм нал бартхъирӕн кӕндзынӕн.
10Хӕхтӕ сӕ бынатӕй фенкъуысдзысты,
уӕлвӕзтӕ нырриздзысты,
фӕлӕ дӕумӕ цы хорз зӕрдӕ дарын,
уымӕн ивӕн нӕй,
цы фарн дын балӕвар кодтон,
уымӕн та — сӕфӕн.
Уый дын зӕгъын Ӕз,
уарзгӕ дӕ Чи кӕны, уыцы Дунедарӕг».
Хуыцауы зӕрдӕбавӕрд Йерусалимӕн
11Уӕ, бецау, тымыгъты амӕттаг чи баци,хъыгӕй йемыдзаг чи у, уыцы сахар!
Ӕз дын дӕ сисы дуртӕ самайдзынӕн
зынаргъ ӕмӕ ӕнӕхӕлгӕ змӕстимӕ,
бындур та сын сӕвӕрдзынӕн сапфирӕй.
12Дӕ систы дӕндаг-рӕгътӕ дын скӕндзынӕн лалӕй,
дӕ кулдуӕрттӕ — изумрудӕй,
дӕ алыварс быру та дын сфӕлынддзынӕн
алы зынаргъ дуртӕй.
13Дӕ байзӕддӕгты дын се’ппӕты дӕр
сахуыр кӕндзӕн Дунедарӕг,
ӕгӕрон уыдзӕн сӕ фарн.
14«Дӕ рӕстад сфидар уыдзӕн;
ӕфхӕрд цы у, уый нӕ базондзынӕ,
ферох дӕ уыдзӕн тас.
15Бабырсинаг-иу дӕм чи уа,
уымӕн Ӕз фӕндаг нал ратдзынӕн,
ӕмӕ-иу йӕхӕдӕг бабын уыдзӕн.
16Хӕцӕнгарз саразынӕн арт чи бандзары,
уыцы куырд дӕр Ме’сконд у.
Афтӕ — уыцы хӕцӕнгарзӕй
адӕмы чи цӕгъды, уый дӕр.
17Дӕ ныхмӕ рацӕуыны охыл
хӕцӕнгарз саразын дӕр никӕмӕнуал бантысдзӕн.
Суанг тӕрхоны мидӕг дӕр дӕ зылынгӕнӕгӕн
дӕхӕдӕг йӕхи базылын кӕндзынӕ.
Ахӕм хъысмӕт саккаг кодтон Ӕз
Мӕ лӕггадгӕнӕг адӕмӕн —
Мӕхӕдӕг дзурдзынӕн сӕ сӕрыл
ӕмӕ сӕ сраст кӕндзынӕн», —
зӕгъы Дунедарӕг.
Copyright information for
OssIBT2022