‏ Isaiah 61

Пехуымпар хъусын кӕны фарны уац

1Мӕныл ис Дунедарӕг Хуыцауы Уд,
уымӕн ӕмӕ Мӕ Хуыцау байсӕрста
мӕгуыртӕн фарны уац фехъусын кӕнынмӕ,
састзӕрдӕты сдзӕбӕх кӕнынмӕ,
уацайрӕгтӕ ӕмӕ ахӕстытӕн,
се ссӕрибары рӕстӕг кӕй ралӕууыд,
уый зӕгъынмӕ.
2Рарвыста мӕ, Дунедарӕгӕн Йӕ хорзӕхы аз
кӕй ралӕууыд ӕмӕ Йӕ адӕмы маст фыдгултӕй
кӕй райсдзӕн, уый фехъусын кӕнынмӕ.

Рарвыста мӕ хъынцъымгӕнджыты зӕрдӕ фӕфидар кӕнынмӕ,
3Сионы сахары хъынцъымгӕнджытӕн
сӕ зӕрдӕ барухс кӕнынмӕ.
Нырӕй фӕстӕмӕ-иу фӕнычы бӕсты
сӕ сӕртыл кады худтӕ’ркӕндзысты,
цӕссыджы бӕсты-иу цины сойӕ
байсӕрддзысты сӕхи,
сӕхъисы бӕсты-иу кады пӕлӕз скӕндзысты.
Адӕмтӕ фендзысты,
сӕ хъомыс Хуыцауӕй кӕй у, уый
ӕмӕ сӕ бардзысты,
Дунедарӕг Едемы дыргъдоны кӕй ныссагъта,
уыцы бӕлӕстимӕ.
Ӕмӕ Дунедарӕгӕн Йӕ кады ном
айхъуысдзӕни дунейыл.

4О, сымах ногӕй рацараздзыстут,
незамантӕй нырмӕ
хӕлддзӕгты бын чи баззад, уыцы сахартӕ.

5Ӕрбацӕудзысты уӕм ӕндӕрбӕстӕгтӕ
ӕмӕ уын хиздзысты уӕ фосы дзугтӕ,
кусдзысты уын уӕ хуымты
ӕмӕ уын зилдзысты уӕ сӕндӕттӕм.
6Уӕхӕдӕг та суыдзыстут
Дунедарӕджы нымад сауджынтӕ,
нӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ.
Адӕмты хъӕздыгдзинӕдтӕ уыдзысты уӕхи,
иууылдӕр уыдзысты сымах.
7Уӕ фыдгултӕй ӕгад ми ӕмӕ фидисӕй
цас бавзӕрстат, уымӕй дыууӕ ахӕмы
фылдӕрӕй райсдзыстут хӕрзтӕ.
Цинӕй райдзыстут уӕ зӕххыл,
мыггагмӕ цӕрдзыстут зӕрдӕрухсӕй.

8Дунедарӕг зӕгъы:
«Ӕз уарзын рӕстдзинад,
ӕнӕуынон Мын сты
тыхгӕнджытӕ, стигъджытӕ.
Мӕ адӕмыл уыдзынӕн иузӕрдион
ӕмӕ сӕ ӕнӕмӕнг схорзӕхджын кӕндзынӕн.
Семӕ сараздзынӕн мыггагмӕйы фидыд.
9Ӕмӕ сӕ цотӕн алы адӕмтыл
айхъуысдзӕни сӕ хорзы кой,
сӕ байзӕддӕгтӕ скадджын уыдзысты
алы знӕмты астӕу.
Чи-иу сӕ фена, уыдон ӕмбардзысты,
Дунедарӕг арфӕ кӕмӕн ракодта,
ахӕм адӕм кӕй сты, уый».

Адӕмы арфӕйы зарӕг

10Цинӕй райӕм,
цин кӕнӕм Дунедарӕгыл, нӕ Хуыцауыл.
Ирвӕзындзинадӕй нӕ дарӕсау сфӕлыста,
рӕстдзинадӕй нӕ’рбатыхта пӕлӕзау.
Афтӕ усгурыл дӕр кады худ ӕркӕнынц,
йӕ усагыл — чындзы фӕлыст.

11Зӕххыл зайӕгойтӕ билцъ куыд суадзынц
ӕмӕ куыд байрӕзынц,
уыйау Дунедарӕг ӕппӕт адӕмтӕн
равдисдзӕн Йӕ рӕстдзинад ӕмӕ Йӕ кад.
Copyright information for OssIBT2022