Jeremiah 18
1Дунедарӕг Йеремиайӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас: 2«Ацу дурынгӕнӕджы хӕдзармӕ, ӕмӕ дын уым Мӕ ныхас фехъусын кӕндзынӕн». 3Ӕз дурынгӕнӕджы хӕдзармӕ бацыдтӕн ӕмӕ йӕ баййӕфтон йӕ куысты уӕлхъус. 4Ӕлыгӕй цы мигӕнӕн арӕзта, уый йӕ къухты ныппырх ис, ӕмӕ сарӕзта ӕндӕр, цавӕр ӕй бафӕндыд, ахӕм. 5Дунедарӕг мын загъта: 6«Израилы байзӕддӕгтӕ! Ау, сымахӕн Мӕ бон, дурынгӕнӕгӕг ӕлыгӕн цы бакуыста, уый бакӕнын нӕу? — зӕгъы Дунедарӕг. — Израилы фӕстагӕттӕ, дурынгӕнӕгӕн ӕлыгыл йӕ бар куыд цӕуы, афтӕ сымах дӕр Мӕ къухы стут. 7Иуӕй-иу хатт Ӕз искӕцы адӕмы кӕнӕ паддзахады тыххӕй фӕзӕгъын: йӕ бындзарӕй йӕ срӕдувдзынӕн, басӕтдзынӕн ӕй ӕмӕ йӕ бабын кӕндзынӕн. 8Фӕлӕ, афтӕ цы адӕмӕй загътон, уыдон сӕ фыдракӕндтӕ куы ныууадзынц, уӕд Мӕ фӕнд аивын, цы бӕллӕх сыл ӕруадзынмӕ хъавыдтӕн, уый сыл нал бафтауын. 9Ӕз сфӕнд кӕнын искӕцы адӕм кӕнӕ паддзахад сфидар ӕмӕ ӕрбынӕттон кӕнын. 10Фӕлӕ уыцы адӕм Мӕ разы фыдракӕндтӕ куы фӕкӕнынц ӕмӕ Мӕм куы нӕ фӕхъусынц, уӕд Мӕ фӕнд аивын, цы хорзӕх сын балӕвар кӕнынмӕ фӕхъавын, уый сын нал раттын. 11Уӕдӕ зӕгъ Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Ӕз уын цӕттӕ кӕнын фыдбылыз, уӕ ныхмӕ аразын фыдвӕнд. Алчидӕр уӕ йӕ фыдвӕндӕгтӕ ныууадзӕд, уӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ уӕ хъуыддӕгтӕ сраст кӕнут“. 12Фӕлӕ дын уыдон зӕгъдзысты: „Ӕдылы ныхӕстӕ! Цыдӕриддӕр нӕ фӕнды, уыдӕттӕ кӕндзыстӕм, нӕхи куыд фӕнды, афтӕ цӕрдзыстӕм“. 13Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Бафӕрсут-ма адӕмты, ахӕм диссаг, цымӕ, искуы фехъуыстӕуыд? Израилы чызг ӕбуалгъ цъаммар митыл бафтыд! 14Ливаны хӕхтӕй искуы мит фесӕфы? Хӕххон суадӕттӕ, уазал цӕугӕдӕттӕ искуы байсыстысты? 15Мӕн та Мӕ адӕм ферох кодтой се’ппӕт дӕр: ницӕйаг гуымирытӕн будсудзӕн кӕнынц! Сӕ цӕуӕнтыл фӕкалдысты, сӕ рагон фӕндӕгтӕ ныууагътой ӕмӕ ӕнӕцыд къахвӕндӕгтӕм рахызтысты. 16Сӕ зӕхх адӕмыл ӕвирхъау тас ӕфтаудзӕн, мыггагмӕ сӕгад уыдзӕн! Сӕ рӕзты чи фӕцӕйцӕуа, уый-иу, йӕ сӕр ӕнкъусгӕйӕ, стыр дисы бафтдзӕн. 17Ӕз сӕ се знӕгты раз скӕсӕйнаг дымгӕйау ныххӕлиу кӕндзынӕн, бӕллӕхы заман сӕм раздахдзынӕн Ме’ргом нӕ, фӕлӕ Мӕ чъылдым». 18Фӕлӕ уыдон загътой: «Цӕй ӕмӕ Йеремиайы ныхмӕ исты фыдвӕнд саразӕм, цӕмӕй сауджынты Ӕгъдау, куырыхонты уынаффӕтӕ ӕмӕ пехуымпарты ныхӕстӕ ма фесӕфой. Цӕуӕм ӕмӕ йыл хахуыртӕ ӕрымысӕм, ма йын байхъусӕм йӕ ныхӕстӕм». 19О Дунедарӕг, фехъус мӕ! О, байхъус ме знӕгты ныхӕстӕм! 20Ау, хорз ӕвзӕрӕй фидгӕ у? Мӕ фесафынӕн дзыхъхъ куы скъахтой! Ӕрхъуыды-ма кӕн: ӕз-иу Дӕ разы лӕууыдтӕн ӕмӕ сын хорзӕх куырдтон, цӕмӕй сӕ Дӕ маст аздахай. 21Ныр Дӕ фӕндонӕй стонг бавзарӕнт, кардӕй сӕ фӕмар, уадз ӕмӕ сбирӕ уой идӕдзтӕ! Сӕ цот ӕмӕ сӕ лӕгтӕй ӕнӕхай фӕуӕнт, сӕ лӕппутӕ карды амӕттаг бауӕнт хӕсты! 22Ӕвиппайды сӕм ӕнӕнымӕц ӕфсӕдтӕ куы’рбакӕнай, уӕд сӕ хӕдзӕрттӕй хъуысӕд хъӕрзын, уымӕн ӕмӕ уыдон ме’рцахсынӕн дзыхъхъ скъахтой, мӕ къӕхтӕн мын къӕппӕджытӕ сӕвӕрдтой! 23О Дунедарӕг, Ды зоныс бӕлвырд: мӕ фесафынӕн аразынц фыдвӕндтӕ. О, ма сын сис сӕ фыдракӕндты азым, сӕ тӕригъӕдтӕ сын макуы ныббар! Уадз ӕмӕ бабын уой Дӕ разы, фесаф сӕ Дӕ масты бон!
Copyright information for
OssIBT2022