Jeremiah 22
1Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Иудейаг паддзахы галуанмӕ ацу ӕмӕ йын фехъусын кӕн: 2«Иудейы паддзах, Давиды паддзахы бадӕны бадӕг, байхъус Дунедарӕджы ныхасмӕ! Дӕхӕдӕг, стӕй дӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ дӕ адӕм, ацы кулдуары уылты чидӕриддӕр бацӕуы, уыдон се’ппӕт дӕр хъусӕнт!» 3Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Раст хъуыддӕгтӕ кӕнут, мӕгуыр лӕджы-иу йе’фхӕрӕджы къухӕй фервӕзын кӕнут. Ма хъыгдарут ӕмӕ ма’фхӕрут ӕндӕрбӕстаджы, сидзӕр ӕмӕ идӕдзы, ӕнаххосты туг ма калут ацы ран. 4Ӕппӕт уыдӕттӕ куы сӕххӕст кӕнат, уӕд, Давиды бадӕны цы паддзӕхтӕ бадынц, уыдон, стӕй сӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ сӕ адӕм ацы галуаны кулдуары уылты бӕхтыл ӕмӕ бӕхуӕрдӕттыл цӕудзысты. 5Ацы ныхӕстӕм куынӕ байхъусой, уӕд та, сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, — ацы галуан хӕлддзӕгты кӕри фестдзӕн!» 6Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг иудейаг паддзахы хӕдзары тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Ды Галаад ӕмӕ Ливаны хӕхтау лӕууыс Мӕ разы, фӕлӕ дӕ Ӕз ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн, дӕ сахарты цӕрӕг нал баззайдзӕн. 7Дӕ ныхмӕ дын сафджытӕ сцӕттӕ кодтон, се’ппӕтмӕ дӕр хӕцӕнгӕрзтӕ радтон. Дӕ хуыздӕр нӕзы бӕлӕстӕ дын акалдзысты ӕмӕ сӕ басудздзысты. 8Бирӕ адӕмтӕ, сахары рӕзты цӕугӕйӕ, кӕрӕдзийы фӕрсдзысты: „Ацы стыр сахарӕн Дунедарӕг ахӕм тӕрхон цӕмӕн рахаста?“ 9Ӕмӕ сын дзуапп ратдзысты: „Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕгимӕ, сӕ Хуыцауимӕ, цы фидыд сарӕзтой, уый сӕ ферох ис, ӕндӕр хуыцӕуттӕм куывтой ӕмӕ сын лӕггад кодтой“». 10Ма кӕут мардыл, ма йыл хъыг кӕнут! Уацары чи ацыди, ууыл дзыназут: нал раздӕхдзӕн фӕстӕмӕ, йӕ райгуырӕн бӕстӕ нал фендзӕн. 11Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Иудейы паддзах Шаллумы, йӕ фыд Иосиайы фӕстӕ хицау чи сси ӕмӕ ардыгӕй чи ацыд, уый тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Уый ардӕм нал раздӕхдзӕн. 12Уацары йӕ кӕдӕм акодтой, уым йӕ мӕлӕт ссардзӕн, ацы зӕхх нал фендзӕн. 13Додойаг у, галиу миты фӕрцы йӕхицӕн хӕдзар чи аразы ӕмӕ йӕ галуантӕ фыдракӕндты руаджы чи самадта, йӕ хионы лӕвар чи кусын кӕны ӕмӕ йын йӕ мызд чи нӕ фиды! 14Уый зӕгъы: „Стыр хӕдзар, уӕрӕх галуантӕ сараздзынӕн мӕхицӕн“. Йӕ рудзгуытӕ йын нӕзыхъӕдӕй ӕмӕ сырх ахорӕнтӕй саив кӕны. 15Цӕмӕй дӕ нӕзытӕй ӕппӕлай, уый тыххӕй сдӕ паддзах? Дӕ фыд дӕр хӕргӕ ӕмӕ нуазгӕ кодта, фӕлӕ йӕ хъуыддӕгтӕ раст уыдысты! Рӕстдзинады фӕдыл цыд ӕмӕ ӕнӕмастӕй царди. 16Мӕгуыр адӕмы хъаст кӕй ӕвзӕрста, ӕнӕмастӕй дӕр уымӕн царди! Хуыцауы чи зоны, уый уыдӕттӕй бӕрӕг вӕййы, — зӕгъы Дунедарӕг. — 17Дӕуӕн та дӕ цӕстытӕ ӕмӕ дӕ зӕрдӕ бӕллынц ӕрмӕст ӕфтиагмӕ, ӕнаххосты туг калынмӕ, ӕфхӕрд ӕмӕ тыхмимӕ!» 18Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Иудейы паддзах Иоакимы, Иосиайы фырты, тыххӕй афтӕ зӕгъы: ничи йыл ныхъхъарӕг кӕндзӕн: «Уӕ, додой, ме’фсымӕр! Уӕ, додой, мӕ хо!» Нӕ йыл ныккӕудзысты: «Уӕ, додой, мӕ хицау! Уӕ, додойаг куы фӕци йӕ кад!» 19Хӕрӕгау ӕй баныгӕндзысты: аласдзысты йӕ ӕмӕ йӕ Йерусалимы кулдуарӕй фехсдзысты. 20Ливаны хӕхтӕм ссу ӕмӕ дзыназ! Башаны хъарӕг кӕн, ныхъхъӕр кӕн Аваримӕй: дӕ цӕдисонтӕ иууылдӕр бабын сты! 21Фӕрнджынӕй куы цардтӕ, уыцы заман-иу демӕ дзырдтон, фӕлӕ ды загътай: «Нӕ Дӕм хъусдзынӕн!» Де’взонджы бонтӕй абоны онг афтӕ кӕныс — нӕ Мын хъусыс Мӕ ныхасмӕ! 22Дӕ фыййӕутты дын дымгӕ ахӕсдзӕн, дӕ цӕдисонты дын уацары акӕндзысты. Дӕ фыдракӕндты аххосӕй фӕхудинаг уыдзынӕ ӕмӕ ницӕйаджы бынатмӕ’рхаудзынӕ! 23О Ливаны цӕрӕг, нӕзы бӕлӕстыл ахстӕттӕ чи скодта, уый! Дӕ хъизӕмӕртты заман арӕг усау ныхъхъӕрздзынӕ! 24Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, — иудейаг паддзах Йехониа, Иоакимы фырт, Мӕ къухыл мыхуырӕвӕрӕн къухдарӕн куы фестадаид, уӕд дӕр ӕй срӕдывтаин! 25Дӕ мӕлӕтмӕ чи бӕллы ӕмӕ кӕмӕй тӕрсыс, уыдоны Вавилоны паддзах Навуходоносор ӕмӕ халдейӕгты къухтӕм ратдзынӕн. 26Дӕ ныййарӕг мадимӕ дӕ ӕцӕгӕлон бӕстӕм фӕсурдзынӕн. Сымах уым нӕ райгуырдыстут, фӕлӕ уыцы ран амӕлдзыстут. 27Ацы зӕхмӕ раздӕхынмӕ бӕллут, фӕлӕ уын уый нӕ бантысдзӕн. 28Ау, Йехониа ницӕйаг саст дурын, ӕнӕхъӕугӕ мигӕнӕнӕн у? Йӕ байзӕддӕгтимӕ ӕцӕгӕлон зӕххыл уацайраг цӕмӕн сси? 29О зӕхх, байхъус Дунедарӕджы ныхасмӕ! 30Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ацы лӕджы, цотӕй хай кӕмӕн нӕй, ахӕмыл банымайут, цӕрӕнбонты уыдзӕн ӕнамонд. Йӕ байзӕддӕгтӕй иу дӕр амондджын нӕ уыдзӕн, уыдонӕй Давиды паддзахы бадӕны ничи сбаддзӕн ӕмӕ Иудейы паддзахиуӕг нӕ кӕндзӕн».
Copyright information for
OssIBT2022