Jeremiah 21
1Дунедарӕг Йеремиайӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас. Уый уыди, паддзах Цедекиа Йеремиамӕ Малкиайы фырт Пашхур ӕмӕ сауджын Софониайы, Маасеайы фырты, куы арвыста, уыцы рӕстӕг. Паддзах сын бафӕдзӕхста афтӕ зӕгъын: 2«Дунедарӕгӕн мах тыххӕй балӕгъстӕ кӕн, уымӕн ӕмӕ Вавилоны паддзах Навуходоносор нӕ ныхмӕ схӕцыди. Чи зоны, ӕмӕ нын Дунедарӕг, раздӕры заман куыд уыдис, афтӕ ӕмбисонды хъуыддаг сараза, ӕмӕ Навуходоносор ардыгӕй йӕхи айса». 3– 4Йеремиа сын дзуапп радта: «Зӕгъут Цедекиайӕн: „Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: сымах Вавилоны паддзах ӕмӕ халдейӕгты ныхмӕ цы хӕцӕнгӕрзтӕй хӕцут, уыдон уын Ӕз уӕхи ныхмӕ сараздзынӕн. Халдейӕгтӕ систы алыварс ӕрхъула кодтой, фӕлӕ сӕ Ӕз сахары астӕу ӕрӕмбырд кӕндзынӕн. 5Ӕз Мӕхӕдӕг хӕцдзынӕн уӕ ныхмӕ Мӕ хъомысджын къухӕй, фыр мӕстӕй пиллон арт уадзгӕйӕ! 6Ацы сахары чидӕриддӕр цӕры, адӕмӕй, цӕрӕгойӕ, — се’ппӕты дӕр бабын кӕндзынӕн! Иууылдӕр ӕбуалгъ рынӕй фесӕфдзысты! 7Уый фӕстӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — Иудейы паддзах Цедекиа ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты, стӕй ӕппӕт адӕмы — ацы сахары кард, рын ӕмӕ стонгӕй чидӕриддӕр аирвӕзти, уыдоны — иууылдӕр вавилойнаг паддзах Навуходоносоры ӕмӕ, сӕ мӕлӕтмӕ цы знӕгтӕ бӕллынц, уыдоны къухтӕм ратдзынӕн. Паддзах сӕ карды амӕттаг бакӕндзӕн, нӕ сыл бацауӕрддзӕн, нӕ сын ныббардзӕн ӕмӕ сын нӕ батӕригъӕд кӕндзӕн“. 8Ацы адӕмӕн та зӕгъ: „Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Ӕз сымахӕн дӕттын цард ӕмӕ мӕлӕты фӕндӕгтӕ. 9Ацы сахары чидӕриддӕр баззайа, уыдон кард, стонг ӕмӕ рынӕй фесӕфдзысты. Уӕ алыварс цы халдейӕгтӕ ӕрхъула кодтой, уыдонӕн сӕ размӕ чи рацӕуа ӕмӕ йӕхи сӕ къухтӕм чи ратта, уыдон иууылдӕр удӕгасӕй баззайдзысты, хӕрзиуӕгӕн цард айсдзысты. 10Уымӕн ӕмӕ Ӕз ацы сахармӕ Ме’ргом раздӕхтон йӕ фарнӕн нӕ, фӕлӕ йӕ фыдбылызӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — Вавилойнаг паддзахы къухмӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн ӕмӕ йӕ уый саусыгъд бакӕндзӕн“». 11Иудейаг паддзахы хӕдзаронтӕ! 12Давиды байзӕддӕгтӕ, байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ! Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Сӕумӕйӕ-иу раст тӕрхон кӕнут, мӕгуыр лӕджы-иу йе’фхӕрӕджы къухтӕй фервӕзын кӕнут, науӕд, уӕ фыдракӕндтӕм кӕсгӕйӕ, Мӕ маст ссудздзӕни пиллон артау, ӕнӕ ахуысгӕ зынгирвӕзтау. 13О тъӕпӕны цӕрӕг, о дӕлвӕзы къӕдзӕх! Ныр Мӕхӕдӕг сыстадтӕн дӕ ныхмӕ, — зӕгъы Дунедарӕг. — Сымах дзурут: „Нӕ ныхмӕ чи рацӕудзӕн? Нӕ хӕдзӕрттӕм нын чи бабырсдзӕн?“ 14Ӕз уын уӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ стӕрхон кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — Уӕ хъӕдыл уын арт бандзардзынӕн, ӕмӕ уыцы арт, йӕ алыварс цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр аныхъуырдзӕн».
Copyright information for
OssIBT2022