Jeremiah 16
1Дунедарӕг мын загъта: 2«Ус ма ракур, уадз ӕмӕ дын ацы зӕххыл ма уа нӕдӕр фырттӕ, нӕдӕр чызджытӕ». 3Уымӕн ӕмӕ, ацы ран чи райгуырди, уыцы фырттӕ ӕмӕ чызджыты, стӕй сӕ мадӕлтӕ ӕмӕ сӕ фыдӕлты тыххӕй Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: 4«Хъизӕмӕрттимӕ амӕлдзысты, цӕссыг дӕр сыл ничи ӕркалдзӕн ӕмӕ сӕ ныгӕнгӕ дӕр нӕ бакӕндзысты, фаджысау баззайдзысты уӕлӕуыл. Кард ӕмӕ стонгӕй бабын уыдзысты, сӕ мӕрдтӕ уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ зӕххон сырдтӕн холы суыдзысты». 5Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Хист кӕм кӕнынц, ахӕм хӕдзармӕ хъарӕг ӕмӕ тӕфӕрфӕс кӕнынмӕ ма бацу, уымӕн ӕмӕ Ӕз ацы адӕмӕн сӕ сабыр цард байстон, Мӕ хорзӕх ӕмӕ Мӕ тӕригъӕдӕй ӕнӕхай фесты. 6Номджынӕй, мӕгуырӕй, ацы зӕххы адӕм иууылдӕр амӕлдзысты ӕмӕ ӕнӕныгӕдӕй баззайдзысты. Ничи сыл скӕудзӕн, уыдоны тыххӕй йӕ буар ничи ныллыгтӕ кӕндзӕн ӕмӕ йӕ сӕр ничи адасдзӕн. 7Зӕрдӕсастыты барӕвдауынӕн уыцы мӕрдты номыл кӕрдзын ничи асӕтдзӕн; сӕ ныййарджыты куы мысой, уӕд сын сӕ зӕрдӕтӕ фӕфидар кӕнынӕн нуазӕн кӕхц ничи ратдзӕн. 8Куывд кӕм кӕнынц, уыцы хӕдзармӕ дӕр ма бацу ӕмӕ семӕ иу фынгыл ма’рбад, ма хӕр ӕмӕ ма нуаз». 9Уымӕн ӕмӕ афтӕ зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау: «Уӕ цӕстыты раз, уӕ заманы, Ӕз ацы зӕххыл цин, хъӕлдзӕгдзинад ӕмӕ чындзӕхсӕвы уынӕр бамынӕг кӕндзынӕн. 10Ды адӕмӕн ацы ныхӕстӕ куы фехъусын кӕнай, уӕд дӕ фӕрсдзысты: „Дунедарӕг нын рагацау ахӕм стыр бӕллӕхы кой цӕмӕн кӕны? Цӕй мидӕг ис нӕ азым? Цавӕр тӕригъӕд ракодтам Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы раз?“ 11Уӕд-иу сын дзуапп ратт: уӕ фыдӕлтӕ Мӕ ныууагътой, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕн куывтой ӕмӕ сын лӕггад кодтой, Мӕн та ныууагътой ӕмӕ Мын Ме’Гъдау не’ххӕст кодтой. 12Фӕлӕ сымах уӕ фыдӕлтӕй фыддӕр фестут, алчидӕр уӕ йӕ хивӕнд зӕрдӕйы фӕдыл цӕуы ӕмӕ Мӕм нӕ хъусы. 13Уый тыххӕй уӕ Ӕз ацы зӕххӕй, нӕдӕр уӕ фыдӕлтӕ, нӕдӕр уӕхӕдӕг кӕй зыдтат, уыцы бӕстӕм фӕсурдзынӕн. Ӕмӕ уым ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕм кувдзыстут, уымӕн ӕмӕ уын Ӕз нӕ ныххатыр кӕндзынӕн. 14Фӕлӕ ралӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ афтӕ ничиуал зӕгъдзӕн: „Цардӕгас у Дунедарӕг! Уый ракодта Израилы фыртты Мысырӕй“. 15Дзурдзысты афтӕ: „Цардӕгас у Дунедарӕг! Уый раздӕхта Израилы фыртты цӕгатаг зӕххӕй, кӕдӕм сӕ фӕсырдта, ӕппӕт уыцы бӕстӕтӕй“. Уымӕн ӕмӕ сӕ Ӕз, сӕ фыдӕлтӕн сын кӕй радтон, уыцы зӕхмӕ раздахдзынӕн. 16Ӕз арвитдзынӕн бирӕ кӕсагахсджыты, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ сӕ уыдон кӕсӕгтау ахсдзысты. Уый фӕстӕ арвитдзынӕн бирӕ цуанӕтты, ӕмӕ сӕ уыдон алы хох ӕмӕ алы къуыбырӕй, къӕдзӕхты алы лӕгӕтӕй сурдзысты. 17Уымӕн ӕмӕ сын Ӕз сӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр уынын. Нӕ бамбӕхсдзысты Мӕнӕй, сӕ фыдракӕндтӕ Мӕ цӕстытӕй нӕ басусӕг кӕндзысты. 18Сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сын сӕ фыдракӕндтӕ Ӕз бафиддзынӕн дывӕрӕй, уымӕн ӕмӕ Мын Мӕ зӕхх ӕнаккаг мӕрдтӕй фӕчъизи кодтой, Мӕ зӕххы хай Мын се’лгъӕгтӕй байдзаг кодтой». 19О Дунедарӕг! Ды — мӕ тых, мӕ мӕсыг,бӕллӕхы заман ме’мбӕхсӕн Ды дӕ!
Цӕудзысты Дӕм зӕххы кӕрӕттӕй адӕмтӕ,
зӕгъдзысты Дын: «Нӕ фыдӕлтӕн сӕ бынтӕ —
ӕнӕпайда гуымирытӕ, мӕнгдзинад.
20Ау, адӕймаг йӕхицӕн скӕндзӕни хуыцӕутты?
Ӕниу, кӕд уыдысты хуыцӕуттӕ?»
21«Мӕнӕ сын Ӕз Мӕ хъомысджын къух равдисдзынӕн, ӕмӕ базондзысты, Мӕ ном Дунедарӕг кӕй у, уый.
Copyright information for
OssIBT2022