James 2
Макӕй хъулон кӕнут
1Ме’фсымӕртӕ, сымах нӕ кадджын Бардарӕг Йесо Чырыстийыл ӕууӕндджытӕ стут ӕмӕ хъулон макӕй кӕнут. 2Зӕгъӕм, уе’мбырдмӕ бацыд адӕймаг сыгъзӕрин къухдарӕнимӕ, зынаргъ дарӕсы. Бацыд мӕгуыр дӕр бызгъуыр дарӕсы. 3Зынаргъ дарӕс кӕуыл ис, сымах уымӕ куы бакӕсат ӕмӕ йын куы зӕгъат: «Сбад ацы хорз бынаты», мӕгуырӕн та куы зӕгъат: «Ды уым слӕуу» кӕнӕ: «Ӕрбад ам, мӕ къӕхты раз», 4уӕд, мыййаг, иуы иннӕмӕй нӕ уӕлдӕр кӕнут ӕмӕ галиу зондыл лӕуд тӕрхонгӕнджытӕ не свӕййут? 5Байхъусут, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ. Дунейы цӕсты гӕвзыкк чи у, уыдоны Хуыцау, мыййаг, нӕ сӕвзӕрста уырнындзинадӕй сӕ схъӕздыг кӕнынмӕ ӕмӕ сӕ Йӕ Паддзахадмӕ бахонынмӕ? Уыцы Паддзахадӕй Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, чи Йӕ уарзы, уыдонӕн. a 6Сымах та мӕгуыры ницӕмӕ ӕрдардтат. Бонджынтӕ уӕ не ссӕндынц ӕмӕ уӕ тӕрхондӕттӕм уыдон нӕ рарвит-барвит кӕнынц, мыййаг? 7Сымахӕн цы кадджын ном рардӕуыд, ууыл цъыф уыдон нӕ калынц, ӕви? 8Сыгъдӕг Фысты загъд ис: «Дӕхи куыд уарзыс, хионы дӕр афтӕ уарз». Ӕмӕ кӕд сымах Паддзахы уыцы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цӕрут, уӕд раст кӕнут. b 9Фӕлӕ кӕд искӕй хъулон кӕнут, уӕд тӕригъӕды ӕфтаут уӕхи ӕмӕ, ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, стут ӕгъдаухалджытӕ. 10Уымӕн ӕмӕ, ӕппӕт ӕгъдау чи ӕххӕст кӕны, уый йын йӕ домӕнтӕй искӕцыйы куы фӕкъуыхцы уа, уӕд ӕнӕхъӕн ӕгъдау фехалӕгау азымджын у. c 11«Ма хӕт» Чи загъта, «Ма амар» дӕр Уый загъта. Кӕд хӕтгӕ нӕ кӕныс, фӕлӕ искӕй марыс, уӕд ӕгъдаухалӕг дӕ. d 12Уӕ ныхас ӕмӕ уӕ хъуыддӕгтӕ нывыл хъуамӕ уой, уымӕн ӕмӕ уын сӕрибардӕттӕг ӕгъдау тӕрхон кӕндзӕн. 13Хатыргӕнаг чи нӕу, уымӕн тӕрхондоны хатыр нӕ уыдзӕн; хорзӕхджынӕн тӕрхонӕй тас нӕу. eРӕдаудзинад — фарнхӕссӕг
14Ме’фсымӕртӕ, кӕд исчи зӕгъы, уырнындзинад мӕм ис, зӕгъгӕ, йӕ хъуыддӕгтӕ та уырнындзинадмӕ гӕсгӕ не сты, уӕд ын уый цы пайда у? Ахӕм уырнындзинад ӕй фервӕзын кӕндзӕн? f 15Зӕгъӕм, де’фсымӕр кӕнӕ дӕ хо сты бӕгънӕг ӕмӕ сӕм бонваг хойраг дӕр нӕй, 16ӕмӕ сын сымахӕй исчи куы зӕгъид: «Ацӕут фарнимӕ, уӕхи батавут ӕмӕ бахӕрут», фӕлӕ, хъуаг цӕмӕй ӕййафынц, уый та сын куы нӕ раттид, уӕд уымӕй цы пайда ис? 17Афтӕ уырнындзинад дӕр — хъуыддӕгтӕй ӕвдыст куынӕ уа, уӕд мард у. 18Фӕлӕ исчи зӕгъдзӕн: «Дӕумӕ уырнындзинад ис, мӕнмӕ та — хъуыддӕгтӕ». Фенын мын кӕн дӕ уырнындзинад ӕнӕ хъуыддӕгтӕй, ӕз та дын мӕ уырнындзинад мӕ хъуыддӕгтӕй равдисдзынӕн. 19Дӕу уырны, Хуыцау иунӕг Хуыцау кӕй у, уый. Хорз кӕныс. Уый дӕлимонты дӕр уырны ӕмӕ ӕмризӕджы ризынц. g 20Фӕлӕ уырнындзинад ӕнӕ хъуыддӕгтӕй мард кӕй у, уый базонын дӕ фӕнды, ӕнӕзонд адӕймаг? 21Нӕ фыдӕл Авраам йӕ фырт Исаакы нывондхӕссӕныл куы ӕрӕвӕрдта, уӕд Хуыцау Авраамы йӕ хъуыддӕгты фӕрцы не сраст кодта, ӕви? h 22Куыд уыныс, афтӕмӕй йӕ уырнындзинад ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ фӕрсӕй-фӕрстӕм цыдысты, хъуыддӕгты фӕрцы йӕ уырнындзинад сси ӕнаипп. 23Афтӕ сӕххӕст, Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы, уый: «Авраам баууӕндыди Хуыцауыл, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй Хуыцау банымадта рӕстгӕнӕгыл». Ӕмӕ Авраамы схуындӕуыд Хуыцауы хӕлар. i 24Куыд уынут, афтӕмӕй Хуыцау адӕймаджы сраст кӕны ӕрмӕст уырнындзинады фӕрцы нӕ, фӕлӕ хъуыддӕгты фӕрцы дӕр. 25Афтӕ, хӕтаг сылгоймаг Рахав дӕр сгарджыты куы суазӕг кодта ӕмӕ сӕ ӕдас фӕндагыл куы арвыста, уӕд ӕй Хуыцау йӕ хъуыддӕгты фӕрцы не сраст кодта, ӕви? 26Уӕдӕ буар ӕнӕ удӕй мард куыд у, афтӕ уырнындзинад дӕр ӕнӕ хъуыддӕгтӕй мард у. j
Copyright information for
OssIBT2022