‏ Isaiah 63

Муртаттӕгты тӕрхоны бон

1«Уый сырх-сырхид дарӕсы
Чи рацӕуы Едомы сахар Боцрайӕ?
Уый Чи у уыцы хъомысджын,
Чи рацӕуы уыцы барджын къахдзӕфтӕй
Йӕ дарӕсы мидӕг?»

«Уый Ӕз дӕн — рӕстдзинад Дзурӕг ӕмӕ
хъомысджын Ирвӕзынгӕнӕг!»

2«Ӕмӕ Дӕ дарӕс афтӕ сырх цӕмӕн у, раст цыма сӕндуцӕны сӕн лӕмӕрстай,
уый хуызӕн?» —
3«О, Ӕз иунӕгӕй лӕмӕрстон сӕн,
адӕмтӕй Мӕ фарсмӕ ничи ӕрбалӕууыд.
Ӕмӕ Ӕз Мӕ фыр мӕстӕй се’ппӕты дӕр
ссӕстон мӕ къӕхты бын,
лӕмӕрстон сӕ сӕнӕфсиры цупӕлттау.
Сӕ туг Мыл-иу ӕрбакалд
ӕмӕ Мын мӕнӕ самӕста Мӕ дарӕс.
4Ӕрцыди Мӕ адӕмы ссӕрибар кӕныны
ӕмӕ сын сӕ фыдгултӕй
сӕ маст райсыны заман.

5Ӕз кастӕн, ӕмӕ Мын чи баххуыс кодтаид, иу ахӕм нӕ разынд,
дисы дӕр ма бацыдтӕн,
Мӕ фарсмӕ куыд ничи ӕрбалӕууыди, зӕгъгӕ.
Фӕлӕ Мын баххуыс кодта Мӕхи хъомыс,
Мӕ маст Мын радта хъомыс.
6Ӕмӕ уӕд фыр мӕстӕй Мӕ къӕхты бын
ныссӕстон алы адӕмты,
ныффалгӕрон сӕ кодтон
ӕмӕ сын сӕ туг акалдтон зӕххыл».

Адӕм кувынц Хуыцаумӕ

7Мӕ зӕрдыл дарын Дунедарӕджы хӕрзтӕ,
Дунедарӕджы кад.
Уый Израилӕн бацыди бирӕ хӕрзты
ӕмӕ сӕ ныронг дӕр дӕтты рӕдауӕй.

8Афтӕ зӕгъы: «Адон Мӕхи адӕм сты,
сайын чи нӕ зоны, ахӕм сывӕллӕттӕ».
Ӕмӕ Дунедарӕг у нӕ Ирвӕзынгӕнӕг.
9Нӕ хъынцъымы нӕ никуы ныууагъта,
Йӕ зӕды-иу нӕм рарвыста ӕххуысмӕ.
О, фыдау ныл ауды незамантӕй нырмӕ.
Уарзы нӕ ӕмӕ нӕ ирвӕзын кӕны бӕллӕхӕй.

10Фӕлӕ мах Йӕ ныхмӕ рацыдыстӕм,
Йӕ Сыгъдӕг Уды хъыджы бацыдыстӕм,
ӕмӕ нӕм уӕд Уый дӕр сызнаг ис
ӕмӕ райдыдта нӕ ныхмӕ хӕцын.
11Махӕн нӕ зӕрдыл
ӕрлӕууыдысты рагзамантӕ,
Моисейы хабӕрттӕ, ӕмӕ ныдздзынӕзтам:
«Денджызы хуылфӕй нӕ
Йӕ адӕмы фыййауимӕ Чи ракодта,
Уый цы фӕцис?
Кӕм ис, Моисейы Йӕ Сыгъдӕг Удӕй
Чи схайджын кодта,
12фӕндагыл ӕй Йӕ хъомысджын базыры бын Чи бакодта,
йӕ разӕй йын денджызы дӕттӕ
фӕйнӕрдӕм Чи фӕцӕуын кодта
ӕмӕ уымӕй Йӕхицӕн мыггагмӕ
ном Чи скодта, Уый?
13Денджызы бынты акодта Йӕ адӕмы,
ӕмӕ сӕ къах дӕр никуы скъуырдтой,
раст цыма бӕх тыгъд быдыры
фӕцӕйцыд, уый хуызӕн.
14Фыййау йӕ фосы дзуг дӕлвӕзы’рдӕм
ривӕд кӕнынмӕ куыд рауадзы,
уыйау Дунедарӕджы Уд дӕр
Йӕ адӕмы ракодта тӕссаг ранӕй
ӕмӕ сын радта ӕдасдзинад ӕмӕ ӕнцой».
Афтӕ ракодтай Ды Дӕ адӕмы
ӕмӕ уымӕй скадджын кодтай Дӕ ном!

Тӕригъӕдджынты лӕгъстӕтӕ

15Ӕркӕс уӕларвӕй,
Дӕ кадджын ӕмӕ Дӕ уаз бынатӕй!
Кӕм ис Дӕ уарзондзинад, Дӕ хъомыс?
Куы ницыуал Дын уынӕм Дӕ бирӕ хӕрзтӕй,
Дӕ хорзӕхтӕй!
16Фӕлӕ Ды куы дӕ нӕ Фыд!
Авраам нӕ зоны мах, Йаков дӕр — афтӕ.
О Дунедарӕг, Ды дӕ нӕ Фыд!
Дӕ ном мыггагмӕ дӕр у «нӕ Ирвӕзынгӕнӕг».
17О Дунедарӕг, цӕмӕн нӕ бауагътай
Дӕ фӕндаджы иувӕрсты ацӕуын?
Цӕмӕн ӕруагътай уый,
ӕмӕ Дыл нӕ зӕрдӕ сивӕм,
мауал Дӕ тӕрсӕм?
Ӕркӕс нӕм, Дӕ цагъартӕм, Дӕхи адӕммӕ!
18Ацы зӕхх бирӕ рӕстӕг нӕ уыди
Дӕ адӕмы исбон,
уымӕн ӕмӕ Дын фыдгултӕ
фӕчъизи кодтой Дӕ Кувӕндон.
19Ӕмӕ систӕм ахӕм адӕм,
цыма Ды никуы уыдтӕ нӕ паддзах,
цыма Дын мах никуы зыдтам Дӕ ном.
Copyright information for OssIBT2022