Jeremiah 11
1Дунедарӕг Йеремиайӕн загъта: 2«Байхъус ацы фидыды ныхӕстӕм, Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн сӕ фехъусын кӕн. 3Зӕгъ сын: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Хуыцау: ацы фидыды ныхӕстӕм чи нӕ хъусы, уый ӕлгъыст у. 4Ӕз уын уӕ фыдӕлты Мысыры зӕххӕй, ӕфсӕйнаг тайынгӕнӕн куынцгомӕй, куы ракодтон, уӕд сын ацы фидыд ӕххӕст кӕнын бафӕдзӕхстон, загътон сын: Мӕ ныхасмӕ Мын хъусут, цыдӕриддӕр уын фӕдзӕхсон, уыдӕттӕ кӕнут, ӕмӕ уыдзыстут Мӕ адӕм, Ӕз та — уӕ Хуыцау. 5Ӕмӕ уӕд Ӕз сӕххӕст кӕндзынӕн, уӕ фыдӕлтӕн уын цы сомы ракодтон, уый, ӕхсыр ӕмӕ мыд цы зӕххӕй хъары ӕмӕ абоны онг уӕ къухы чи ис, уыцы зӕхх сын ратдзынӕн, зӕгъгӕ“». Ӕз дзуапп радтон: «Аммен, Дунедарӕг!» 6Дунедарӕг мын загъта: «Ацы ныхӕстӕ Иудейы сахартӕ ӕмӕ Йерусалимы уынгты фехъусын кӕн. Зӕгъ-иу: „Ацы фидыды ныхӕстӕм хъусут ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнут! 7Уӕ фыдӕлты уын Мысырӕй куы ракодтон, уӕдӕй абонмӕ сын ӕдзухдӕр фӕдзӕхстон: ‚Мӕ ныхасмӕ Мын хъусут‘. 8Фӕлӕ уыдон нӕ хъуыстой ӕмӕ сӕ хъус ницӕмӕ’рдардтой, иууылдӕр хивастӕй цардысты. Уымӕ гӕсгӕ, ацы фидыды цы ныхӕстӕ ис, ӕххӕст кӕнын сын кӕй бафӕдзӕхстон ӕмӕ кӕй не’ххӕст кодтой, уыдон сын Ӕз иууылдӕр сарӕзтон сӕ ныхмӕ“». 9Дунедарӕг мын загъта: «Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджыты’хсӕн сӕвзӕрди фыдвӕнд. 10Сӕ фыдӕлты Мӕ ныхӕстӕм хъусын нӕ бафӕндыд, ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл адзӕгъӕл сты ӕмӕ сын лӕггад кодтой. Адон дӕр сын фӕзмынц сӕ фыдракӕндтӕ. Израил ӕмӕ Иудӕйы байзӕддӕгтӕ, сӕ фыдӕлтимӕ сын цы фидыд сарӕзтон, уый фехӕлдтой». 11Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Мӕнӕ сыл Ӕз фыдбылыз ӕруадздзынӕн, ӕмӕ дзы сӕ бон фервӕзын не суыдзӕн. Хъӕрахст Мӕм кӕндзысты, фӕлӕ сӕ нӕ фехъусдзынӕн. 12Ӕмӕ уӕд Иудейы сахартӕ ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ, хӕрздӕфгӕнӕнтӕ цы хуыцӕуттӕн судзынц, уыдонмӕ дзыназдзысты, фӕлӕ сын бӕллӕхы заман уыдон ницӕмӕй феххуыс уыдзысты. 13О Иудей! Дӕ сахартӕ цӕйбӕрц сты, дӕ хуыцӕуттӕ дӕр — уый бӕрц! Йерусалимы цал уынджы ис, уал нывондхӕссӕны дзы сӕвӕрдтат, цӕмӕй сыл ӕлгъаг Баалӕн будсудзӕн кӕнат! 14Ды там Мӕм ацы адӕмы тыххӕй мауал кув, ма Мӕм хат ӕмӕ Мын лӕгъстӕ ма кӕн — бӕллӕхы заман Мӕм хъӕрахст куы кӕной, уӕд сӕ нӕ фехъусдзынӕн. 15Мӕ уарзонӕн Мӕ Хӕдзары цы ис? Йӕ фыдракӕндтӕ сбирӕ сты. Нывондаг дзидза дӕ куыд айсон, дӕ фыдракӕндтыл цин куы кӕныс, уӕд? 16Дунедарӕг дӕу хуыдта дидинӕгкалӕг, диссаджы дыргътӕ кӕуыл ис, ахӕм оливӕ бӕлас. Фӕлӕ йӕ тыхджын уады уынӕримӕ арты басыгъта, ныссастысты йӕ къалиутӕ. 17Фыдбылыз дыл бафтыдта Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Чи дӕ ныссагъта, Уый, уымӕн ӕмӕ Израил ӕмӕ Иудӕйы байзӕддӕгтӕ фыдракӕндтӕ фӕкодтой, Баалӕн хӕрздӕфгӕнӕнтӕ кӕй сыгътой, уымӕй Мӕ мӕсты кодтой». 18Дунедарӕг мын радзырдта сӕ фыдвӕнд, ӕмӕ йӕ базыдтон, сӕ хъуыддӕгтӕ мын раргом кодта! 19Мӕн та, ӕууӕндаг уӕрыккау ӕргӕвдынмӕ фӕцӕйкодтой, мӕ ныхмӕ мын цы фыдвӕндтӕ аразынц, уый нӕ зыдтон. Уыдон загътой: «Фесафӕм дидинӕгкалӕг бӕлас, уадз ӕмӕ удӕгӕсты’хсӕн мауал уа, ферох уа йӕ ном». 20Фӕлӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг раст тӕрхон кӕны, уд ӕмӕ зӕрдӕ фӕлвары. Уадз ӕмӕ фенон, мӕ маст мын куыд райсдзынӕ, уый, уымӕн ӕмӕ мӕ хъуыддаг Дӕ бар бакодтон. 21Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Анатоты цӕрджыты тыххӕй, дӕ мӕлӕтмӕ дын чи бӕллы ӕмӕ дын афтӕ чи дзуры: «Дунедарӕджы номӕй пехуымпариуӕг ма кӕн, науӕд дӕ амардзыстӕм». 22Уӕларвӕфсады Бардарӕг уыдоны тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Мӕ азары хай сӕ бакӕндзынӕн! Сӕ лӕппуты сын бабын кӕндзӕн кард, сӕ фырттӕ ӕмӕ сӕ чызджытӕ сыдӕй амӕлдзысты. 23Иунӕг дӕр дзы нӕ фервӕздзӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ тӕрхоны заман Ӕз Анатоты цӕрджытыл фыдбылыз бафтаудзынӕн».
Copyright information for
OssIBT2022