Isaiah 6
Дунедарӕджы басидт Исайамӕ
1Паддзах Озиайы амӕлӕты аз ӕз федтон Бардарӕджы. Уый бадти паддзахы бӕрзонд бадӕны ӕмӕ Йӕ пӕлӕзы фӕччитӕй Кувӕндон нал зынди. 2Йӕ алыварс лӕууыдысты артуадзгӕ удгоймӕгтӕ — серафимтӕ, ӕхсӕзгай базыртӕ сын, ӕмӕ дзы алчидӕр йӕ дыууӕ базырӕй ӕмбӕрзта йӕ цӕсгом, йе’ннӕ дыууӕ базырӕй — йӕ къӕхтӕ, аннӕ дыууӕ базырӕй та тӕхгӕ кодта. 3Кӕрӕдзимӕ хъӕр кодтой: «Уӕларвӕфсады Бардарӕг уаз у!Ӕгас зӕхх — йемыдзаг Йӕ кадӕй!»
4Сӕ хъӕрмӕ нынкъуыстысты Кувӕндоны къӕсӕртӕ, фӕздӕгӕй байдзаг ис агъуыст. 5Ӕмӕ ӕз загътон:«Додойаг фӕдӕн!
Ме сӕфт ӕрцыди!
Уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн,
йе’взаг кӕмӕн фӕчъизи,
ахӕм адӕймаг,
стӕй цӕргӕ дӕр кӕнын,
се’взаг кӕмӕн фӕчъизи,
ахӕм адӕмы’хсӕн,
ӕмӕ афтӕмӕй ӕз уынын Паддзахы,
Уӕларвӕфсады Бардарӕджы!»
6Уӕд мӕм серафимтӕй иу ӕрбатахти зынджы къӕрттимӕ — нывондхӕссӕны цӕхӕрӕй йӕ ӕртыскӕнӕй фелвӕста. 7Уыцы зынгӕй мын бандзӕвыд мӕ былтыл ӕмӕ загъта:«Ацы зынг дӕ былтыл андзӕвыд,
ӕмӕ фервӕзтӕ дӕ азымӕй,
барст дын ӕрцыди дӕ тӕригъӕд».
8Уый фӕстӕ ӕз фехъуыстон Дунедарӕджы хъӕлӕс: «Кӕй арвитон? Чи Нын суыдзӕни минӕвар?» Ӕмӕ ӕз дзуапп радтон: «Мӕнӕ дӕн, мӕн арвит!» 9Уӕд Уый загъта:«Ацу ӕмӕ уыцы адӕмӕн афтӕ зӕгъ:
„Хъусут ӕмӕ хъусут, фӕлӕ ма бамбарут!
Кӕсут ӕмӕ кӕсут, фӕлӕ ма фенут!“
10Уыцы адӕмӕн сӕ зонд баталынг кӕн,
бакъуырма, бакуырм сӕ кӕн,
цӕмӕй цӕстӕй мауал уыной,
хъусӕй ма фехъусой
ӕмӕ зондӕй ма бамбарой,
цӕмӕй сӕ галиу фӕндаг ма ныууадзой
ӕмӕ ма сдзӕбӕх уой».
11Ӕз бафарстон: «Кӕдмӕ уыдзӕнис афтӕ?»
Дунедарӕг мын дзуапп радта:
«Цалынмӕ сахартӕ федзӕрӕг уой,
хӕдзӕрттӕ дзӕгъӕлӕй баззайой
ӕмӕ зӕхх ныггӕныстон уа, уӕдмӕ.
12Дунедарӕг адӕмы фӕсурдзӕн,
ӕмӕ ацы зӕхх ныззаууат уыдзӕн бынтондӕр.
13Адӕмӕн ма йыл
сӕ дӕсӕймаг хай куы баззайа,
уӕд дӕр та ногӕй гӕныстонмӕ ӕрцӕудзӕни.
Фӕлӕ теревинф ӕмӕ тулдз бӕласӕй,
куы сӕ акалынц, уӕд бындзӕфхад куыд баззайы,
афтӕ уыдонӕй дӕр баззайдзӕни уаз мыггаг».
Copyright information for
OssIBT2022