‏ Jeremiah 14

1Дунедарӕг Йеремиайӕн, хурхӕтӕн заман кӕй ралӕудзӕн, уый фехъусын кодта.

2Кӕуы Иудей, йӕ кулдуӕрттӕ фӕлмӕцынц, ныссау сты, лӕзӕрынц зӕххыл; Йерусалимӕй хъарӕг хъуысы.

3Уӕздӕттӕ сӕ лӕггадгӕнджыты донмӕ арвитынц, уыдон ӕрцӕуынц цъайтӕм, фӕлӕ дон нӕ арынц. Фӕстӕмӕ афтид дурынтимӕ здӕхынц, рохстӕй ӕмӕ ӕфсӕрмхуызӕй сӕ сӕртӕ бамбӕрзынц.

4Зӕхх ӕнӕ донӕй ныскъуыдтӕ ис, зӕхкусджытӕ къӕмдзӕстыгӕй сӕ сӕртӕ’мбӕрзынц. 5Суанг быдираг хъуаз дӕр йӕ ноггуырды ныууадзы, уымӕн ӕмӕ кӕрдӕг нӕй. 6Хъӕддаг хӕрджытӕ къуыбыртыл лӕууынц, хъӕддаг куыйтау ныхъуырынц уӕлдӕф; сӕ цӕстӕнгас ныттар — кӕрдӕг сын нӕй.

7О Дунедарӕг! Нӕ хъуыддӕгтӕ ныл комдзог цӕуынц, фӕлӕ нӕ сӕрыл рахӕц Дӕ номы сӕраппонд, кӕд нӕ гадзрахаттӕ ӕнӕнымӕц сты ӕмӕ Дӕ разы тӕригъӕдтӕ фӕкодтам, уӕддӕр.

8Израилӕн йӕ зӕрдӕдарӕн Ды дӕ, бӕллӕхы заман — Ирвӕзынӕнӕг! Ацы зӕххӕн ӕцӕгӕлон цӕмӕн сдӕ ныр, ӕрмӕст ӕхсӕвиуат бакӕнынмӕ йӕ фӕндагӕй чи фӕзилы, уыцы бӕлццонау? 9Рохст лӕджы, фервӕзын кӕнын нӕ йӕ бон кӕмӕн нӕу, ахӕм хӕстоны хуызӕн цӕмӕн сдӕ?

О Дунедарӕг, не’хсӕн куы цӕрыс, Дӕ ном ныл куы сӕвӕрдӕуыд! О, ма нӕ ныууадз, курӕм!

10Дунедарӕг ацы адӕмы тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Уыдон уарзынц лекка кӕнын, бауромӕн сын нал ис, ӕмӕ сын Дунедарӕг хӕрзаудӕн нал кӕны; сӕ фыдракӕндтӕ сын ӕрымысдзӕн ныр, сӕ тӕригъӕдты тыххӕй сӕ бафхӕрдзӕн».

11Дунедарӕг мын загъта: «Ацы адӕмы фарны сӕраппонд Мӕм ма кув. 12Ком куы дарой, уӕд сын Ӕз сӕ кӕуын нӕ фехъусдзынӕн. Уыдон Мын иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ хойраджы хуынтӕ ӕрхӕсдзысты, фӕлӕ сӕ Ӕз нӕ айсдзынӕн, кард, стонг ӕмӕ рынӕй сӕ ныццӕгъддзынӕн!»

13Уӕд ӕз загътон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Пехуымпартӕ сын дзурынц: „Сымах кард нӕ фендзыстут ӕмӕ стонг нӕ бавзардзыстут. Ӕз уын ацы бынаты балӕвар кӕндзынӕн фидар сабырдзинад“».

14Ӕмӕ мын Дунедарӕг загъта: «Пехуымпартӕ Мӕ номӕй мӕнг ныхӕстӕ дзурынц. Ӕз сӕ нӕ арвыстон, ницы сын бафӕдзӕхстон ӕмӕ семӕ нӕ дзырдтон. Рагуацты хуызы уын дзурынц мӕнг цӕстылуайӕнтӕ, тутт кӕлӕнтӕ ӕмӕ сӕхи гӕды ныхӕстӕ».

15Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Ӕз сӕ нӕ арвыстон, афтӕмӕй Мӕ номӕй афтӕ цы пехуымпартӕ зӕгъынц, ацы зӕххыл нӕдӕр кард, нӕдӕр стонг уыдзӕни, зӕгъгӕ, уыдон сӕхӕдӕг кард ӕмӕ стонгӕй амӕлдзысты. 16Ӕмӕ, пехуымпариуӕг цы адӕмӕн кӕнынц, уыдон дӕр кард ӕмӕ стонгӕй фесӕфдзысты. Йерусалимы уынгты лӕзӕрдзысты ӕмӕ сӕ баныгӕнӕг нӕ уыдзӕн — сӕхи дӕр, стӕй сӕ устытӕ, сӕ фырттӕ ӕмӕ сӕ чызджыты дӕр. Цы фыдбылызы аккаг сты, уый сын Ӕз бавзарын кӕндзынӕн.

17Ацы ныхӕстӕ сын фехъусын кӕн».

Ӕхсӕвӕй-бонӕй ма бахус уӕд мӕ цӕссыг, уымӕн ӕмӕ мӕ адӕмы чызгӕн тынг арф у йӕ хъӕдгом, уӕззау сты йӕ цӕфтӕ.
18Быдырмӕ рацӕуон — кардӕй кӕй фӕмардтой, уыдон, сахармӕ бацӕуон — ӕххормӕгтӕ удхарӕй мӕлынц. Пехуымпарӕй, сауджынӕй сдзӕгъӕл сты, цы кусынц, уый нал ӕмбарынц.

19Ау, Иудейы бынтон аппӕрстай Дӕхицӕй? Ау, Сион Дын ӕнӕуынон сси? Ахӕм цӕф нын цӕмӕн ныккодтай? Сдзӕбӕхы амал нын куынӕуал ис! Сабырдзинадмӕ ӕнхъӕлмӕ кастыстӕм, фӕлӕ хорзӕй ницы уынӕм, ӕнхъӕлмӕ кастыстӕм сдзӕбӕхмӕ, нӕ алыварс та — ӕвирхъау бӕллӕхтӕ.

20Дунедарӕг, нӕхи ӕмӕ нӕ фыдӕлты фыдракӕндтыл сӕттӕм, фӕтӕригъӕдджын стӕм Дӕ разы. 21Фӕлӕ нӕ Дӕ номы сӕраппонд ма аппар, Дӕ кадджын паддзахы бадӕн ӕгады бынатмӕ ма’руадз. Немӕ кӕй сарӕзтай, уыцы фидыд ӕрымыс, ма йӕ фехал.

22Ау, адӕмты гуымирытӕн сӕ бон къӕвда раттын у? Ау, арв нын йӕхӕдӕг ратдзӕн къӕвда? Нӕ Дунедарӕг ӕмӕ нӕ Хуыцау Ды нӕ дӕ? Дӕуыл дарӕм нӕ зӕрдӕ, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ Ды аразыс.
Copyright information for OssIBT2022