‏ Isaiah 7

Арамейӕгты бабырст Йерусалиммӕ. Исайа ӕмӕ Ахав

1Иотамы фырт Ахаз, Озиайы фырты фырт, Иудейы паддзах куы уыди, уыцы заман Арамы паддзах Рецин ӕмӕ Ремалийы фырт Феках, Израилы паддзах, Йерусалимы ныхмӕ хӕстмӕ рацыдысты, фӕлӕ йӕ сӕ бон бацахсын не сси.

2Давиды хӕдзармӕ фӕхӕццӕ чындӕуыд, Арамы ӕфсад Ефремы зӕххыл рӕсӕнуат скодтой, зӕгъгӕ, ӕмӕ паддзах ӕмӕ йӕ адӕмы зӕрдӕтӕ барызтысты, хъӕды бӕлӕстӕ дымгӕмӕ куыд баризынц, уыйау. 3Дунедарӕг Исайайӕн бафӕдзӕхста:

«Дӕ фырт Шеар-Йашувимӕ
Шеар-Йашув — дзуттагау амоны «чи ма баззайа, уый ӕрбаздӕхдзӕн».
Ахазы размӕ ацу, Чъырӕйцӕгъдӕджы быдырмӕ фӕндагыл Уӕллаг цадӕй цы дондзӕуӕн цӕуы, уымӕн йӕ ратӕдзӕнмӕ.
4Зӕгъ Ахазӕн: „Лӕмбынӕг кӕс, ӕрсабыр у ӕмӕ мацӕмӕй тӕрс. Дӕ ныфс ма асӕттӕд Рецин ӕмӕ арамейӕгты, стӕй Ремалийы фырты пиллонкалгӕ мастӕй — дыууӕ фӕздӕгкалгӕ ӕхсидавӕй уӕлдай ницы сты уыдон. 5Арамейӕгтӕ дын ефремонтӕ ӕмӕ Ремалийы фыртимӕ фыдвӕнд аразынц дӕ ныхмӕ. Уыдон зӕгъынц, 6цом ӕмӕ, дам, Иудеймӕ ссӕуӕм, фыд тас ын бафтауӕм йӕ адӕмыл, бацахсӕм ӕй ӕмӕ йын Тавалы фырты паддзахӕй сӕвӕрӕм.

7Фӕлӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы:
нӕ уыдзӕн уый, ницы дзы рауайдзӕн.
8Дамаск Арамы сӕйраг сахар у,
Дамаскы сӕр та — Рецин.
Фондз ӕмӕ ӕртиссӕдз азы куы рацӕуа,
уӕд ефремонтӕ адӕмты хыгъды дӕр нал уыдзысты.
9Ефремонты сӕйраг сахар — Самари,
Самарийы сӕргъы — Ремалийы фырт.
Сӕ уырнындзинад фидар куы нӕ уа,
уӕд сӕ быныхъӕр айхъуысдзӕн“».

Эммануил

10Дунедарӕг ма Ахазӕн ноджы загъта: 11«Дунедарӕгӕй, дӕ Хуыцауӕй, ӕвдисӕйнаг ракур, фӕнды дӕлдзӕхӕй, фӕнды уӕларвӕй — уӕлдай нӕу». 12Ахаз загъта: «Нӕ ракурдзынӕн, Дунедарӕджы фӕлварын мӕ нӕ фӕнды».

13Уӕд Исайа загъта: «Ӕрбайхъусут-ма ардӕм, Давиды байзӕддаг! Адӕмы фыдӕбоны хай фӕкодтат, уый уын ӕгъгъӕд нӕу, ӕмӕ ма мын мӕ Хуыцауы дӕр фыдӕбоныл бафтауинаг стут? 14Уӕдӕ уын Бардарӕг Йӕхӕдӕг фенын кӕндзӕн ӕвдисӕйнаг: Чызг банхъӕлцау уыдзӕн ӕмӕ Фырт ныййардзӕн, схондзӕн Ӕй Эммануил
Ома Хуыцау немӕ ис.
.
15Уый хӕрдзӕни нӕлхӕ ӕмӕ мыд, цалынмӕ ӕвзӕр ӕмӕ хорз кӕрӕдзийӕ иртасын райдайа, уӕдмӕ. 16Ӕвзӕр ӕмӕ хорз кӕрӕдзийӕ иртасын нӕма райдайдзӕн, афтӕ, цы дыууӕ паддзахӕй тӕрсыс, уыдоны бӕстӕтӕ федзӕрӕг уыдзысты.

17Ӕцӕг, Дунедарӕг дӕуыл дӕр ӕмӕ дӕ адӕмыл дӕр ныххуырсдзӕн, ефремонтӕ иудейӕгтимӕ куы байуӕрстой, уӕдӕй фӕстӕмӕ чи нӕма уыд, ахӕм фыд заман. Ассирийы паддзахы амӕттаг фӕуыдзыстут.

Мысырӕгтӕ ӕмӕ ассириӕгты ӕрбабырстытӕ

18Уӕд Дунедарӕг фехситт кӕндзӕн бындзытӕм —
Нилы донгуырӕнты цӕрджытӕм
ӕмӕ Ассирийы мыдыбындзытӕм.
19Уыдон ӕрбатӕхдзысты
ӕмӕ иууылдӕр ӕрбаддзысты
ӕдзӕрӕг тӕрфыты, къӕдзӕхты скъуыдты,
сындзкъутӕртыл, дондарӕнты цур.

20Бардарӕг Евфраты фале баххуырсдзӕн
Ассирийы паддзахы,
ӕмӕ уын уый адасдзӕни
уӕ сӕртӕ ӕмӕ уӕ къӕхтӕ,
суанг ма уын уӕ боцъотӕ дӕр алвындзӕн.
21Уыцы заман алкӕмӕ дӕр уыдзӕн
ӕрмӕстдӕр иу хъуг ӕмӕ дыууӕ фысы.
22Уыдон уый бӕрц ӕхсыр дӕтдзысты,
ӕмӕ ӕппӕт бинонтӕ дӕр
царвӕй ӕфсӕст уыдзысты.
Ацы зӕххыл ма чи баззайа,
уыдон иууылдӕр царв ӕмӕ мыд хӕрдзысты.
23Фӕлӕ мингай сӕнӕфсиры талатӕ
цы бынӕтты рӕзыд —
алы тала дӕр — ӕвзисты къӕртты аргъ —
уым уыцы заман ӕрзайдзӕни
какон сындзытӕ ӕмӕ бӕхгӕрдӕг.
24Зӕхх какон сындз ӕмӕ бӕхгӕрдӕджы бын фӕуыдзӕн,
ӕмӕ дзы адӕм цуан кӕндзысты
фат ӕмӕ ӕрдынимӕ.
25Раздӕр-иу къӕпийӕ кӕмӕ базалдысты,
уыцы къуылдымтӕм нал ссӕудзынӕ ды,
каконтӕ ӕмӕ сындзытӕй тӕрсгӕйӕ.
Уыцы рӕтты хиздзысты галтӕ,
лыстӕг фос сӕ ссӕнддзысты сӕ къӕхтӕй».
Copyright information for OssIBT2022