‏ Isaiah 9

Сабырдзинады паддзах

1Ныронг Зевулон ӕмӕ Неффалимы зӕххытӕ
ӕгады бынаты уыдысты,
фӕлӕ фидӕны скадджын уыдзысты уыдон:
Галилейы денджызгӕрон бӕстӕ дӕр ӕмӕ
Иорданы фаллаг фарс,
муртаттӕгтӕ кӕм цӕрынц, уыцы Галилей дӕр.
2Талынджы цы адӕм цардысты,
уыдон ӕгӕрон рухс федтой,
саудалынджы бӕстӕйы чи царди,
уыдоны сӕрмӕ рухс сӕрттывта.
3О Хуыцау, Ды сбирӕ кӕндзынӕ ацы адӕмы,
стыр цин сын бауадздзынӕ сӕ зӕрдӕты.
Уыдон цин кӕндзысты Дӕ разы,
цыма зӕххӕй бӕркадджын тыллӕг исынц
кӕнӕ ӕфтиаг уарынц, уыйау.
4Кӕддӕр сӕ мидианӕгтӕй
куыд фервӕзын кодтай,
афтӕ сын Ды ныр дӕр ныппырх кӕндзынӕ
сӕ уӕззау ӕфсондз —
ӕцӕгӕлон ӕлдарады ӕфсондз
ӕмӕ фыдӕбойнаг рӕхыс,
стӕй, цы лӕдзӕгӕй сӕ ӕфхӕрдтой, уый дӕр.
5Хӕстонтыл тохы быдыры цы къахыдарӕс уыди, уыдон
ӕмӕ сӕ тугамӕст пӕлӕзтӕ
арты амӕттаг бауыдзысты.
6Уымӕн ӕмӕ нын райгуырди Саби —
рардӕуыди нын Фырт.
Уый у не суинаг Паддзах.
Сӕвӕрдзысты Йыл кадджын нӕмттӕ:
Ӕрдхӕрӕны Уынаффӕгӕнӕг,
Хъомысджын Хуыцау,
Ӕнусон Фыд,
Фидыды Ӕлдар.
7Паддзах Давиды бадӕны ӕрбаддзӕн,
Йӕ паддзахы бартӕ уыдзысты ӕгӕрон
ӕмӕ зӕххыл расиддзӕни фидыд.
Давиды паддзахад
мыггагмӕ ӕрфидар кӕндзӕни,
раст тӕрхон хӕсгӕйӕ.
Уӕларвӕфсады Бардарӕг Ыл ауддзӕн.

Дунедарӕг мӕсты кӕны Израилмӕ

8Дунедарӕг Израилы паддзахадӕн,
Йаковы байзӕддагӕн,
хӕссы Йӕ тӕрхон.
9Хъуамӕ адӕм иууылдӕр —
Ефремы байзӕддӕгтӕ ӕмӕ
Самарийы цӕрджытӕ —
уыцы хъуыддаг базоной,
уымӕн ӕмӕ схъӕл ныхас кӕнынц стырзӕрдӕйӕ:
10«Агуыридуртӕ куы ӕркӕлой —
лӕгъз дурӕй сӕ самайдзыстӕм,
сикомортӕ сӕ рӕбынӕй куы акалой —
кедртӕй сӕ баивдзыстӕм».
11Уымӕ гӕсгӕ сын Дунедарӕг
Рецины ӕфсад сӕ ныхмӕ сыстын кӕндзӕн,
хӕцӕнгарзӕй сифтонг кӕндзӕн фыдгулты:
12скӕсӕнӕй — арамейӕгты,
ныгуылӕнӕй — филистимӕгты.
Уыцы кӕрӕфтӕ аныхъуырдзысты Израилы.
Фӕлӕ Дунедарӕджы маст
ууыл дӕр нӕ басабыр уыдзӕн,
ӕвзиддзӕни сӕм ноджыдӕр.

13Адӕм, чи сӕ цӕвы, Уымӕ нӕ раздӕхынц,
Уӕларвӕфсады Бардарӕджы нӕ агурынц.
14Ӕмӕ Дунедарӕг Израилӕн ӕмбойны
ракъуырдзӕни йӕ сӕр ӕмӕ йӕ дымӕг,
йӕ пальмӕйы къалиу ӕмӕ йӕ хъӕз:
15адӕмы хистӕртӕ ӕмӕ сӕ дзырддзӕугӕтӕ — сӕр,
мӕнгпехуымпартӕ — дымӕг.
16Адӕмы сӕ фӕтӕгтӕ фӕрӕдийын кӕндзысты,
рӕдыд фӕндагыл сӕ акӕндзысты,
цӕмӕй бабын уой.
17Уымӕ гӕсгӕ сын Дунедарӕг
нӕ бацин кӕндзӕни сӕ лӕппутыл,
нӕ сын батӕригъӕд кӕндзӕни сӕ сидзӕртӕ
ӕмӕ сӕ идӕдзтӕн,
уымӕн ӕмӕ иууылдӕр
цӕстфӕлдахджытӕ ӕмӕ фыдгӕнджытӕ сты,
сӕ дзыхы ныхас — ӕлгъаг.
Фӕлӕ Дунедарӕджы маст
ууыл дӕр нӕ басабыр уыдзӕн,
ӕвзиддзӕни сӕм ноджыдӕр.
18Уымӕн ӕмӕ се’нӕуагдзинад арт уадзы,
каконтӕ ӕмӕ сындзытӕ ныхъуыры,
тар хъӕды бӕлӕстӕ судзы, ӕмӕ арвмӕ
арты фӕздӕг къуыбылӕйттӕй ссӕуы.
19Уӕларвӕфсады Бардарӕджы азар
сараудзӕни зӕхх, адӕм арты амӕттаг бауыдзысты,
иу сӕ иннӕуыл нал ауӕрддзӕн.
20Сӕ къух-иу цӕуыл фӕхӕст уа,
уый ӕргӕвддзысты ӕмӕ хӕрдзысты,
фӕлӕ-иу уӕддӕр се стонг нӕ басӕтдзысты,
сыдӕймӕлӕгау сын бафсис нӕ уыдзӕн.
Алчи йӕ хионы хӕрдзӕни:
21Менассиа — Ефремы,
Ефрем — Менассиайы,
сӕ дыууӕ та — Иудӕйы.
Фӕлӕ Дунедарӕджы маст
ууыл дӕр нӕ басабыр уыдзӕн,
ӕвзиддзӕни сӕм ноджыдӕр.
Copyright information for OssIBT2022