‏ Jeremiah 10

1Израилы байзӕддӕгтӕ, байхъусут, Дунедарӕг уын цы зӕгъы, уымӕ!

2Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Ӕндӕр адӕмты фӕндӕгтыл уӕхи ма ахуыр кӕнут ӕмӕ, иннӕ адӕмтӕ цы ӕрвон ӕвдисӕйнӕгтӕй тӕрсынц, уыдонӕй ма тӕрсут. 3Уымӕн ӕмӕ адӕмтӕн ис ницӕйаг ӕгъдӕуттӕ: хъӕды акалынц бӕлас, хъӕддӕсны йӕ бабӕстон кӕны фӕрӕтӕй, 4сфӕлындынц ӕй сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй ӕмӕ, цӕмӕй фидар лӕууа, уый тыххӕй йӕ дзӕбуг ӕмӕ зӕгӕлтӕй ныххойынц. 5Гуымирытӕ, джитъриты хуымы цы быдыргъ фӕлӕууы, уымӕй уӕлдай не сты: сӕ бон дзурын нӕу, хӕссын сӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ цӕуын нӕ зонынц. Ма сӕ тӕрсут — сӕ бон уын фыдбылыз саразын нӕу, фӕлӕ уын хорзӕй дӕр ницы ракӕндзысты».

6О Дунедарӕг, никуы ис Дӕу хуызӕн! О, стыр дӕ Ды, хъомысджын у Дӕ ном! 7О, адӕмты Паддзах, чи нӕ фӕтӕрсдзӕн Дӕуӕй! Кады аккаг ӕрмӕстдӕр Ды дӕ! Ӕппӕт паддзахӕдты, адӕмты ӕппӕт куырыхонты’хсӕн Дӕуӕн ӕмбал нӕй!

8Гуымирытӕ ӕнӕзонд сты, зондцухтӕ. Уыдон цӕуыл хъуамӕ сахуыр кӕной адӕмы? 9Таршишӕй сласынц ӕвзист, Уфазӕй — сыгъзӕрин. Згъӕртайынгӕнӕг ӕмӕ нывгӕнӕг сӕ бабӕстон кӕнынц, сӕ уӕлӕ сын скӕнынц сӕнт сырх хъуымацӕй дарӕс, сфӕлындынц сӕ гиацинтӕй, се’ппӕт дӕр — ӕрмдӕсныты куыст.

10Ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг у ӕцӕг Хуыцау, Уый у цардӕгас Хуыцау ӕмӕ ӕнусон Паддзах. Йӕ мастӕй сӕнкъуысы зӕхх, адӕм ӕдых сты Йӕ масты раз.

11Зӕгъут сын: «Арв ӕмӕ зӕхх цы гуымирытӕ не сфӕлдыстой, уыдон фӕдӕлдзӕх уыдзысты».

12Уый Йӕ хъомысӕй сфӕлдыста зӕхх, Йӕ уӕлзонды фӕрцы сфидар кодта дуне, ӕгӕрон зондӕй айтыгъта уӕлӕрвтӕ. 13Уый куы фӕзӕгъы, уӕд къӕвда рауары, зӕххы кӕрӕттӕй мигътӕ сисы. Тӕрккъӕвдайы рӕстӕг Уый рарвиты ӕрвӕрттывдтӕ, Йе’вӕрӕнтӕй рауадзы дымгӕ.

14Ӕдылытӕ сты адӕм, зонынад сӕм нӕй; згъӕртайынгӕнӕг йӕхи худинаг кӕны джиппыуагъд гуымирытӕй, йӕ кӕрдгӕнывтӕ сты мӕнг, уд сӕ нӕй. 15Худӕг ӕмӕ ницӕйаг сты уыдон, сӕ тӕрхоны заман фесӕфдзысты. 16Фӕлӕ Йаковӕн ӕндӕр уыдзӕн йӕ хъысмӕт. Ӕппӕтдӕр Чи сфӕлдыста, Уый — йӕ Хуыцау, израилӕгтӕ — Йӕ исбон ӕмӕ Йӕ адӕм, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг.

17О асадӕны бадӕг! Дӕ папитӕ ӕрӕмбырд кӕн ӕмӕ ныууадз дӕ бӕстӕ, 18уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ныр ӕз ацы зӕххы цӕрджыты фӕсурдзынӕн, фыдбылызы сӕ баппардзынӕн, се знӕгтӕ сӕ куыд ӕрцахсой, афтӕ».

19О, додойаг фӕдӕн! Удхарӕй мӕлын, мӕ хъӕдгӕмттӕ риссынц, фӕлӕ зӕгъын мӕхицӕн: «О хъизӕмар, быхсдзынӕн дын!»

20Мӕ цатыр — афтид, йӕ бӕндӕнтӕ иууылдӕр — скъуыд, мӕ фырттӕ мӕ ныууагътой, фӕцыдӕр сты. Ныр мын мӕ цатыр чи айтындздзӕн, чи йын ӕрцауындздзӕни йе’мбӕрзӕнтӕ?

21Фыййӕуттӕн сӕ зонд фӕцыди. Дунедарӕджы нӕ агурынц, ӕмӕ сӕ хъуыддӕгты ӕнтыстджын нал сты, сӕ рӕгъӕуттӕ ныххӕлиу сты.

22Мӕнӕ айхъуысти уац, цӕгатаг зӕххӕй ӕвирхъау уынӕр хъуысы! Иудейы сахартӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестдзысты, хъӕддаг куыйты цӕрӕнбынат.

23Дунедарӕг, ӕз базыдтон, адӕймаг йӕ цардвӕндагӕн хицау кӕй нӕу, уый, фӕндаггонӕн йӕ къахдзӕфтыл йӕ бар кӕй нӕ цӕуы.

24О Дунедарӕг, бафхӕр мӕ, ӕрмӕст мӕстыйӕ нӕ! Аккаг ӕфхӕрд мын ратт, фӕлӕ мӕ сафгӕ ма фӕкӕн! 25Дӕу чи нӕ зоны ӕмӕ Дын Дӕ ном чи нӕ ары, уыцы адӕмтыл Дӕ маст ныккал, уымӕн ӕмӕ уыдон аныхъуырдтой, бабын кодтой Йаковы, йӕ хӕдзӕрттӕ йын сафтид кодтой.
Copyright information for OssIBT2022