‏ Jeremiah 1

1Ацы чиныджы фыст ӕрцыдысты Хилкиайы фырт Йеремиайы ныхӕстӕ. Уый уыдис Анатоты сауджынтӕй, Бениамины зӕххӕй. 2Дунедарӕг Йеремиайӕн Йӕ ныхас фехъусын кодта, Иудейы паддзах, Амоны фырт Иосиа, ӕртындӕсӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уыцы заман. 3Дунедарӕг йемӕ ныхас кодта Иудейы паддзах Иоакимы, Иосиайы фырты, заманы дӕр, стӕй фӕстӕдӕр, суанг иудейаг паддзах Цедекиайы, Иосиайы фырты, хицаудзинады иуӕндӕсӕм азмӕ, цалынмӕ уыцы азы фӕндзӕм мӕйы Йерусалимы цӕрджыты уацары нӕ акодтой, уӕдмӕ.

Дунедарӕг сӕвзӕрста Йеремиайы

4Дунедарӕг мын фехъусын кодта Йӕ ныхас: 5«Мады гуыбыны дӕ нӕма сӕвзӕрын кодтон, афтӕ дӕ равзӕрстон, гуырд нӕма уыдтӕ, афтӕ дӕ адӕмтӕн пехуымпарӕй сӕвӕрдтон».

6Ӕз Ын дзуапп радтон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Ӕз дзурынмӕ нӕ арӕхсын, — нырма ӕвзонг дӕн». 7Фӕлӕ мын Дунедарӕг загъта: «Ӕвзонг дӕн, зӕгъгӕ, ма дзур; кӕдӕм дӕ ӕрвитон, уырдӕм цӕудзынӕ ӕмӕ дын цыдӕриддӕр бафӕдзӕхсон, уыдӕттӕ дзурдзынӕ. 8Макӕмӕй тӕрс, уымӕн ӕмӕ Ӕз демӕ дӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз дыл Мӕ арм дардзынӕн».

9Дунедарӕг радардта Йӕ къух, бандзӕвыд мӕ былтыл ӕмӕ загъта: «Мӕ ныхӕстӕ дын бавӕрдтон дӕ комы. 10Абон дӕ Ӕз адӕмтӕ ӕмӕ паддзахӕдтӕй фӕуӕлдӕр кодтон, цӕмӕй ӕд уидаг тонай ӕмӕ сафай, дӕрӕн ӕмӕ афтид кӕнай, аразай ӕмӕ тауай».

11Дунедарӕг мын фехъусын кодта Йӕ ныхас: «Йеремиа, цы уыныс?» Ӕз дзуапп радтон: «Ӕхсӕры лӕдзӕг». 12Дунедарӕг мын загъта: «Раст уыныс, уымӕн ӕмӕ Ӕз Мӕхи цӕттӕ кӕнын Мӕ ныхас сӕххӕст кӕнынмӕ».

13Дунедарӕг мын ногӕй фехъусын кодта Йӕ ныхас: «Цы уыныс?» Ӕз Ын дзуапп радтон: «Фыцгӕ цӕджджинаг, цӕгатӕрдыгӕй фӕкъул ис». 14Дунедарӕг мын загъта: «Ацы зӕххы цӕрджытӕм цӕгатӕй ӕрбагуылф кӕндзӕн бӕллӕх. 15Ӕз цӕгаты паддзахӕдты адӕмтӕм се’ппӕтмӕ дӕр фӕсиддзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — уыдон ӕрбацӕудзысты ӕмӕ сӕ паддзахы къӕлӕтджынтӕ Йерусалимы кулдуары цур, йӕ систы раз ӕмӕ Иудейы алы сахары дӕр ӕрӕвӕрдзысты. 16Сӕ фыдракӕндты аххосӕй сын Ӕз цы тӕрхон рахастон, уый сын фехъусын кӕндзынӕн: ферох Мӕ кодтой, ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕн буд сыгътой ӕмӕ сӕхи къухӕй конд гуымирытӕм куывтой.

17Ӕрцӕттӕ кӕн дӕхи, цӕугӕ ӕмӕ дын цыдӕриддӕр бафӕдзӕхстон, уыдӕттӕ сын фехъусын кӕн. Ма сӕ фӕтӕрс, науӕд дӕ фесафдзынӕн сӕ разы. 18Абон Ӕз дӕуӕй скодтон фидаргонд сахар, ӕфсӕн цӕджындз ӕмӕ ӕрхуы сис — ацы ӕппӕт зӕхх, Иудейы паддзӕхтӕ ӕмӕ ӕлдӕрттӕн, сауджынтӕн ӕмӕ ацы зӕххы адӕмӕн ныхкъуырд раттынӕн. 19Уыдон тох кӕндзысты дӕ ныхмӕ, фӕлӕ дыл нӕ фӕуӕлахиз уыдзысты, уымӕн ӕмӕ Ӕз демӕ дӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — Мӕ арм дыл дардзынӕн».
Copyright information for OssIBT2022