Jeremiah 2
1Дунедарӕг мын фехъусын кодта Йӕ ныхас: 2Ацу ӕмӕ Йерусалимы хъӕлӕсыдзагӕй фехъусын кӕн: афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Ӕз хъуыды кӕнын, де’взонджы бонты Мыл куырдуаты бадӕг чызгау ӕнувыд кӕй уыдтӕ, уый, ӕдзӕрӕг быдырмӕ, ӕнӕконд зӕхмӕ, рацыдтӕ Мӕ фӕдыл. 3Израил Дунедарӕгӕн Йӕ уаз хай, Йӕ хоры сӕр уыди! Чи-иу ӕм фӕныхылдта, уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ касти тӕрхон, фыд азар-иу сӕ баййӕфта», — зӕгъы Дунедарӕг. 4Йаковы байзӕддӕгтӕ, Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕ! Уе’ппӕт дӕр Дунедарӕджы ныхасмӕ байхъусут! 5Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Уӕ фыдӕлтӕ Мӕм цавӕр азым ссардтой, цӕмӕн адард сты Мӕнӕй? Уыдон мӕнгдзинады фӕдыл ацыдысты ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр смӕнг сты. 6Дунедарӕджы не’рцагуырдтой ӕмӕ афтӕ нӕ загътой: «Уый нӕ ракодта Мысыры зӕххӕй; ӕдзӕрӕг быдыры, ӕнӕдон ӕмӕ саудалынг бӕстӕйы, лӕджы къах кӕм никуы’рлӕууыд ӕмӕ цӕрӕг кӕм нӕ уыди, уым-иу нӕ размӕ кодта». 7Ӕз уӕ бакодтон сойджын зӕхмӕ, цӕмӕй йын бафсӕдат йӕ хор ӕмӕ йӕ фарнӕй, сымах та Мын Мӕ зӕхмӕ бацыдыстут ӕмӕ йӕ фӕчъизи кодтат, сӕлгъаг Мын кодтат Мӕ исбон! 8Сауджынтӕ Мӕ нал агурынц, Ӕгъдау амонджытӕ Мӕ нал зонынц. Уӕ фӕтӕгтӕ Мӕ ныхмӕ сыстадысты, пехуымпартӕ сӕ рагуацтӕ дзурынц Баалы номӕй, ӕнӕпайда гуымирытӕн лӕггад кӕнынц. 9Уыдӕтты тыххӕй Ӕз сымахмӕ — зӕгъы Дунедарӕг, — уӕ цот ӕмӕ уӕ цоты цотмӕ фӕсиддзынӕн тӕрхонмӕ. 10Ацӕут-ма киттимӕгты сакъадӕхтӕм ӕмӕ фенут, басгарут-ма Кедары зӕхх ӕмӕ базонут, цымӕ ацы зӕххыл цы хъуыддӕгтӕ цӕуы, ахӕмтӕ искуы’рцыди? 11Искӕцы адӕм ма сӕ хуыцӕуттӕй аздӕхтысты, кӕд ӕмӕ уыдон хуыцӕуттӕ не сты, уӕддӕр? Мӕ адӕм та сӕ кадджын Хуыцауы ӕнӕпайда гуымирытыл баивтой. 12Тӕрсут, уӕлӕрвтӕ, фыр тӕссӕй нырризут! — зӕгъы Дунедарӕг. — 13Мӕ адӕм ракодтой дыууӕ фыдракӕнды: ныууагътой Мӕн, цардӕгас доны Суадоны, ӕмӕ сӕхицӕн донуӕттӕ скодтой. Фӕлӕ уыдон пырх сты, дон уромын нӕу сӕ бон. 14Ау, Израил цагъар у? Ӕви, ахстуаты чи райгуырд, ахӕм лӕггадгӕнӕг? Цӕмӕн сси ӕфтиаг? 15Ӕвзонг домбӕйттӕ йыл рыхынц, хъӕрӕй йыл ныррыхыдысты ӕмӕ йын йӕ зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестын кодтой; цӕрӕг дзы нал ис, басыгъдысты сахартӕ. 16Ноф ӕмӕ Тахпанхесы цӕрджытӕ дын ныппырх кодтой дӕ сӕр! 17Дӕхи аххосӕй не’рцыд уый дӕуыл? Ды ныууагътай Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, афтӕмӕй дын Уый фӕндагамонӕг уыди! 18Цӕмӕн цӕуыс ныр Мысырмӕ, Нилы донӕй нуазынмӕ? Цӕмӕн лидзыс Ассиримӕ, Евфраты донӕй нуазынмӕ? 19Дӕхи фыдракӕнд бафхӕрдзӕни дӕу, дӕ гадзрахат дӕ азымджын кӕндзӕни. Уӕдӕ ахъуыды кӕн ӕмӕ бамбар: Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, дӕ маст ӕмӕ дӕ фыдбылызӕн ныууагътай. Нӕй дӕм тас Мӕ разы, — зӕгъы Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — 20Рагзаманы дын Ӕз ныппырх кодтон де’фсондз, аскъуыдтон дын дӕ бӕндӕнтӕ. Ды загътай: «Ӕз гуымирытӕн нал лӕггад кӕндзынӕн». Фӕлӕ алы бӕрзонд къуыбырыл, алы къабузджын бӕласы бын хъахбай митӕ кодтай! 21Хуыздӕр сӕнӕфсирау, ӕвзӕрст нӕмыгау дӕ ныссагътон, ды та Мын фестадтӕ ӕцӕгӕлон, сӕнӕфсиры хъӕддаг тала! 22Дӕхи фӕныкдоны куы цӕхсай, уӕд дӕр Мӕ разы не ссыгъдӕг уыдзынӕ! Дӕ тӕригъӕды къӕм — Мӕ разы! — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. 23Куыд у дӕ бон афтӕ дзурын: «Сыгъдӕг дӕн ӕз, Баалты фӕдыл нӕ цыдтӕн!» Тъӕпӕны куыд цардтӕ, уый-ма ӕрымыс, цытӕ фӕкодтай, уыдӕттӕ ӕрӕмбар! Ӕвзонг сыл теуайау дыууӕрдӕм кодтай ӕдзухдӕр! 24Сыл хӕрӕг ӕдзӕрӕг быдыры куы схъомыл уа ӕмӕ йын фыр монцӕй уӕлдӕф дӕр куынӕуал фаг кӕна, уӕд ӕй кӕй бон суыдзӕн бауромын? Кӕй хъӕуа, уый йӕ ӕнцонӕй ссардзӕни йӕ хъазын афон. 25Дӕхи бахъахъхъӕн — бӕгъӕввадӕй куы аззайай, мыййаг, куы бахус уа дӕ ком! Фӕлӕ ды загътай: «Уыдон сты ӕнӕпайда ныхӕстӕ! Ӕз ӕцӕгӕлӕтты уарзын ӕмӕ сӕм цӕудзынӕн». 26Хуыснӕджы давгӕйӕ куыд ӕрцахстой, уыйау ныр фӕхудинаг ис Израил — йӕ адӕм, йӕ паддзӕхтӕ, йе’лдӕрттӕ, йӕ сауджынтӕ ӕмӕ йӕ пехуымпартӕ. 27«Мӕ фыд», зӕгъгӕ, бӕласмӕ дзурынц, «ныййарӕг мад» схонынц дур. Се’ргом нӕ, фӕлӕ Мӕм сӕ чъылдым раздахынц! Бӕллӕхы заман та зӕгъдзысты: «Фӕзын-ма, фервӕзын нӕ кӕн!» 28Кӕм сты уӕ хуыцӕуттӕ, уӕхӕдӕг кӕй сарӕзтат, уыдон? Ӕрцӕуӕнт ӕмӕ уӕ уыдон фервӕзын кӕнӕнт уӕ фыдбылызы заман, кӕд сӕ бон у, уӕд! О Иудей, дӕ сахартӕ цӕйбӕрц сты, дӕ хуыцӕуттӕ дӕр — уый бӕрц! 29Тӕрхон кӕнын уӕ Мемӕ фӕнды? Уе’ппӕт дӕр аххосджын куы стут Мӕ разы! — зӕгъы Дунедарӕг. — 30Уӕ фыртты уын Ӕз дзӕгъӕлы ӕфхӕрдтон: уӕддӕр Мын Мӕ фӕдзӕхстытӕм нӕ хъуыстой. Ӕгъатыр домбайау уӕ кард уӕ пехуымпарты аныхъуырдта! 31О абоны фӕлтӕр! Дунедарӕджы ныхас бамбарут! Мыййаг, Ӕз искуы Израилӕн ӕдзӕрӕг быдыр, саудалынг зӕхх фестадтӕн? Уӕдӕ цӕмӕн зӕгъынц Мӕ адӕм: «Кӕдӕм нӕ фӕнды, уырдӕм цӕудзыстӕм, нӕ Дӕм раздӕхдзыстӕм?» 32Ау, ӕнӕцыд чызг йӕ фӕлындӕнтӕ ферох кӕны, кӕнӕ чындз — йӕ чындздзон дарӕс? Мӕн та Мӕ адӕм ферох кодтой раджы. 33Ды уарзт домынмӕ арӕхстджын вӕййыс, хъахбайты дӕр ма ацахуыр кӕндзынӕ! 34Дӕ дарӕсы фӕччитыл — ӕнаххос мӕгуырты тугтӕ! Хуыснӕджытау сӕ давгӕйӕ нӕ баййӕфтай! 35Уӕддӕр зӕгъыс: «Ӕз аххосджын нӕ дӕн, мӕ рӕзты ацӕудзӕн Йӕ маст». Тӕригъӕдджын нӕ дӕн, зӕгъгӕ, кӕй дзырдтай, уый тыххӕй дӕ Ӕз дзуапп ӕрдомдзынӕн. 36Ӕппынӕдзух цӕмӕн тындзыс кӕдӕмдӕр, дӕ фӕндӕгтӕ цӕмӕн ивыс? Ассири дӕ сӕгад кодта, Мысыр дӕр дӕ фӕхудинаг кӕндзӕн, 37дӕ сӕрыл хӕцгӕ, лидздзынӕ Мысырӕй. Дӕ зӕрдӕ кӕуыл дардтай, уыдонӕй Дунедарӕг Йе’ргом аздӕхта, ӕмӕ семӕ ӕнтыстджын нӕ уыдзынӕ.
Copyright information for
OssIBT2022