Jeremiah 12
1О Дунедарӕг, Ды дӕ раст Хуыцау, ӕмӕ Дӕумӕ хӕссын мӕ хъаст! Ӕз Демӕ дзурдзынӕн рӕстдзинадыл! Ӕнӕхуыцӕуттӕ ӕнтыстджын цӕмӕн сты, мӕнгардтӕ — амондджын? 2Ныссагътай сӕ, ӕмӕ сӕ уидӕгтӕ арф ауагътой, сырӕзтысты, ӕмӕ сыл дыргътӕ фӕзынди. Ӕдзух Дӕ кой кӕнынц, фӕлӕ сӕ зӕрдӕтӕй дард дӕ. 3Дунедарӕг, мӕн та зоныс, цы зӕрдӕ Дӕм дарын, уый уыныс. Фыстау сӕ ӕргӕвдӕнмӕ акӕн, фӕхицӕн сӕ кӕн ӕргӕвдынӕн! 4Кӕдмӕ дзыназдзӕн зӕхх, быдырты кӕрдӕг кӕдмӕ хус кӕндзӕн? Зӕххон цӕрджыты аххосӕй сӕфынц цӕрӕгойтӕ ӕмӕ мӕргътӕ, уымӕн ӕмӕ уыдон дзурынц: «Нӕ фӕндӕгтӕ нын Уый нӕ уыны».Дунедарӕджы дзуапп Йеремиайӕн
5«Адӕмимӕ фистӕгӕй згъоргӕйӕ, саувӕллад куы бадӕ, уӕд барджытимӕ ерыс куыд кӕндзынӕ? Сабыр зӕххыл-иу куы ахаудтӕ, уӕд Иорданы был пыхсбыны цы фӕуыдзынӕ? 6Суанг дыл де’фсымӕртӕ ӕмӕ дӕ хӕдзаронтӕ дӕр гадзрахатӕй рацыдысты, хъӕр кӕнынц дӕ фӕдыл. Хӕларзӕрдӕйӕ дӕм куы дзурой, уӕд дӕр-иу сыл ма баууӕнд. 7Ӕз ныууагътон Мӕ Хӕдзар ӕмӕ Мӕ исбон, ӕппӕтӕй зынаргъдӕр Мын цы у, уый знӕгты къухтӕм радтон. 8Мӕ исбон, тар хъӕды цы домбай цӕры, уый ӕнгӕс сси: рыхы Мӕныл, ӕнӕуынон Мын фестад. 9Мӕ исбоны алыварс тугдзых мӕргътӕ ӕрӕмбырд сты, цыма хъулон тугдзых маргъ у, уыйау. Цӕугӕут ӕмӕ ӕппӕт быдираг сырдты ӕрӕмбырд кӕнут! Уадз ӕмӕ Мын аныхъуырой Мӕ исбон! 10– 11Ӕнӕнымӕц фыййӕуттӕ Мын сафтид кодтой Мӕ сӕндон, бассӕстой Мын Мӕ исбон, Мӕ уарзон зӕхх Мын ӕдзӕрӕг быдыр фестын кодтой, сафтид ис ӕмӕ кӕуы. Гӕныстонмӕ ӕрцыд ӕгас зӕхх, ӕмӕ уый нымады дӕр никӕмӕ у. 12Гӕныстонгӕнджытӕ фӕцӕуынц ӕдзӕрӕг быдыры къуыбыртыл, Дунедарӕджы кард ӕгас зӕхх ныхъуыры, ӕмӕ иу уд дӕр ӕнцой нал зоны. 13Мӕнӕу байтыдтой, фӕлӕ какон сындзытӕ ӕркарстой, сӕхи дзӕгъӕлы удхарӕй фӕмардтой. Хор уӕм кӕй не’рзад, уый тыххӕй фыр тӕссӕй нырризут — Дунедарӕджы маст уӕм ссыгъди!» 14Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Мӕ адӕмӕн, Израилӕн, цы исбон балӕвар кодтон, уымӕ чи бахъавыд, уыцы фыдзӕрдӕ сыхӕгты Ӕз сӕ зӕххӕй срӕдувдзынӕн, Иудӕйы мыггаджы та ратондзынӕн се’хсӕнӕй. 15Куы сӕ ратонон, уӕд та сын ныббардзынӕн ӕмӕ дзы алкӕй дӕр йӕ зӕххы хаймӕ раздахдзынӕн. 16Ӕмӕ кӕд ӕцӕгӕлӕттӕ Мӕ адӕмы фӕндӕгтыл сахуыр уой ӕмӕ Дунедарӕджы номӕй сомы кӕной, кӕддӕр сӕхӕдӕг Мӕ адӕмы Баалӕй сомы кӕнын куыд сахуыр кодтой, афтӕ, уӕд Мӕ адӕмы’хсӕн ӕрфидар уыдзысты. 17Чи Мӕм нӕ байхъуса, уыцы адӕмӕн та сӕ мыггаг сыскъуыйын кӕндзынӕн ӕмӕ фесафдзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.
Copyright information for
OssIBT2022