‏ Isaiah 64

Дунедарӕг, хъизӕмӕрттӕй нӕ бахиз!

1Тӕхуды ӕмӕ куы байгом кӕнис уӕлӕрвтӕ,
куы’рхизис дӕлӕмӕ,
цӕмӕй хӕхтӕ ӕмризӕджы нырризой!
2Фӕзын нӕм, зынг пыхсыл куыд сирвӕзы
кӕнӕ дон куыд рафыцын кӕны, уыйау!
Уадз ӕмӕ Дын Дӕ фыдгултӕ базоной Дӕ ном,
Дӕ койӕ ӕмризӕджы нырризой адӕмтӕ!
3Ӕнӕнхъӕлӕджы тасӕфтауӕг хъуыддӕгтӕ
куы арӕзтай ӕмӕ-иу уӕларвӕй куы’рхызтӕ,
уӕд-иу ӕмризӕджы ныррызтызты хӕхтӕ.
4Ды иунӕг Хуыцау дӕ,
йӕ зӕрдӕ Дыл чи дардта,
уыдонӕн бирӕ хӕрзты Чи бацыд, Уый.
Ӕндӕр хуыцауы тыххӕй
нӕдӕр фехъуыстӕуыд,
нӕдӕр ӕй цӕстӕй фендӕуыд.
5Ды хӕлар цӕстӕй кастӕ рӕстгӕнджытӕм,
Дӕ фӕдзӕхстытӕ Дын чи нӕ рох кодта,
уыдонмӕ.
Фӕлӕ нӕм смӕсты дӕ,
уымӕн ӕмӕ незамантӕй фӕстӕмӕ
Дӕ цӕсты раз кодтам тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ.
Фервӕзын нӕ кӕн!

6Мах иууылдӕр фӕчъизи стӕм,
чъизи дарӕсау — не’ппӕт рӕстдзинад.
Бахус стӕм сыфтӕрау,
нӕ фыдракӕндтӕ нӕ сӕ уӕлныхты
систой уадау ӕмӕ нӕ фӕхӕссынц.

7Ӕххуысагур дӕр Дӕм ничиуал кувы.
Ӕмӕ нӕм Ды дӕр нал ӕвдисыс Дӕ цӕсгом.
Ныууагътай нӕ, ӕмӕ сӕфты къахыл
ныллӕууыдыстым нӕ фыдмиты тыххӕй.
8О, фӕлӕ, Дунедарӕг, Ды нӕ Фыд дӕ!
Мах ӕлыг стӕм, Ды та — не Скӕнӕг.
Скодтай нӕ Дӕхи къухтӕй.
9Ӕгӕр нӕм ма мӕсты кӕн, Дунедарӕг,
мыггагмӕ Дӕ зӕрдыл ма дар нӕ азым.
Ӕркӕс-ма нӕм,
мах иууылдӕр Дӕ адӕм куы стӕм!
10Дӕ уаз сахартӕ федзӕрӕг сты.
Федзӕрӕг ис Сион,
гӕныстон фестад Йерусалим.
11Нӕ фыдӕлтӕ Дын кад кӕм кодтой,
уыцы Кувӕндон арты хай баци,
йӕ хӕзнатӕ стигъджыты баисты.
12О Дунедарӕг, ӕппӕт уыдӕттӕ Дӕм
ӕгъгъӕд нӕ кӕсынц, ӕви?
Кӕдмӕ лӕудзынӕ хъусӕй
ӕмӕ нӕ афтӕ тынг кӕдмӕ ӕфхӕрдзынӕ?
Copyright information for OssIBT2022