‏ Jeremiah 20

1Сауджын Пашхур, Иммеры фырт, фехъуыста Йеремиайы рагуацтӕ. Уый уыди Хуыцауы хӕдзары сӕйраг уагдар. 2Пашхур Йеремиайы фӕнадта ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы хӕдзары кӕрты, Бениамины кулдуары цур, хъадаманты сбадын кодта.

3Дыккаг бон Пашхур Йеремиайы йӕ хъадамантӕй суӕгъд кодта, ӕмӕ йын Йеремиа загъта: «Дунедарӕг дыл Пашхуры бӕсты сӕвӕрдзӕн ӕндӕр ном — Магор-Миссавив
Ома «Алырдыгӕй — ӕвирхъау тас».
,
4уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: дӕхиуыл дӕр ӕмӕ де’ппӕт ӕрдхӕрдтыл дӕр Ӕз ӕвирхъау тас бафтаудзынӕн, дӕ цӕстыты раз знаджы кардӕй сӕ мӕлӕт ссардзысты. Ӕгас Иудей Ӕз Вавилоны паддзахы къухтӕм ратдзынӕн: иуты дзы акӕндзӕн Вавилонмӕ, иннӕты кардӕй ныццӕгъддзӕн. 5Ацы сахары исбон ӕгасӕй дӕр: йе’ппӕт ӕфтиӕгтӕ, зынаргъ дзаумайӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уыдон, Иудейы паддзӕхты ӕппӕт хӕзнатӕ, Ӕз ратдзынӕн знӕгты къухтӕм. Уыдон бӕстӕ сафтид кӕндзысты ӕмӕ се’фтиӕгтӕ Вавилонмӕ аласдзысты. 6Ды та, Пашхур, де’ппӕт хӕдзаронтимӕ Вавилонмӕ уацары ацӕудзынӕ ӕмӕ уым амӕлдзынӕ. Дӕхи дӕр ӕмӕ, рагуацты хуызы мӕнг ныхӕстӕ кӕмӕн дзырдтай, дӕ уыцы’мбӕлтты дӕр дын уым баныгӕндзысты».

7О Дунедарӕг, асайдтай мӕ ӕмӕ сайд дӕн. Фӕуӕлахиз мыл дӕ, уымӕн ӕмӕ Ды тыхджындӕр дӕ. Хъазинаг сдӕн ӕрвылбон, алкӕмӕн — хынджылӕггаг! 8Мӕ алы ныхас — хъӕрахст, ӕрдиаг кӕнын стыгъд ӕмӕ тыхмийыл! Дунедарӕджы ныхас кӕй хъусын кӕнын, уый тыххӕй сӕгад дӕн, алы бон — хынджылӕггаг.

9Ӕз загътон: «Сӕ зӕрдыл сын Ӕй нал ӕрлӕууын кӕндзынӕн, нырӕй фӕстӕмӕ Йӕ номы сӕраппонд нал дзурдзынӕн!» Фӕлӕ цыма мӕ зӕрдӕйы арт ссыгъд ӕмӕ ме стджыты мидӕг ахст уыди, уыйау сфӕлмӕцыдтӕн, мӕ бон ӕй бауромын нал уыд. 10Мӕ алыварс хъуыстон цъыфкалӕн ныхӕстӕ, алырдыгӕй — ӕртхъирӕнтӕ: «Бахъаст ыл кӕнут! Цӕй ӕмӕ йӕ банымудзӕм!»

Хӕларӕй кӕимӕ цардтӕн, уыдон ныр, кӕд фӕкӕлдзынӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц: «Кӕд истӕмӕй фӕрӕдиид — уӕд ыл фӕуӕлахиз уыдзыстӕм ӕмӕ дзы нӕ маст райсдзыстӕм».
11Фӕлӕ Дунедарӕг тыхджын ӕфсӕддонау мемӕ ис ӕдзухдӕр. Уымӕ гӕсгӕ, мӕ фӕдыл чи зилы, уыдон фӕкӕлдзысты, нӕ мыл фӕуӕлахиз уыдзысты. Худинаджы бын фӕуыдзысты, цӕмӕ бӕллынц, уый сӕ къухы нӕ бафтдзӕн, сӕ худинаг нӕ ферох уыдзӕн мыггагмӕ.

12Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Ды рӕстгӕнӕджы фӕлварыс, уд ӕмӕ зӕрдӕ уыныс! Уадз ӕмӕ ӕз Дӕ мастисӕн тӕрхон фенон, Дӕ бар куы бакодтон мӕ хъуыддаг!

13Зарут Дунедарӕгӕн! Стаут Дунедарӕджы! Уый мӕгуыр лӕджы фыдгӕнджытӕй фервӕзын кӕны!

14Мӕ гуырӕнбон ӕлгъыст фӕуӕд! Мӕ мад мӕ цы бон ныййардта, уый арфӕгонд ма уӕд! 15Мӕ фыдмӕ, фырт дын райгуырди, зӕгъгӕ, хӕрзӕггурӕггаг чи фӕци ӕмӕ йӕ уымӕй амондджын чи скодта, уый ӕлгъыст фӕуӕд! 16Уыцы адӕймаг, Дунедарӕг ӕгъатырӕй цы сахартӕ ныззыгуым кодта, уыдоны хъысмӕт бавзарӕд! Сӕумӕрайсом хъусӕд хъарӕг, ӕмбисбон — тохы хъӕртӕ; 17мады гуыбыны мӕ нӕ амардта, цӕмӕй мӕ ныййарӕг мад суа мӕ ингӕн, йӕ гуыбын ӕнустӕм баззайа ӕнхъӕлцауӕй!

18Цӕмӕн рацыдтӕн мады гуыбынӕй? Ӕрмӕстдӕр тухӕнтӕ ӕвзарынмӕ ӕмӕ ӕгадӕй амӕлынмӕ?
Copyright information for OssIBT2022