Isaiah 8
Хуыцауыл чи не’ууӕнды, уыцы адӕмы бӕллӕхтӕ
1Дунедарӕг мын загъта, райс иу стыр къӕй ӕмӕ йыл, адӕймаг ӕй ӕнцонӕй куыд бакӕса, афтӕ ныффысс: «„Магер-Шалал-Хаш-Баз“ ▼▼«Магер-Шалал-Хаш-Баз» нысан кӕны: «Тагъд тӕлӕт кӕнынмӕ, рӕвдз стигъынмӕ».
. 2Ӕмӕ уӕд Ӕз фӕсиддзынӕн ӕууӕнкджын ӕвдисӕнтӕм: сауджын Уриамӕ ӕмӕ Йеверехиайы фырт Захариамӕ». 3Уый фӕстӕ ӕз ӕмуат ӕрцыдтӕн сылгоймаг-пехуымпаримӕ. Уый банхъӕлцау ис ӕмӕ мын ныййардта фырт. Дунедарӕг мын загъта: «Сӕвӕр ыл ном Магер-Шалал-Хаш-Баз. 4Уый „баба“ӕмӕ „гыцци“дзурын нӕма базондзӕн, афтӕ Дамаскы бынтӕ ӕмӕ Самарийы хӕзнатӕ Ассирийы паддзахы хай бауыдзысты». Ассириӕгты ӕрбабырст
5Дунедарӕг мын ноджы загъта:6«Ацы адӕм Силоамы сабыр доныл
нал ӕввӕрсынц,
фӕлӕ цин кӕнынц
Рециныл ӕмӕ Ремалийы фыртыл,
7ӕмӕ сыл уый тыххӕй Дунедарӕг
рауадздзӕн Евфраты стыр ӕмӕ абухгӕ дӕттӕ —
Ассирийы паддзахы йе’ппӕт хъомысимӕ.
Ӕмӕ уый йе’ппӕт донвӕдтӕй анхъӕвздзӕни размӕ,
йӕ былгӕрӕттӕ доны бын фӕуыдзысты.
8Доны хъаймӕтау агуылф кӕндзӕн Иудейыл
ӕмӕ йӕ доны бын фӕкӕндзӕн,
адӕмӕн суанг сӕ къубалмӕ схӕццӕ уыдзӕн.
Дӕ зӕххыл дын кӕрӕй-кӕронмӕ
йӕ базыртӕ айтындздзӕн, Эммануил!»
«Хуыцау немӕ ис!»
9Хӕстмондагӕй цъӕх арт уадзут,фӕлӕ ризут, адӕмтӕ!
Ӕрбайхъусут, дард бӕстӕтӕ!
Хӕстмӕ сцӕттӕ кӕнут уӕхи, фӕлӕ ризут,
хӕстмӕ сцӕттӕ кӕнут уӕхи, фӕлӕ ризут!
10Сымах алы фӕндтӕ нывӕндут,
фӕлӕ уын фехӕлдзысты,
уӕ иу ныхас дӕр нӕ сӕххӕст уыдзӕн,
уымӕн ӕмӕ Хуыцау немӕ ис!
Адӕмӕй ма тӕрсут, фӕлӕ Хуыцауӕй
11Дунедарӕг мыл Йӕ хъомысджын къух ӕруагъта ӕмӕ мын бафӕдзӕхста, ацы адӕмы ма бафӕзм, зӕгъгӕ. Загъта мын: 12«Ацы адӕм сусӕгвӕнд цы хонынц,уый сымах сусӕгвӕнд ма хонут.
Уыдон цӕмӕй тӕрсынц,
уымӕй ма тӕрсут ӕмӕ уыл тас ма бахӕцӕд.
13Кад кӕнут Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕн,
Уымӕй тӕрсут, Уымӕй стъӕлфут!
14Уый уыдзӕни уаз —
Израилы дыууӕ паддзахады
кӕуыл фӕкӕлдзысты, уыцы дур
ӕмӕ уыцы къӕдзӕх,
Йерусалимы цӕрджытӕн —
къӕппӕг ӕмӕ ахсӕн хыз.
15Ӕмӕ бирӕтӕ фӕкӕлдзысты,
ӕрхаудзысты ӕмӕ ныппырх уыдзысты,
къӕппӕджы бахаудзысты,
ахст ӕрцӕудзысты.
16Ацы ӕвдисӕндар дзӕбӕх батух,
ацы зондамындыл мыхуыр сӕвӕр
Мӕ ахуыргӕнинӕгты раз».
17Дунедарӕг Йе’ргом аздӕхта
Йаковы байзӕддагӕй,
фӕлӕ ӕз уӕддӕр Дунедарӕгӕй
ныфсджын уыдзынӕн,
мӕ зӕрдӕ Йыл дардзынӕн.
18Мӕнӕ ӕз ӕмӕ мын Дунедарӕг кӕй радта, уыцы хъӕбултӕ.
Мах Израилӕн стӕм ӕвдисӕйнӕгтӕ
Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕй,
Сионы хохыл цӕрӕгӕй.
Мах стӕм Сионы хохыл цӕрӕг
Уӕларвӕфсады Бардарӕджы
ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ рагнысӕнттӕ Израилӕн.
Кӕлӕнгӕнджытыл ма ӕууӕндут
19Афтӕ уын куы зӕгъой, уе’ргом раздахут мӕрдтӕмсидджытӕ ӕмӕ дӕсныфӕрсджытӕм — мынӕг хъӕлӕсӕй чи дзуры ӕмӕ дыгъал-дыгъул чи кӕны, уыдонмӕ, уӕд-иу сын дзуапп раттут, хъуамӕ адӕм сӕ Хуыцаумӕ кувой, стӕй удӕгӕсты тыххӕй дӕр мӕрдты нӕ фӕфӕрсынц, зӕгъгӕ. 20Уе’ргом раздахут Хуыцауы амындтытӕ ӕмӕ уынаффӕтӕм. Афтӕ уын чи нӕ дзура, уыдонӕн сӕ ныхӕсты рухс нӕй.Фыдохы заман
21Рахау-бахау кӕндзыстызӕрдӕсастӕй, ӕххормагӕй.
Стонгӕй мӕлгӕйӕ, фыр мӕстӕй
ӕлгъитдзысты сӕ паддзахы
ӕмӕ сӕ Хуыцауы.
Арвмӕ скӕсдзысты,
22зӕххыл сӕ цӕст ахӕсдзысты,
алы ран дӕр — бӕллӕх ӕмӕ саудалынг,
ӕмӕ саудалынджы хай бауыдзысты.
Фӕлӕ ныр саудалынг кӕм ӕртыхст,
уым ӕдзух афтӕ нӕ уыдзӕни.
Copyright information for
OssIBT2022