‏ Isaiah 65

Хуыцау хорзӕхджын кӕны Йӕ иузӕрдионты ӕмӕ ӕфхӕры, йӕ зӕрдӕ Йыл чи сивта, уыдоны

1«Ӕз раргом дӕн, чи Мӕм нӕ куывта, уыдонмӕ.
Чи Мӕ нӕ агуырдта, уыдон Мӕ ссардтой.
„Мӕнӕ дӕн, мӕнӕ!“— дзырдтон,
Мӕхи чи нӕ уыд, уыцы адӕммӕ.
2Алы бон дӕр мӕ цӕнгтӕ ивӕзтон,
ӕнаккаг митӕ чи кодта
ӕмӕ йӕхи фӕнд чи тардта,
Мӕ уыцы ӕгоммӕгӕс адӕммӕ.
3Ӕнӕсцухӕй Мӕ ӕргом ӕфхӕрынц
сӕ митӕй.
Сӕ кувӕн къохты сӕ мӕнгхуыцӕуттӕн
хӕссынц нывӕндтӕ,
ӕмбӕрзӕн дурӕй ӕхгӕд уӕлхӕдзӕрттыл
судзынц буд,
4бадынц зӕппӕдзты
ӕмӕ ӕхсӕвиуат кӕнынц лӕгӕтты.
Хӕрынц хуыйы фыд,
сӕ мигӕнӕнты дарынц ӕлгъаг, нӕфӕтчиаг бас.
5Чи сыл амбӕлы, уымӕн фӕзӕгъынц,
ӕрлӕуу, хӕстӕг мӕм ма’рбацу,
дӕуӕй хъауджыдӕр ӕз сыгъдӕг дӕн.
Ацы адӕм Мын Мӕ маст рафыцын кодтой,
ӕмӕ алы бон дӕр судзы
ӕнӕахуысгӕ пиллон артау.

6Се’наккаг митӕ Мӕм фыст сты,
ӕмӕ Ӕз нӕ банцайдзынӕн,
цалынмӕ сӕ Мӕ маст райсон, уӕдмӕ.
7Бафхӕрдзынӕн сӕ сӕхи
ӕмӕ сӕ фыдӕлты азымы тыххӕй.
Уыдон хӕхтӕ ӕмӕ уӕлвӕзтыл сыгътой буд
ӕмӕ Мын уымӕй ӕгад кодтой Мӕ ном.
Гъемӕ ныр ӕфхӕрд баййафдзысты
се’ппӕт хъуыддӕгты тыххӕй дӕр».
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг.

8Ноджы ма Дунедарӕг зӕгъы: «Ӕфхӕрд сӕнӕфсиры зӕнгыл дӕр
рӕгъӕд цупал куы разыны, донджын цупал,
уӕд ын йӕ тонӕгӕн фӕзӕгъынц:
„Ма йӕ ацъӕл кӕн,
уымӕн ӕмӕ уый арфӕгонд у“.
Афтӕ бакӕндзынӕн Ӕз дӕр
Мӕ цагъарты сӕраппонд,
се’ппӕты нӕ фесафдзынӕн.
9Мӕ хӕхбӕстӕ исбонӕн кӕмӕн радтон,
уыцы Йаков ӕмӕ Иудӕйӕн
фидӕнмӕ сбирӕ кӕндзынӕн сӕ байзӕддӕгты.
Ме’взӕрст цагъартӕн уыцы хӕхбӕстӕ
суыдзысты фыдӕй-фыртмӕйы исбон,
ӕмӕ дзы цӕрдзысты мыггагмӕ.
10Мӕ кувӕг адӕмы лыстӕг фосӕн
Шарон уыдзӕни хизӕнуат,
се стуртӕн та Ахоры дӕлвӕз — ривӕддон.
11Сымах та, Мӕныл йӕхи чи атигъ кодта,
Мӕ уаз хох кӕмӕй ферох ис,
Гадӕн фынгтӕ чи ӕвӕры,
Менийӕн, алы хъацӕнтӕ кӕуыл ис,
ахӕм сӕнӕй кӕхцытӕ чи байдзаг кӕны, уыдоны,
12Ӕз карды амӕттаг бакӕндзынӕн,
сӕргӕвддзысты уӕ фосау!
Уымӕн ӕмӕ уӕм Ӕз сидтӕн,
фӕлӕ дзуапп нӕ лӕвӕрдтат,
дзырдтон, фӕлӕ сымах нӕ хъуыстат,
ӕнӕуынон Мын цы хъуыддӕгтӕ сты,
уыдоныл бафтыдыстут».

13Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг зӕгъы: «Мӕ цагъартӕн уыдзӕни хӕринаг,
сымах та сыдӕй мӕлдзыстут.
Мӕ цагъартӕн уыдзӕни нуазинаг,
сымах та мӕлдзыстут дойныйӕ.
14Мӕ цагъартӕ цинӕй райдзысты,
зардзысты сӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн,
сымах та хъыгзӕрдӕйӕ ӕрдиаг кӕндзыстут,
дзыназдзыстут ныфссастӕй.
15Ме’взӕрстытӕ уӕ номӕй
пайда кӕндзысты ӕлгъыстӕн,
Дунедарӕг Хуыцау уӕ мӕлӕты хай бакӕндзӕн,
Йӕ цагъартӕн та ратдзӕни ног ном.

16Зӕххыл арфӕ чидӕриддӕр кура,
уый скувдзӕн иузӕрдион Хуыцаумӕ,
зӕххыл чидӕриддӕр ард хӕра,
уый сомы ракӕндзӕн иузӕрдион Хуыцауӕй».

Хуыцау Йӕ адӕмӕн зӕрдӕ ӕвӕры ног арв ӕмӕ ног зӕххӕй

Дунедарӕг зӕгъы:
«Уӕ хъизӕмӕрттӕ уӕ ферох уыдзысты,
уӕ цӕстӕй дӕр сӕ нал фендзыстут.
17Мӕнӕ фӕлдисын ног арв ӕмӕ ног зӕхх.
Раздӕры арв ӕмӕ зӕхх нал ӕрымысдзыстут,
нал ӕрлӕудзысты уӕ зӕрдыл.
18Цин кӕнут, цинӕй райут мыггагмӕ,
ныр цы фӕлдисын, уыдӕттыл.
Ӕз аразын цины сахар Йерусалим,
йӕ цӕрджыты зӕрдӕ йын дзаг кӕнын
рухс амондӕй.
19Мӕхӕдӕг дӕр цин кӕндзынӕн Йерусалимыл,
цинӕй райдзынӕн Мӕ адӕмыл.
Никуыуал сын ничи фехъусдзӕни сӕ дзыназын,
сӕ кӕуын хъӕлӕс.
20Уым никуыуал ахуысдзӕни сабийы зынг,
иу ацӕргӕ дӕр дзы нал амӕлдзӕни,
цалынмӕ хӕрз зӕронд бауа, уӕдмӕ.
Сӕдӕаздзыдӕй чи амӕла,
уымӕй дзурдзысты,
цардхъуаг уыди, зӕгъгӕ.
Ӕнус чи нӕ фӕцӕра, уымӕй,
ӕлгъыст фӕци, зӕгъгӕ, дзурдзысты.
21Араздзысты хӕдзӕрттӕ ӕмӕ сӕ цӕрдзысты.
Садздзысты сӕнӕфсиры талатӕ
ӕмӕ сӕхицӕн тондзысты сӕнӕфсир.
22Хӕдзӕрттӕ нӕ араздзысты ӕмӕ
дыргъдӕттӕ нӕ кӕндзысты ӕцӕгӕлӕттӕн.
Ме’взӕрст адӕм цӕрдзысты,
бӕлас цас цӕры, уый бӕрц,
цӕрдзысты сӕ къухты фӕллойӕ.
23Ӕнӕхъуаджы нал уыдзӕни сӕ фӕллой,
ӕвгъӕддон сылгоймӕгтӕ
сӕ сабитӕн нал тӕрсдзысты
ӕлгъыст фидӕнӕй,
уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕй арфӕгонд уыдзысты
сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ байзӕддаг дӕр.
24Ӕз-иу сӕ фехъусдзынӕн,
нӕма-иу Мӕм скувдзысты, афтӕ.
Сӕ курдиат-иу нӕма зӕгъдзысты,
афтӕ-иу сын ӕй сӕххӕст кӕндзынӕн.
25Иумӕ хиздзысты бирӕгъ ӕмӕ уӕрыкк.
Домбай стурау хӕрдзӕни хъӕмп,
калм та цӕрдзӕни зӕххы рыгӕй.
Фыдракӕнд ӕмӕ зиан ничи кӕндзӕни
Мӕ уаз хохыл».
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг.
Copyright information for OssIBT2022