Isaiah 57
Рӕстаджы хъысмӕт
1«Раст адӕймаг амӕлы,ӕмӕ йыл ничи бахъынцъым кӕны,
Хуыцаумӕ кувӕг цардӕй ахицӕн вӕййы,
ӕмӕ йӕ ничи бамбары, цӕмӕн.
Рӕстуды иуварс айстӕуы фыддзинадӕй,
2ӕмӕ ӕрӕнцайы.
Раст фӕндагыл чи цӕуы,
уыдон сӕ удтӕн ӕнцой ссардзысты.
3Мӕ цуры ӕрлӕуут,
къулбадӕг усы лӕппутӕ,
хӕтаг лӕг ӕмӕ хъахбай сылгоймаджы цот!
4Сымах кӕмӕй хынджылӕг кӕнут?
Ӕвзӕр дзыхӕй кӕмӕ дзурут,
уе’взаг кӕмӕ суагътат?
Сымах стут фыдгӕнджыты цот,
фӕлитойты байзӕддаг.
5Алы пӕлӕхсар бӕласы бын
ӕнӕуаг митӕ кӕнут уӕ мӕнгхуыцӕуттимӕ,
ноджы ма къӕдзӕхты бын комы нарджыты,
тӕрфыты, кусарт кӕнут уӕ сабиты.
6Къададӕтты дойнаг дуртӕ —
уӕ хай, уӕ амонд.
Уыдонӕн ӕрбахӕссут сӕн,
лӕвар сын кӕнут хойраджы хуынтӕ.
Ӕмӕ Ӕз уыдӕттӕй
райгонд куыд хъуамӕ уон?
7Уӕ Израил! Бӕрзонд хохыл сарӕзтай де’нӕуаг кувӕн бынат
ӕмӕ йыл хӕссыс нывӕндтӕ.
8Дӕ хӕдзары миддуар
ӕмӕ дӕ тарвӕзты цур
ӕрӕвӕрдтай дӕ табуйаг нысӕнттӕ.
Мӕныл дӕхи атигъ кодтай
ӕмӕ араст вӕййыс дӕ кувӕн бынатмӕ,
ноджы йӕ фӕпарахатдӕр кодтай.
Бафидыдтай, ӕнӕуаг митӕ кӕнын
кӕимӕ уарзыс, уыдонимӕ
ӕмӕ сын сӕ кувӕн бынӕттыл фӕлгӕсыс.
9Мӕнгхуыцау Молохӕн
снывонд кодтай сӕрдӕн сой,
сарӕзтай йын бирӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ.
Мӕрдтыбӕсты онг абалц кӕнын кодтай дӕ минӕвӕртты.
10Бирӕтӕ федтай ӕмӕ-иу бастадтӕ,
фӕлӕ никуы загътай,
мӕ ныфс асасти, зӕгъгӕ.
Бирӕ ма дын ӕнтыст
ӕмӕ дӕ хъару нӕ сӕфти.
11Афтӕ тынг кӕмӕй фӕтарстӕ, ӕмӕ Мӕныл дӕ зӕрдӕ сивай,
хъуыды дӕр Мӕ мауал кӕнай?
Дзӕвгар рӕстӕг дын
Мӕхи кӕй нал раргом кодтон,
ӕдзӕмӕй кӕй фӕлӕууыдтӕн,
уый тыххӕй Мӕ нал тӕрсыс?
12Гъемӕ дын Ӕз раргом кӕндзынӕн,
дӕ митӕ куыд раст сты, уый.
Ӕмӕ уӕд бӕрӕг уыдзӕни,
цы пайда дын ӕрхӕссой, уый.
13Дзыназын куы байдайай,
уӕд дӕм бакӕсдзыстӕм,
кӕддӕра дӕ куыд фервӕзын кӕндзысты
дӕ бирӕ гуымирытӕ.
Се’ппӕты дӕр дымгӕмӕ ныддардзысты,
Йӕ зӕрдӕ Мӕныл чи дары,
уыдоны хай бауыдзӕни зӕхх,
Мӕ уаз хох бауыдзӕни сӕ исбон».
Хуыцау ӕфхӕрд адӕмыл ауды
14Дунедарӕг зӕгъы:«Мӕ адӕмӕн айгӕрдут фӕндаг!
Айгӕрдут ӕмӕ йӕ слӕгъз кӕнут,
иунӕг цӕлхдур дӕр ыл ма ныууадзут!»
15Афтӕ зӕгъы Бӕрзонд, Кадджын,
Мыггагмӕцӕрӕг, Уаз Чи хуыйны, Уый:
«Ӕз цӕрын уаз бӕрзӕндты,
фӕлӕ ма ноджы — састзӕрдӕтимӕ
ӕмӕ сӕрныллӕгтимӕ.
Састзӕрдӕтӕн раттын ныфс,
сӕрныллӕгтӕн сӕ зӕрдӕтӕ райгас кӕнын.
16Мыггагмӕ сӕ азымджын нӕ кӕндзынӕн,
мӕсты нӕ кӕндзынӕн ӕдзухдӕр,
науӕд адӕм, Ме сконд адӕм,
бынтондӕр рафтдзысты Мӕ разы.
17Зыд ӕмӕ кӕрӕф кӕй уыдысты,
уый тыххӕй сыл Мӕ маст калдтон,
цагътон сӕ ӕмӕ сӕ фыр мӕстӕй
Мӕхи ӕмбӕхстон,
фӕлӕ уӕддӕр кодтой,
сӕхи цы фӕндыди, уый.
18Цытӕ кодтой, уый Ӕз дзӕбӕх уыдтон.
Фӕлӕ сӕ ныр сӕ къахыл слӕууын кӕндзынӕн
ӕмӕ сӕ раст фӕндагыл сараздзынӕн.
Цы мӕстытӕ бавзӕрстой,
уыдоны фӕстӕ сӕ барӕвдаудзынӕн,
ныфс сӕ бауадздзынӕн.
19Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн,
ӕмӕ Мӕ дзыхы ныхасӕй дӕр стаудзысты.
Ратдзынӕн сын амонд ӕмӕ фарн —
дард чи у, уыдонӕн дӕр,
ӕмӕ, хӕстӕг чи у, уыдонӕн дӕр.
Се’ппӕты дӕр сӕ къахыл слӕууын кӕндзынӕн», —
афтӕ зӕгъын Ӕз — Дунедарӕг.
20Ныр ӕнаккӕгтӕ та сты, ӕнӕнцой денджызы хуылфӕй сурмӕ
лами ӕмӕ алы цъыф чи раппары,
уыцы знӕт уылӕнтау.
21«Ӕнаккӕгтӕ ӕнцой нӕ фендзысты», —
афтӕ зӕгъы мӕ Хуыцау.
Copyright information for
OssIBT2022