‏ Isaiah 58

1Дунедарӕг загъта:
«Хъӕр кӕн дӕ тых, дӕ бонӕй,
сыкъауадындзау азӕлӕд дӕ хъӕлӕс!
Мӕ адӕмӕн, Йаковы байзӕддӕгтӕн,
бауайдзӕф кӕн сӕ фыдракӕндтӕ
ӕмӕ сӕ тӕригъӕдты тыххӕй!
2Уыдон Мӕ алы бон дӕр фӕрсынц,
цы фӕндӕгтӕм сӕ хонын, уыдонӕй.
Цыма рӕстгӕнджытӕ сты ӕмӕ Мын
Мӕ уагӕвӕрдтыл фидар хӕцынц,
уыйау Мӕ домынц,
цӕмӕй тӕрхон кӕнон сӕ сӕраппонд,
цӕмӕй лӕууон сӕ фарсмӕ.
3Хъаст кӕнынц, Дӕ сӕраппонд, дам,
ком куы дарӕм,
ӕмӕ нӕм Ды кӕсгӕ дӕр куы нӕ кӕныс,
сӕрныллӕг нӕхи куы кӕнӕм,
ӕмӕ нӕ Ды хъуыды дӕр куы нӕ кӕныс, зӕгъгӕ.
Фӕлӕ сымах, ком даргӕйӕ,
ӕрмӕст уӕхи фӕнд тӕрут,
уе’ххуырстыты иууылдӕр тухӕнӕй марут.
4О, ком даргӕйӕ,
хыл ӕмӕ хъаугъа самайут
ӕмӕ тымбыл къухӕй нӕмут уе’ххуырстыты.
Ӕмӕ уын афтӕмӕй куыд хъуамӕ фехъусон
уӕ ком дарыны куывдтытӕ?
5Ау, ӕмӕ Ӕз цы комдарӕн равзӕрстон, уый ахӕм у,
адӕймаг йӕхи сӕрныллӕг куы фӕкӕны, уӕд?
Хъамылау сӕркъулӕй цӕуын,
сӕхъисыл кӕнӕ фӕнычы хуыссын —
гъе уый хонут комдарӕн,
Дунедарӕгӕн ӕхцон чи у, ахӕм бон?

6Мӕнӕ уын, Ӕз цы комдарӕн равзӕрстон, уый:
уацайрӕгтӕн сӕ хъадамантӕ ныссӕтт,
се’фсондз сын сис сӕ бӕрзӕйӕ,
ӕфхӕрд адӕмӕн ратт сӕрибар
ӕмӕ макӕйуал бассӕнд.
7Дӕ къӕбӕр адих кӕн стонгимӕ,
рахау-бахаугӕнӕг мӕгуыры дӕ хӕдзармӕ бахон,
гомгӕрцц адӕймагыл уӕлӕдарӕс скӕн.
Дӕ адӕмӕй ӕххуысхъуаг чи у,
уымӕй дӕхи ма аиуварс кӕн.
8Гъеуӕд уӕ фарн сӕрттивдзӕн сӕууон хурау,
ӕмӕ байгас уыдзысты уӕ хъӕдгӕмттӕ.
Уӕ хорз хъуыддӕгтӕ цӕудзысты уӕ разӕй,
ӕмӕ уыл Ме стыр арфӕ’рцӕудзӕн.
9Уӕд-иу Мӕм скувут,
ӕмӕ уын уӕ куывд айсдзынӕн.
Ӕххуысагур Мӕм куы сдзыназат,
уӕд уын дзуапп ратдзынӕн,
Ӕз мӕнӕ дӕн, зӕгъгӕ.
Хынджылӕггаг куы никӕйуал кӕнат,
хахуыртӕ куынӕуал хӕссат,
10ӕххормагӕн уӕ уд дӕр
куынӕ бавгъау кӕнат
ӕмӕ ӕфхӕрд адӕймаджы куы барӕвдауат,
уӕд уӕ талынг ныррухс уыдзӕни,
ӕмӕ бонрӕфты хурау
тӕмӕнтӕ калдзӕни уӕ рухс.
11Уӕдӕй фӕстӕмӕ Ӕз, Дунедарӕг,
ӕдзухдӕр цӕудзынӕн уӕ разӕй.
Сыгъд быдыры-иу уӕ бафсаддзынӕн,
дӕтдзынӕн уын хъару.
Ӕмӕ уӕд суыдзыстут донӕфсӕст дыргъдон
ӕмӕ ӕнӕбайсысгӕ суадонау.
12Уӕд ногӕй сараздзыстут,
раджы пырхон чи ӕрцыд,
уыцы бӕстыхӕйттӕ,
рагон бындуртыл сараздзыстут
ног агъуыстытӕ,
ӕмӕ уӕ ӕппӕлдзысты, адон,
сахары быруйы гӕмттӕ чи бампъызта
ӕмӕ адӕмы сӕраппонд хӕлӕттаг бынӕттӕ
ногӕй чи рацарӕзта, уыдон сты, зӕгъгӕ».

Уаз сабат нымайыны тыххӕй

13Дунедарӕг зӕгъы:
«Сабат Мӕ уаз бон кӕй у,
уый уӕ макуы ферох уӕд, ӕмӕ йӕ нымайут.
Нымайут ӕй цытджын бӕрӕгбоныл
ӕмӕ уӕхиуыл хӕцут, сабатбон
мацы хъуыддаг кӕнут.
Кад ын скӕндзыстут уымӕй дӕр,
стӕй, уыцы бон уӕ алы зӕрдиаг фӕндтӕ
куы аиргъӕват, ноджы ма
ӕдзӕлгъӕд ныхӕстӕ дӕр куынӕ кӕнат, уӕд.
14Ӕмӕ уӕд Мӕхӕдӕг суыдзынӕн
уӕ цины суадон.
Сисдзынӕн уӕ алы бӕрзӕндтӕм
ӕмӕ уын саккаг кӕндзынӕн,
кӕддӕр уӕ фыдӕл Йаковӕн
цы исбон балӕвар кодтон, уый».

Афтӕ загъта Дунедарӕг.
Copyright information for OssIBT2022