James 5
Развӕдзӕхст бонджын адӕмӕн
1Байхъусут сымах, бонджынтӕ. Кӕут ӕмӕ дзыназут, цы бӕллӕхтӕ уӕ ӕрӕййафынц, уыдоны тыххӕй. a 2Уӕ мулк бамбыди, уӕ дарӕс уын бахордта рӕмпӕг. 3Уӕ сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист сызгӕ сты, се згӕ уӕ ныхмӕ ӕвдисӕн уыдзӕн ӕмӕ уын артау бахӕрдзӕн уӕ буар. Уӕ хӕзнатӕ ӕрӕмбырд кодтат рӕстӕджы кӕрон! b 4Уӕ хуымтӕ уын чи ныккарста, уыцы кусджыты мызд уӕхи бакодтат, ӕмӕ уыдон ӕрдиаг кӕнынц хъӕлӕсыдзагӕй. Уыцы хуымгӕрдджыты хъаст сыхъуысти Уӕларвӕфсады Бардарӕгмӕ. 5Сымах хъалӕй цардыстут зӕххыл, уӕ уды дзӕбӕхӕн; уӕхи хорз схастат уе’ргӕвдыны бонмӕ. c 6Сымах рӕстгӕнджытӕн тӕрхон куы хастат ӕмӕ сӕ куы мардтат, уӕд уын уыдон та ныхкъуырд нӕ лӕвӕрдтой.Зындзинӕдтӕн фӕразут
7Уӕдӕ, ӕфсымӕртӕ, Бардарӕджы ӕрцыдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут фӕразонӕй. Мӕнӕ зӕхкусӕг фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы зӕххы зынаргъ бӕркадмӕ, цалынмӕ фӕззыгон ӕмӕ уалдзыгон уарынтӕ ӕрцӕуой, уӕдмӕ. 8Фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсут сымах дӕр, фидар фӕлӕуут, уымӕн ӕмӕ Бардарӕджы ӕрцыдмӕ бирӕ нал баззади. d 9Кӕрӕдзийӕ хъаст ма кӕнут, ӕфсымӕртӕ, ӕмӕ тӕрхонгонд ма уат. Тӕрхонгӕнӕг ныридӕгӕн къӕсӕрыл лӕууы. 10Ме’фсымӕртӕ, Бардарӕджы номӕй чи дзырдта, уыцы пехуымпартӕ хъизӕмӕрттӕн куыд фӕразон уыдысты, афтӕ фӕразон ут сымах дӕр. e 11Мах амондджыныл нымайӕм, хъизӕмӕрттӕн кӕронмӕ чи бафӕрӕзта, уыдоны. Сымах фехъуыстат, Иов фӕразон кӕй разынди, уый тыххӕй, стӕй зонут, Дунедарӕг ын цы царды кӕрон балӕвар кодта, уый, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг хорзӕхджын ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ у. 12Уӕлдайдӕр, ме’фсымӕртӕ, ма сомы кӕнут нӕдӕр арвӕй, нӕдӕр зӕххӕй, нӕдӕр ӕндӕр истӕмӕй. Фӕлӕ уӕ «о» хъуамӕ уа «о», уӕ «нӕ» та — «нӕ», ӕмӕ тӕрхонгонд ма уат. fКӕрӕдзийӕн барут, кӕрӕдзийы тыххӕй кувут
13Хъизӕмар уӕ исчи ӕвзары? Кувӕд. Амондджын уӕ исчи у? Зарӕд Хуыцауӕй ӕппӕлӕн зарджытӕ. g 14Рынчын уӕ исчи у? Фӕдзурӕд аргъуаны хистӕртӕм. Уыдон ӕй Бардарӕджы номыл байсӕрддзысты оливӕйы сойӕ ӕмӕ йын скувдзысты. h 15Ӕмӕ, йӕ бындуры уырнындзинад кӕмӕн ис, уыцы куывдӕй сдзӕбӕх уыдзӕн рынчын, ӕмӕ йӕ Бардарӕг слӕууын кӕндзӕн йӕ къахыл. Кӕд тӕригъӕд ракодта рынчын, уӕд ын хатыргонд уыдзӕни. i 16Уӕдӕ уӕ тӕригъӕдтӕ ӕргом кӕнут кӕрӕдзийӕн, кувут кӕрӕдзийы тыххӕй ӕмӕ сӕнӕниз уат. Рӕстгӕнӕджы зӕрдиаг куывды бон бирӕ у. 17Илийа мах хуызӕн адӕймаг уыди. Фӕлӕ уарын цӕмӕй ма уа, уый тыххӕй зӕрдиагӕй ракуырдта Хуыцауӕй, ӕмӕ ӕртӕ азы ӕмӕ ӕхсӕз мӕйы зӕхмӕ иу ӕртах дӕр не’рхауд. j 18Стӕй, ногӕй куы бакуывта, уӕд ӕрцыд къӕвда, ӕмӕ зӕхх радта хор.Кӕронбӕттӕн
19Ме’фсымӕртӕ, исчи уӕ ӕцӕгадӕй куы адзӕгъӕл уа ӕмӕ йӕ иннӕ куы раздаха, k 20уӕд зонӕд: чи адзӕгъӕл ис, ахӕм тӕригъӕдджыны раздахӕг ын мӕлӕтӕй фервӕзын кӕндзӕн йӕ уд, ӕмӕ йын барст ӕрцӕудзысты бирӕ тӕригъӕдтӕ.
Copyright information for
OssIBT2022