‏ Isaiah 62

1Сионы сӕраппонд ӕз хъусӕй нӕ лӕудзынӕн,
Йерусалимы сӕрвӕлтау нӕ басабыр уыдзынӕн,
цалынмӕ сӕуӕхсидау нӕ сӕрттива йӕ рӕстад,
судзгӕ цырагъау — йӕ ирвӕзындзинад.

2Ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фендзысты,
Дунедарӕг дын Йӕ раст тӕрхоны фӕрцы
цы хӕрзты бацыд, уый.
Ӕппӕт паддзӕхтӕ дӕр дын
фендзысты дӕ кад.
Дунедарӕг дын ратдзӕни ног ном
ӕмӕ дӕм уыцы номӕй
дзурдзысты иууылдӕр.
3Дунедарӕг Хуыцауы къухы уыдзынӕ
паддзахы худы хуызӕн.
4Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ нал нымайдзысты
дзӕгъӕл сахарыл,
дӕ зӕхх дӕр дын нал схондзысты
«ӕдзӕрӕг быдыр».
Уый нӕ, фӕлӕ дын дӕхи хондзысты
«Хуыцауы уарзон»,
дӕ зӕхх та — «моймӕдзыд»!
Уымӕн ӕмӕ
Дунедарӕджы зӕрдӕмӕ фӕцӕудзынӕ,
ӕмӕ Йын дӕ зӕхх суыдзӕни бинойнагау.
5Лӕппу чызгимӕ куыд баиу вӕййы,
афтӕ баиу уыдзӕни демӕ дӕ Саразӕг,
усгур йӕ усагыл куыд бацин кӕны,
афтӕ дыл бацин кӕндзӕни дӕ Хуыцау.
6«Йерусалим, дӕ систы сӕрыл дын
сӕвӕрдтон хъахъхъӕнджытӕ
ӕмӕ загътон,
цӕмӕй сӕ хъӕлӕс хъуыса
ӕхсӕв дӕр ӕмӕ бон дӕр».

Йерусалимы сахары макуы ӕрмынӕг уӕд,
Дунедарӕджы чи нымайы,
уыдоны хъӕлӕс!
7Ма ныхъхъус ут, кувут Дунедарӕгмӕ,
цалынмӕ Йерусалимы сахар
ногӕй сараза,
цалынмӕ, йӕ кады ном
дунейыл кӕмӕн айхъуыса,
ахӕм сахар дзы сараза, уӕдмӕ!

8Дунедарӕг ард бахордта Йе стыр хъомысӕй:
«Дӕ хойраг дын нал ратдзынӕн
дӕ фыдгултӕн, цы сӕныл бафыдӕбон кодтай,
уый дын нал нуаздзысты ӕцӕгӕлӕттӕ.
9Тыллӕг чи бафснайы,
хӕргӕ дӕр дзы уыдон кӕндзысты
ӕмӕ Дунедарӕджы стаудзысты.
Сӕн дӕр, сӕнӕфсир чи тоны,
уыдон Мӕ Кувӕндоны кӕртыты нуаздзысты».

10Йерусалимы цӕрджытӕ, цӕугӕут,
ахизут уӕ сахары кулдуарыл
ӕрцӕттӕ кӕнут адӕмӕн фӕндаг,
слӕгъз ӕй кӕнут,
йӕ дуртӕй йӕ ссыгъдӕг кӕнут,
адӕмтӕн уӕ тырыса сисут нысанӕн!

11Дунедарӕг фехъусын кодта ӕгас дунейӕн:
«Фехъусын кӕнут Сионы сахарӕн,
дӕ ирвӕзыны сахат ӕрбаввахс ис, зӕгъгӕ!
Дунедарӕг ӕрбацӕуы
ӕмӕ схорзӕхджын кӕндзӕн Йӕ адӕмы».

12Уыцы адӕмы схондзысты,
Дунедарӕг кӕй фервӕзын кодта,
уыцы уаз адӕм.
Дӕу та схондзысты,
Дунедарӕг дзӕгъӕл кӕй нӕ ныууагъта,
уыцы бӕллиццаг сахар.
Copyright information for OssIBT2022