‏ James 4

Дунейӕн сӕттын ма бакомут

1Сымахмӕ фыдӕх ӕмӕ хъаугъатӕ кӕцӕй ис? Уӕ мидӕг кӕрӕдзиимӕ цы монцтӕ тох кӕнынц, уыдон сӕ нӕ расайынц, ӕви? a 2Бӕллут цӕмӕдӕр — ӕмӕ уын нӕй; марут ӕмӕ хӕлӕг кӕнут, фӕлӕ уӕддӕр уӕ бон йӕ райсын нӕу. Кӕрӕдзимӕ хӕссут фыдӕх, хъаугъа кӕнут; цы уӕ хъӕуы, уый нӕ райсут, уымӕн ӕмӕ нӕ курут. 3Куы фӕкурут, уӕд нӕ райсут, уымӕн ӕмӕ хорзӕхӕн нӕ курут, фӕлӕ уӕ монцтӕ бафсадынӕн. b 4Хуыцауы ныууадзӕг адӕм! Дунеимӕ хӕларӕй цӕрын Хуыцауӕн знаггад кӕнын кӕй у, уый нӕ зонут, ӕви? Уӕдӕ дунеимӕ хӕларӕй цӕрын чи равзара, уый Хуыцауӕн свӕййы знаг. c 5Ӕви сымах афтӕ ӕнхъӕлут, ӕмӕ Сыгъдӕг Фыст дзӕгъӕлы зӕгъы: «Хуыцау нӕ зӕрдӕты Кӕй ӕрцӕрын кодта, уыцы Уд мах афтӕ бирӕ уарзы, ӕмӕ Йӕ фӕнды, ӕрмӕстдӕр Уый дӕлбар куыд уӕм»? d

6Уыйхыгъд нын Хуыцау ноджы фылдӕр хорзӕх дӕтты. Уымӕ гӕсгӕ Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Хуыцау сӕрыстыртӕн сӕ ныхмӕ у,
сӕрныллӕджытӕн та хорзӕх дӕтты». e

7Уӕдӕ басӕттут Хуыцауы раз, ӕрлӕуут хӕйрӕджы ныхмӕ ӕмӕ уӕ алидздзӕн. 8Ӕрбахӕстӕг ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм ӕрбахӕстӕг уыдзӕн. Ссыгъдӕг кӕнут уӕ къухтӕ, тӕригъӕдджынтӕ; ӕрӕхсут уӕ зӕрдӕтӕ, уӕ дызӕрдыгтӕ аиуварс кӕнут. 9Хъыг кӕнут, кӕут ӕмӕ дзыназут. Уӕ худын раивут кӕуынӕй, уӕ цин — хъыгӕй. f 10Бардарӕджы раз ӕрныллӕг кӕнут уӕхи ӕмӕ уӕ сбӕрзонд кӕндзӕн. g

Тӕрхонгӕнӕг макӕмӕн ут

11Кӕрӕдзиуыл цъыф ма калут, ӕфсымӕртӕ. Йе’фсымӕрыл цъыф чи калы кӕнӕ йе’фсымӕрӕн чи тӕрхон кӕны, уый ӕгъдау фауы ӕмӕ йын тӕрхон хӕссы. Кӕд ӕгъдауӕн тӕрхон хӕссыс, уӕд ӕгъдау ӕххӕстгӕнӕг нӕ дӕ, фӕлӕ тӕрхонгӕнӕг. h 12Ӕгъдауӕвӕрӕг ӕмӕ Тӕрхонгӕнӕг ис ӕрмӕстдӕр иу, Йӕ бон у фервӕзын кӕнын дӕр ӕмӕ фесафын дӕр. Ды та чи дӕ, ӕмӕ хионӕн тӕрхон кӕнай? i

Уӕхицӕй ма ӕппӕлут

13Ныр та байхъусут сымах, афтӕ зӕгъджытӕ: «Абон кӕнӕ райсом ацӕудзыстӕм ахӕм ӕмӕ ахӕм сахармӕ, фӕцӕрдзыстӕм дзы афӕдз, кӕндзыстӕм сӕудӕджер ӕмӕ райсдзыстӕм ӕфтиаг». j 14Афтӕмӕй та, райсом цы ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зонут. Цы у уӕ цард? Сымах стут донытӕфау, исдуг чи фӕзыны ӕмӕ стӕй чи ӕрбайсӕфы. 15«Бардарӕджы куы бафӕнда, уӕд мах уыдзыстӕм удӕгас ӕмӕ сараздзыстӕм уый дӕр ӕмӕ уый дӕр», — афтӕ дзурыны бӕсты k 16сымах фыр хъалӕй уӕхицӕй ӕппӕлут. Алы ахӕм хиппӕлой ми дӕр фыдбылыз у. 17Уӕдӕ хорздзинад аразын кӕй хъӕуы, уый чи ӕмбары ӕмӕ йӕ нӕ кӕны, уымӕн уый тӕригъӕд у.
Copyright information for OssIBT2022