Isaiah 66
Хуыцауы нӕ хъӕуынц тӕригъӕдджынты нывӕндтӕ
1Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг:«Уӕларв Мӕ бадӕн у,
зӕхх — Мӕ къӕхтӕвӕрӕн.
Цавӕр хӕдзар Мын хъуамӕ саразат сымах?
Кӕм ис Мӕн аккаг ӕрӕнцайӕн бынат?
2Ӕз Мӕхи къухӕй сфӕлдыстон алцы,
афтӕмӕй фӕзындысты ӕппӕт уыдӕттӕ! —
зӕгъы Дунедарӕг. —
Састзӕрдӕ ӕмӕ сӕрныллӕг,
Мӕ ныхасмӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ чи хъусы,
уый Мын у адджын.
3Сымах та иуӕрдыгӕй
Мӕнӕн гал ӕргӕвдут,
иннӕрдыгӕй та уӕ гуымирыйӕн
адӕймаг-нывонд хӕссут.
Иуӕрдыгӕй Мӕнӕн фыс кусарт кӕнут,
иннӕрдыгӕй та куыдзы ӕфцӕг сӕттут.
Иуӕрдыгӕй Мӕнӕн хуын хӕссут,
иннӕрдыгӕй та хуыйы хъуырӕй туг уадзут.
Иуӕрдыгӕй Мӕнӕн буд судзут,
иннӕрдыгӕй та уӕ хуыцаугондӕн табу кӕнут.
Равзӕрстат уӕхи фӕндӕгтӕ,
уӕ зӕрдӕ рухс кӕны уе’лгъаг митӕй.
4Гъемӕ фыр тӕссӕй
ӕмризӕджы куыд ризат,
афтӕ уӕ бафхӕрдзынӕн Ӕз дӕр.
Уымӕн ӕмӕ уӕм сидтӕн,
ӕмӕ Мын дзуапп нӕ радтат,
дзырдтон уӕм, ӕмӕ Мӕм нӕ байхъуыстат.
Ме’вастӕй ныххӕцыдыстут фыдракӕндтыл,
кодтат, Мӕнӕн фӕндон цы нӕу, уыдӕттӕ».
Хуыцау — Йерусалимы ныфс
5Дунедарӕджы ныхасы разаргъуыц чи кӕны,
уыдон ӕрбайхъусӕнт, цы уын зӕгъы, уымӕ:
«Уӕхи Мӕ адӕмыл кӕй нымайут, уый тыххӕй
цӕстысындз фестадыстут уе’фсымӕртӕн,
ӕмӕ уӕ се’мгӕрон нал уадзынц.
Хынджылӕг кӕнынц,
уӕдӕ-ма, дам, уын Дунедарӕг
Йӕ кад раргом кӕнӕд, ӕмӕ мах фенӕм,
кӕддӕра уын уӕ зӕрдӕ
цӕмӕй барухс кӕндзӕни!
Ӕз уын зӕгъын,
уыдон хорзау нал фӕуыдзысты.
6Сахарӕй хъуысы тохуынӕр, Кувӕндонӕй — фӕдисхъӕр!
Уый Дунедарӕг Йӕ фыдгултыл
бафтыдта Йӕ фыдӕх.
7– 8Ӕнхъӕлцау сылгоймаг
куыд хъуамӕ ныййара йӕ сабийы,
удхар куынӕ бавзара, уӕд?
Чи кӕд фехъуыста кӕнӕ федта ахӕм хабар?
Кӕннод иу бонмӕ
кӕд фӕзынди иставӕр бӕстӕ
ӕмӕ ӕваст кӕд айдзаг ис адӕмӕй?
Фӕлӕ Сион, куыддӕр йӕ арын афон ралӕууыд,
афтӕ йӕ фыртты ныридӕгӕн ныййардта.
9Куыд ӕнхъӕл кӕнут?
Ӕз — Дунедарӕг: цы райдайон,
уый кӕронмӕ нӕ ахӕццӕ кӕндзынӕн?
Ӕз — уӕ Хуыцау —
ныййарыны хъомыс кӕмӕн раттон,
уымӕн йӕ зӕнӕгдоныл
гуыдыр сӕвӕрдзынӕн?
10Цинӕй райут Йерусалимимӕ,
цин ыл кӕнут,
чидӕриддӕр ӕй уарзы, уыдон!
Йемӕ бацин кӕнут,
йӕ зӕрдӕ йыл кӕмӕн рысти, уыдон!
11Сымах хайджын уыдзыстут
йӕ ныфсӕй, йӕ фарнӕй,
уӕ мондӕгтӕ исдзыстут йӕ бирӕ бӕркадӕй.
12Ӕз — Дунедарӕг —
сӕххӕст кӕндзынӕн Мӕ дзырд.
Йерусалимы сахарӕн
сбирӕ кӕндзынӕн йӕ фарн,
йемыдзаг ӕй бакӕндзынӕн
адӕмты фӕллойӕ,
раст ыл цыма дон раивылдзӕни, уыйау.
Ӕмӕ уӕхи ӕнкъардзыстут,
хъӕбысы кӕнӕ уӕрджытыл кӕй фӕрӕвдауынц,
уыцы сабитау.
13Ӕз уӕ барӕвдаудзынӕн мадау,
ӕмӕ Йерусалимы фарнӕй
уыдзыстут фӕрнджын.
14Уыдӕттӕ куы бавзарат,
уӕд барухс уыдзӕни уӕ зӕрдӕ.
Уалдзыгон кӕрдӕг куыд базмӕлы,
афтӕ базмӕлдзӕн уе уӕнгты туг».
Дунедарӕг Йӕ цагъарты
фервӕзын кӕндзӕн Йӕ хъомысджын къухӕй,
Йӕ фыдгулты Йӕ азары хай бакӕндзӕн.
15Фӕзындзӕни пиллонкалгӕ,
Йӕ тохуӕрдӕттимӕ сыл уадау
Йӕхи ныццӕвдзӕн
ӕмӕ сыл ӕгъатырӕй ныккалдзӕни
ӕхсидгӕ масты цӕхӕр.
16Дунедарӕг арт ӕмӕ кардӕй
тӕрхон кӕндзӕн адӕмӕн,
ӕмӕ Дунедарӕджы цӕфӕй
бирӕтӕ сӕ мӕлӕт ссардзысты.
17«Йӕхи мӕнг хуыцӕуттыл чи фӕдзӕхсы
ӕмӕ, ссыгъдӕг уӕм, зӕгъгӕ,
иу иннӕйы фӕдыл уыцы хуыцӕуттӕн
йӕ кувӕн къохты нывӕндтӕ чи хӕссы,
хуытӕ, мыстытӕ ӕмӕ ӕндӕр ӕлгъаг фосы фыд
чи хӕры, уыдон иууылдӕр бабын уыдзысты, — зӕгъы Дунедарӕг. —
18Ӕз сын зонын сӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ сӕ хъуыдытӕ,
ӕмӕ цӕуын алы адӕмты,
алы’взӕгтыл чи дзуры,
уыдоны ӕрӕмбырд кӕнынмӕ.
Ӕрцӕудзысты уыдон
ӕмӕ Мын фендзысты Мӕ кад.
19Мӕ адӕмӕй чи фервӕза, уыдоны скӕндзынӕн Мӕ минӕвӕрттӕ. Арвитдзынӕн сӕ алы адӕмтӕм, алы бӕстӕтӕм: Таршишмӕ, Пулмӕ ӕмӕ Лудмӕ, Мешехмӕ ӕмӕ Рошмӕ, Тувалмӕ ӕмӕ Йаванмӕ, ноджы ма алы дард сакъадӕхтӕм, Мӕ кой Мын кӕм никуы фехъуыстой ӕмӕ Мын Мӕ кад кӕм никуы федтой, уыцы бӕстӕтӕм, ӕмӕ адӕмӕн дзурдзысты Мӕ кады тыххӕй. 20Алы адӕмтӕй уын ӕрбакӕндзысты ӕфсымӕртӕ бӕхтыл, хӕргӕфсытыл ӕмӕ уадӕмдзу теуатыл, ӕрбаласдзысты сӕ тохуӕрдӕтты ӕмӕ лӕгуӕрдӕтты. Ӕрбакӕндзысты сӕ Мӕ уаз хохмӕ, Йерусалиммӕ, ӕмӕ сӕ балӕвар кӕндзысты Мӕнӕн, Дунедарӕгӕн, израилӕгтӕ Мын Мӕ Кувӕндонмӕ сыгъдӕг мигӕнӕны хуын куыд ӕрбахӕссынц, раст уый хуызӕн. 21Ӕз уыдонӕй иуӕй-иуты равзардзынӕн, цӕмӕй мын уыдон сауджынтӕ ӕмӕ левиттау лӕггад кӕной, — зӕгъы Дунедарӕг. 22Цы ног арв ӕмӕ ног зӕхх сфӕлдисон,
уыдон ӕдзух Мӕ цӕсты раз куыд уыдзысты,
уыйау уӕ байзӕддӕгтӕ дӕр ӕмӕ уӕ ном дӕр.
Уый уын зӕгъын Ӕз — Дунедарӕг.
23Уӕд Мӕм алы мӕйног ӕмӕ ӕрвылсабат
иууылдӕр цӕудзысты,
ӕмӕ-иу сӕ алчидӕр
зоныг кӕндзӕни Мӕ разы.
24Фӕссахармӕ-иу куы рацӕуой,
уӕд та-иу, ӕлгъгӕнгӕйӕ, афӕлгӕсдзысты,
йе’ргом Мӕ чи аздӕхта, уыдоны мӕрдтыл.
Уыдоны хъизӕмарӕн кӕрон нӕ уыдзӕни:
нӕдӕр сӕ къуыдыргалм искуы ныммӕлдзӕн,
нӕдӕр, цы арты мидӕг судзынц,
уый искуы ахуысдзӕн».
Copyright information for
OssIBT2022