Isaiah 60
Йерусалимы сахарӕн йӕ фидӕны кад
1Дунедарӕг зӕгъы:«Сыст, сӕрттив, Йерусалим, —
ссыгъди дӕ рухс,
дӕ сӕрмӕ тӕмӕнтӕ калы
Дунедарӕджы кад!
2Ӕппӕт дуне нытталынг уыдзӕн.
Сау мылазон тары бын фӕуыдзысты алы адӕмтӕ.
Ӕрмӕст дӕ сӕрмӕ рухс тӕмӕн
скалдзӕни Дунедарӕджы кад.
3Адӕмтӕ ӕрӕмбырд уыдзысты дӕ рухсмӕ,
сӕ паддзӕхты ӕрфӕнддзӕн
дӕ тӕмӕнкалгӕ рухс фенын.
4Афӕлгӕс-ма алырдӕм!
Адӕмтӕ се’ппӕт дӕр ӕмбырдтӕ кӕнынц,
ӕрбацӕуынц дӕм.
Дӕ фырттӕ дӕм ӕрбацӕуынц дардӕй,
сӕ хъӕбысы ӕрбахӕссынц дӕ чызджыты.
5Куы сӕ фенай,
уӕд дӕ цӕсгом барухс уыдзӕн.
Фыр цинӕй дӕ зӕрдӕ нырриздзӕни,
арвыл абаддзӕн.
Адӕмты хъӕздыг фӕллӕйттӕ
дӕ къухы бафтдзысты,
денджызы сӕрты дӕм ӕрбахӕццӕ уыдзысты.
6Теуаты чырӕты бын фӕуыдзынӕ.
Ӕрбатӕрдзысты дын сӕ
Мидиан ӕмӕ Ефӕйы бӕстӕтӕй.
Савайы бӕстӕй дын ӕрбаласдзысты
сыгъзӕрин ӕмӕ буд
ӕмӕ кад кӕндзысты Дунедарӕгӕн.
7Ӕрбатӕрдзысты дӕм Кедары бӕстӕй
лыстӕг фос,
дӕу уыдзысты Невайоты фырытӕ.
Мӕ зӕрдӕмӕ сӕ чи фӕцӕуа,
уыдоны Мын ӕвӕрдзыстут
Мӕ нывондхӕссӕныл, ӕмӕ Ӕз
Мӕ Кувӕндон скадджын кӕндзынӕн.
8Уый цы’рбатӕхы ӕврӕгътау,
сӕ бынӕттӕм здӕхӕг бӕлӕттау?
9Уый денджызы сакъадӕхты цӕрджытӕн
Ӕз сдӕн сӕ зӕрдӕдарӕн, се’нхъӕлцау,
ӕмӕ дын Таршишы наутӕ
дардӕй ӕрбаласынц дӕ фыртты.
Ноджы ма ӕрбаласынц ӕвзист, сыгъзӕрин,
цӕмӕй Йӕ ном ссарой Дунедарӕгӕн —
дӕ Хуыцауӕн, Израилы Стыр Хуыцауӕн,
уымӕн ӕмӕ дӕ Уый скадджын кодта.
10Ӕндӕрбӕстӕгтӕ дын ног
самайдзысты дӕ систӕ,
сӕ паддзӕхтӕ дын кӕндзысты лӕггад.
Куы-иу Мӕ смӕсты кодтай,
уӕд дӕ кодтон Мӕ фыдӕхы амӕттаг,
фӕлӕ дын ныр ныххатыр кӕндзынӕн,
фӕфӕлмӕн дӕм уыдзынӕн.
11Нырӕй фӕстӕмӕ
дӕ кулдуӕрттӕ никуыуал рахгӕндзынӕ,
ӕхсӕв дӕр ӕмӕ бон дӕр уыдзысты гом,
цӕмӕй дӕм ӕнӕсцухӕй ласой
адӕмты хъӕздыг фӕллӕйттӕ,
уыдоны разӕй та дӕм цӕуой сӕ паддзӕхтӕ.
12Дӕуӕн лӕггад кӕнын цы адӕмты
ӕмӕ цы паддзахӕдты нӕ бафӕнда,
уыдон быныскъуыд фӕуыдзысты.
13Ливанӕй дын ӕрбаласдзысты
диссаджы хорз хъӕдӕрмӕг:
кипарис, тӕгӕр ӕмӕ кедр,
цӕмӕй Мын рӕсугъд сфӕлындой
Мӕ Кувӕндон — Мӕ къахӕвӕрӕн.
14Ӕфхӕргӕ дӕ чи кодта
ӕмӕ дӕ чи ницӕмӕ дардта,
уыдоны фырттӕ дӕм ӕрбацӕудзысты
ӕмӕ дӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхаудзысты.
Схондзысты дӕ Дунедарӕджы,
Израилы Стыр Хуыцауы сахар — Сион.
15Нырӕй фӕстӕмӕ нал уыдзынӕ,
дзӕгъӕлӕй чи баззад
ӕмӕ фыдгулы цӕстӕй кӕмӕ кастысты,
йӕ иувӕрсты кӕмӕн цыдысты, ахӕм сахар.
Ӕз дӕ скадджын кӕндзынӕн мыггагмӕ,
цин дыл кӕндзысты фидӕны фӕлтӕртӕ.
16Адӕмтӕ ӕмӕ дыл паддзӕхтӕ ауддзысты,
мад йӕ дзидзидай сабийы
йӕ риуы’хсырӕй куыд фӕхӕссы, уыйау.
Ӕмӕ уӕд базондзынӕ,
Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн,
дӕ Ирвӕзынгӕнӕг ӕмӕ дӕ Сӕрибаргӕнӕг,
Йаковы хъомысджын Хуыцау.
17Ӕрхуыйы бӕсты дӕ
ифтонг кӕндзынӕн сыгъзӕринӕй,
ӕфсӕйнаджы бӕсты — ӕвзистӕй,
хъӕдӕрмӕджы бӕсты — ӕрхуыйӕ,
дурты бӕсты та — ӕфсӕйнагӕй,
дӕ хицау суыдзӕни рӕстад.
18Дӕ зӕхх никуыуал бавзардзӕн тыхми,
гӕныстон ӕмӕ заууатмӕ
никуыуал ӕрцӕудзӕн.
Дӕ систӕ дын суыдзысты ирвӕзынгӕнӕг,
дӕ кулдуӕрттӕ та — кад хӕссӕг.
19Хур ӕмӕ мӕй нал уыдзысты
дӕ рухсгӕнджытӕ,
фӕлӕ дын Дунедарӕг Хуыцау уыдзӕни
мыггагмӕйы рухс ӕмӕ кад.
20Дӕ рухс никуыуал ахуысдзӕн,
хур ӕмӕ мӕйы аныгуылды фӕстӕ
куыд вӕййы, уыйау,
уымӕн ӕмӕ дын Дунедарӕг уыдзӕни
мыггагмӕйы рухс,
ӕмӕ дӕ саударӕн бонтӕн ӕрцӕудзӕн кӕрон.
21Дӕ адӕм уыдзысты рӕстгӕнджытӕ, ӕмӕ,
цы зӕхх сфӕлдыстон,
дыргъдонау кӕй сарӕзтон,
уый мыггагмӕ уыдзӕни сӕ исбон.
Ӕмӕ Мӕ кады ном айхъуысдзӕн адӕмтыл.
22Чысыл къордӕй
рантысын кӕндзынӕн минтӕ,
цауд адӕмы скӕндзынӕн хъомысджын.
Афон куы’рцӕуа, уӕд Ӕз, Дунедарӕг,
уыцы хъуыддаг сараздзынӕн уадидӕгӕн».
Copyright information for
OssIBT2022