James 1
1Йаковӕй, Хуыцауы ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы цагъарӕй, — ӕцӕгӕлон адӕмты’хсӕн цы дыууадӕс мыггаджы ныххӕлиу, уыдонмӕ. Фӕрнджын ут.Уырнындзинад ӕмӕ куырыхон зонд
2Алы фӕлварӕнты куы бахаут, ме’фсымӕртӕ, уӕд ӕй уӕхицӕн нымайут стыр амондыл, a 3уымӕн ӕмӕ, уӕ уырнындзинад фӕлварӕнты куы бахауы, уӕд фӕразон кӕй свӕййут, уый зонут. b 4Фӕразондзинад та сымах хъуамӕ ӕркӕна, алцӕмӕй дӕр уӕ монон кары куыд бацӕуат ӕмӕ ӕххӕст куыд уат, ӕппындӕр уӕм куыд ницы аипп уа, уымӕ. 5Фӕлӕ уӕ кӕд искӕмӕн йӕ зонд фаг не’ххӕссы, уӕд алкӕмӕн дӕр рӕдауӕй ӕмӕ ӕнӕ уайдзӕфӕй дӕттӕг Хуыцауӕй ракурӕд, — ӕмӕ йын ратдзӕн. 6Ӕрмӕст курӕд, кӕй райсдзӕн, ууыл ӕууӕндгӕйӕ ӕмӕ бынтон ӕнӕдызӕрдыгӕй. Уымӕн ӕмӕ дызӕрдыггӕнӕг у, дымгӕ кӕй сисы ӕмӕ кӕмӕй фӕхъазы, уыцы денджызон уылӕнау. c 7Ахӕм адӕймаг Бардарӕгӕй исты райсыныл йӕ зӕрдӕ ма дарӕд — 8йӕ зонд дыууӕрдӕм хӕцы, ӕмӕ, цыдӕриддӕр ма араза — фаг ныфс ӕм нӕ разыны.Мӕгуыр ӕмӕ хъӕздыг
9Мӕгуыр ӕфсымӕр ӕппӕлӕд, Хуыцау ӕй бӕрзонд кӕй сӕвӕрдта, уымӕй. 10Хъӕздыг та — дӕлдзиныггонд кӕй ӕрцыди, уымӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ хъӕздыгдзинад быдираг дидинӕгау фӕцыдӕр уыдзӕн. d 11Скӕсы хур, ӕмӕ йӕ тӕвдӕй дидинӕг бахус вӕййы ӕмӕ ӕрызгъӕлы, йӕ рӕсугъддзинад ӕрбайсӕфы. Афтӕ хъӕздыг дӕр: йӕ хъуыддӕгтӕ аразгӕйӕ баруайдзӕн.Фыдӕвзарӕнтӕ — амондхӕссӕг
12Тӕхудиаг у фӕлварӕнӕн фӕразон адӕймаг, уымӕн ӕмӕ, фӕлвӕрд куы уа, уӕд райсдзӕни, чи Йӕ уарзы, уыдонӕн Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыцы хӕрзиуӕг — мыггагмӕйы цард. e 13Фӕлварӕнты чи бахауа, уый ма дзурӕд: «Хуыцау мӕ къахы». Хуыцауӕн фыдӕхӕй ракъахӕн нӕй, стӕй Йӕхӕдӕг дӕр никӕй къахы. f 14Фӕлӕ алкӕй дӕр ракъахы йӕхи монц, сцыбӕл ӕй кӕны ӕмӕ йӕ къӕппӕджы баппары. 15Монц ауадзы йӕ уидӕгтӕ, ӕмӕ дзы рацӕуы тӕригъӕд, тӕригъӕд та расайы мӕлӕт. g 16Ма фӕдзӕгъӕл ут, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ. 17Хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый дӕр, стӕй алы ӕххӕст лӕвар дӕр ӕрцӕуынц уӕлӕрвтӕй, иудадзыг иухуызон Чи у ӕмӕ ӕппындӕр Чи нӕ ивы, Уымӕй — рухсы Фыдӕй. h 18Йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ нын радта ног цард — ӕцӕгады ныхасы руаджы нӕ скодта Йӕ хъӕбултӕ. Кӕй сфӕлдыста, уыдонӕй мах хоры сӕрау рахицӕн кодта Йӕхицӕн. iРаст ныхасы маст нӕй
19Уӕ зӕрдыл бадарут, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ: алчидӕр рӕвдз уӕд байхъусынмӕ, рагацау хъуыды кӕнӕд йӕ ныхасыл, мӕстыгӕр ма уӕд. 20Уымӕн ӕмӕ мӕсты адӕймаджы бон нӕу, Хуыцауӕн фӕндон цы у, уый саразын. 21Уымӕ гӕсгӕ ныууадзут алы чъизи ми, алы фыдӕх; ӕвӕлмасӕй кӕсут Хуыцауы ныхасы коммӕ. Уыцы ныхас байтыдӕуыд уӕ зӕрдӕты, ӕмӕ йӕ бон у уӕ фервӕзын кӕнын. jӔцӕг уырнындзинад хъуыддӕгтӕй бӕрӕг у
22Ӕххӕст ӕй кӕнут ӕмӕ ма ут, ӕрмӕст ӕм байхъусынӕй дарддӕр чи ницы аразы ӕмӕ уымӕй йӕхӕдӕг йӕхи чи сайы, ахӕмтӕ. k 23Уымӕн ӕмӕ, ныхас чи хъусы, фӕлӕ йӕ чи не’ххӕст кӕны, уый у, кӕсӕны йӕхимӕ чи кӕсы, уыцы адӕймаджы хуызӕн: 24федта йӕхи, иуварс ацыд ӕмӕ дзы уайтӕккӕ ферох, цы хуызӕн у, уый. 25Фӕлӕ ахӕм нӕу, сӕрибардӕттӕг ӕнаипп ӕгъдау чи иртасы ӕмӕ йыл чи хӕцы, уыцы адӕймаг. Цы хъусы, уый ӕрмӕст йӕ зӕрдыл нӕ дары, фӕлӕ ма йӕ ӕххӕст дӕр кӕны. Ахӕм адӕймаг тӕхудиаг уыдзӕн йӕ алы хъуыддаджы дӕр. l 26Кӕд исчи йӕхи уырнӕгыл нымайы, йе’взагыл та йӕ бар нӕ цӕуы, уӕд йӕхӕдӕг йӕхи сайы ӕмӕ йӕ уырнындзинад ӕнӕпайда у. m 27Сидзӕрты, идӕдзты сӕ зынты барӕвдауын, а дунейы чъизитӕй хи бахизын, — уый у Фыд Хуыцауы раз сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕфау уырнындзинад. n
Copyright information for
OssIBT2022