‏ Isaiah 59

Пехуымпары уайдзӕф йӕ адӕмӕн

1Дунедарӕджы къух нӕ фӕцыбыр —
ис Ӕм сымах фервӕзын кӕныны хъомыс.
Уӕдӕ уӕзхъус дӕр нӕ нӕу —
ӕххуысагур Ӕм куы скувиккат,
уӕд уӕ ӕнӕмӕнг фехъусид.
2О, фӕлӕ уӕ фыдракӕндтӕ
ӕмдзӕхгӕр быруйау уырдыг слӕууыдысты
сымах ӕмӕ уӕ Хуыцауы’хсӕн.
Йе’ргом уӕ аздӕхта уӕ тӕригъӕдты тыххӕй
ӕмӕ уӕ нал хъусы!
3Уымӕн ӕмӕ уӕ къухтӕ — тугӕйдзаг,
уӕ былалгъыл ӕдзух — фӕлывд,
фӕлитой ныхӕстӕ.

4Рӕстдзинады сӕрыл чи сдзура,
йӕ фарс чи рахӕца,
иу ахӕм сӕм нӕ разынд.
Сӕ зӕрдӕ дарынц сӕ ницӕйаг,
сӕ мӕнг ныхӕстыл.
Сӕхи хъарынц фыдбылызтӕ, бӕллӕхтӕ аразыныл.
5Сӕ къухы цӕфтӕ — гуыппытӕ
маргджын кӕлмыты ӕйчытау мӕлӕтдзаг сты:
уыдонӕй чи сахода, уый амӕлдзӕн,
чи сӕ асӕтта, уыдонмӕ та сӕ хуылфӕй
рабырдзысты маргджын кӕлмытӕ.
Цыма хӕлуарӕджы тынтӕ уафынц,
уыйау сты сӕ митӕ,
6фӕлӕ уыцы тынтӕй
нӕдӕр уӕлӕдарӕс скӕнӕн ис,
нӕдӕр ӕмбӕрзӕн бауафӕн.
Уыдон сты фыдгӕнӕг адӕм, тыхгӕнджытӕ.
7Дугъы фӕцӕйуайынц фыдбылыз аразынмӕ,
ӕназым туг ныккалынмӕ.
Сӕ сагъӕстӕ, сӕ фӕндтӕ сты ӕнаккаг —
бастигъын, ныппырх кӕнын.
8Фидыды фӕндаг нӕ зонынц,
раст хъуыддӕгтӕ нӕ аразынц.
Цӕуынц галиу фӕндӕгтыл ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ
фарн не ссардзысты сӕхӕдӕг дӕр.

9Раст хъуыддӕгтӕ кӕй нӕ кӕнӕм,
уымӕ гӕсгӕ нӕ сӕрыл нӕ хӕцы Хуыцау дӕр.
Рухсмӕ бӕлгӕйӕ,
саудалынджы, уырзӕй сгаргӕйӕ, хилӕм.
10Куырмытау быруйы ӕнцӕйтты цӕуӕм.
Рухс бонрӕфты фӕцӕйкӕлӕм,
талынджы цӕуӕгау.
Нӕ цардӕн йӕ тӕккӕ тӕмӕны
мардау стӕм.
11Иууылдӕр ниуӕм ӕрсытау,
хъуыр-хъуыр кӕнӕм бӕлӕттау.
Ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм Дунедарӕджы тӕрхонмӕ,
нӕ хъизӕмӕрттӕй нӕ
кӕд фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ,
фӕлӕ нӕм ӕмгӕрон нал цӕуы.
12Нӕ фыдракӕндтӕ сбирӕ сты Дӕ разы,
комдзог ныл цӕуынц нӕ тӕригъӕдтӕ;
уӕз ныл кӕнынц нӕ фыдракӕндтӕ,
зонӕм нӕ азым:
13Дунедарӕгыл нӕ зӕрдӕ сивтам,
мӕнг ныхӕстӕ дзырдтам,
нӕ Хуыцауы фӕдыл цӕуын нӕ разы кодтам;
гадзрахатмӕ, ӕгъатыр митӕм сидтыстӕм,
мысыдыстӕм, хъусын кодтам мӕнгдзинад.
14Раст тӕрхонӕн нӕм
йӕ кой дӕр нал ис,
нӕ рӕстад фесӕфтам,
фӕзы фӕкалди рӕстдзинад;
ӕууӕнк цы у, уый нал зонӕм.
15Рӕстдзинад нал ис,
фыдракӕндӕй йӕхи чи хизы,
уый та искӕй амӕттаг свӕййы.

Дунедарӕг федта, раст тӕрхон кӕй нал ис, уый,
ӕмӕ Йын ӕхсызгон нӕ уыди.
16Стыр дисы бафтыд,
сӕрылхӕцӕг кӕй нӕ разынд, ууыл.
Ӕмӕ Йын уӕд Йӕхи къух ӕрхаста уӕлахиз,
Йӕ раст тӕрхон Ын баххуыс кодта.
17Йӕ раст тӕрхон у згъӕрхӕдонау,
Йӕ ирвӕзын кӕныны хъомыс та — такайау.
Фыдгӕнджыты бафхӕрынӕн цы тӕрхон рахаста,
уым Йӕхи ӕрбатыхта пӕлӕзау.
18Ӕмӕ Йӕ тӕрхоны амӕттаг бакӕндзӕн,
Йӕ ныхмӕ чи рацыди, уыдоны,
Йӕ маст райсдзӕн Йе знӕгтӕй,
денджызгӕрон сахарты цӕрджыты
бафхӕрдзӕни се’наккаг хъуыддӕгты тыххӕй.
19Уӕд ныгуылӕн ӕмӕ скӕсӕны адӕмтыл
тас бафтаудзысты Дунедарӕджы ном,
Йӕ кады хабӕрттӕ.
Тыхгӕнджытӕ цӕугӕдонау куы’рбагуылф кӕной,
уӕд сӕ Дунедарӕг
ныффалгӕрон кӕндзӕн уадау.
20«О, ӕрцӕудзӕн Ирвӕзынгӕнӕг Сионмӕ,
Йаковы байзӕддӕгтӕм,
йӕ фыдракӕндтӕ чи ныууагъта,
уыдонмӕ», — зӕгъы Дунедарӕг.

21«Мӕнӕ Мӕ фидыды нысан семӕ.
Ӕз дӕ схайджын кодтон Мӕ Удӕй,
Дӕ дзыхы дын бавӕрдтон Мӕ ныхӕстӕ,
ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ ныр мыггагмӕ уыдзысты
дӕхи, дӕ байзӕддӕгты ӕмӕ сӕ фӕстагӕтты былалгъыл», — зӕгъы Дунедарӕг.
Copyright information for OssIBT2022