Jeremiah 23
1Додойаг фесты, Мӕ фысты рӕгъау Мын чи сафы ӕмӕ сӕ чи ныххӕлиу кодта, уыцы фыййӕуттӕ! — зӕгъы Дунедарӕг. 2Мӕ адӕмы Мын цы фыййӕуттӕ хизынц, уыдоны тыххӕй Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: Мӕ фысты Мын ныххӕлиу кодтат, алырдӕмты сӕ фӕсырдтат, нӕ сыл аудыдтат, ӕмӕ уӕ Ӕз уӕ фыдракӕндты тыххӕй бафхӕрдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — 3Мӕ фыстӕй ма чи аирвӕзт, уыдоны Ӕз цы бӕстӕтӕм фӕсырдтон, уырдыгӕй фӕстӕмӕ сӕ цӕрӕнбынатмӕ раздахдзынӕн, ӕмӕ та ногӕй сбирӕ уыдзысты. 4Сӕ сӕргъы сын, чи сӕ хиздзӕн, ахӕм фыййӕуттӕ сӕвӕрдзынӕн, нал тӕрсдзысты ӕмӕ нал сӕфдзысты, — зӕгъы Дунедарӕг. 5Ралӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ Ӕз бӕрзонд сӕвӕрдзынӕн Давиды байзӕддаджы, рӕстаг Ӕвзар. Йӕ бадӕны ӕрбаддзӕн паддзах, йӕ хъуыддӕгты архайдзӕн уӕлзондимӕ, раст тӕрхон кӕндзӕни зӕххыл. 6Йӕ заманы Иудей фервӕздзӕн, Израил цӕрдзӕн ӕдасӕй, схондзысты йӕ «Дунедарӕг — нӕ растгӕнӕг». 7Ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ афтӕ ничиуал зӕгъдзӕн: «Цардӕгас у Дунедарӕг, Израилы фыртты Мысырӕй Чи ракодта, Уый!» 8Дзурдзысты афтӕ: «Цардӕгас у Дунедарӕг, Израилы байзӕддӕгты цӕгатӕй ӕмӕ, кӕдӕм сӕ фӕсырдта, ӕппӕт уыцы бӕстӕтӕй Чи раздӕхта, Уый!» Ӕмӕ сӕхи зӕххыл цӕрдзысты. 9Пехуымпарты тыххӕй. Мӕ зӕрдӕ фӕйнӕрдӕм тоны, ӕмризӕджы ризын! Дунедарӕджы уаз ныхӕсты тыххӕй расыгау сдӕн, цыма мыл сӕн фӕтых ис, уыйау! 10Хӕтаг адӕмӕй байдзаг ис зӕхх, богъ-богъӕй кӕуы ӕлгъыст зӕхх! Ӕдзӕрӕг быдыры сӕрвӕттӕ басыгъдысты. Адӕм фыдракӕндтӕм тырнынц, галиу хъуыддӕгты фӕрцы стыхджын сты; 11сауджынӕй, пехуымпарӕй — цӕстмӕхъустӕ. «Суанг сын Мӕ Хӕдзары дӕр сӕ фыдракӕндтӕ уынын, — зӕгъы Дунедарӕг. — 12Уымӕ гӕсгӕ сӕ фӕндаг талынг ӕмӕ бырынцъаг суыдзӕн; фесхойдзысты сӕ, ӕмӕ зӕхмӕ ахаудзысты, уымӕн ӕмӕ, сӕ тӕрхоны аз куы ралӕууа, уӕд сын фыдбылыз бавзарын кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — 13Ӕз федтон, самариаг пехуымпартӕ зондцухтау Баалы номӕй пехуымпариуӕг куыд кодтой ӕмӕ Мын Мӕ адӕмы, Израилы, куыд фӕрӕдийын кодтой, уый. 14Ӕз уынын: Йерусалимы пехуымпартӕ дӕр ӕлгъаг митӕ кӕнынц: хӕтынц, сӕ хъуыддӕгты рӕстдзинад нӕй. Фыдгӕнджытӕн ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй дзы иу дӕр йӕ фыдракӕндтӕ ма ныууадза. Мӕ разы иууылдӕр Содомы хуызӕн систы, Йерусалимы цӕрджытӕ — Гоморрӕ». 15Уымӕ гӕсгӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг пехуымпарты тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Маргджын дон ӕмӕ скъӕлдзойӕ сӕ бафсаддзынӕн, уымӕн ӕмӕ ӕгас зӕхх дӕр фӕчъизи ис Йерусалимы пехуымпарты тыххӕй». 16Уӕларвӕфсады Бардарӕг зӕгъы: ма хъусут пехуымпарты ныхӕстӕм, сӕ рагуацтӕм, сайгӕ уӕ кӕнынц уыдон. Дунедарӕджы ныхӕстӕ уын нӕ дзурынц, фӕлӕ, сӕ цӕстытыл цы ауад, уыдӕттӕ. 17Ӕлгъ Мыл чи кӕны, уыдонӕн дзурынц: «Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: сабырдзинад уыдзӕн уӕ зӕххыл». Хивӕндӕй чи цӕры, уыцы адӕмы сайынц: «Фыдбылызтӕ уыл не’рцӕудзысты». 18Фӕлӕ чи уыди Дунедарӕджы ӕмбырды? Чи йӕ федта? Чи Йын фехъуыста Йӕ ныхӕстӕ? 19Дунедарӕджы зилгӕ уад ӕрбабырсы, фыр мӕстӕй абухы, афтӕмӕй уыцы тыхдымгӕ фесафдзӕни фыдгӕнджыты. 20Дунедарӕгӕн Йӕ маст не’рсабыр уыдзӕн, цалынмӕ, Йӕ зӕрды цыдӕриддӕр ис, уыдӕттӕ сӕххӕст кӕна, уӕдмӕ. Уый фидӕны ӕххӕстӕй бамбардзыстут. 21Ӕз ацы пехуымпарты нӕ арвыстон, уыдон ӕрбазгъордтой сӕхӕдӕг! Ӕз семӕ нӕ дзырдтон, афтӕмӕй пехуымпариуӕг кодтой. 22Уыдон Ме’мбырды куы лӕууыдаиккой, уӕд Мӕ адӕмӕн фехъусын кодтаиккой Мӕ ныхӕстӕ, сӕ фыдбылызы фӕндагӕй сӕ раздӕхтаиккой ӕмӕ сын сӕ фыдракӕндтӕ ныууадзын кодтаиккой. 23Ау, ӕрмӕст хӕстӕгмӕ дӕн Хуыцау? — зӕгъы Дунедарӕг. — Ау, дардмӕ Хуыцау нал дӕн? — 24Кӕм бамбӕхсдзӕн адӕймаг, цӕмӕй йӕ Ӕз ма фенон? — зӕгъы Дунедарӕг. — Ау, арв ӕмӕ зӕхх Мӕнӕй йемыдзаг не сты? — зӕгъы Дунедарӕг. 25Ӕз фехъуыстон, Мӕ номӕй мӕнг ныхӕстӕ цы пехуымпартӕ дзурынц, уыдоны ныхӕстӕ. Адӕмӕн фӕзӕгъынц: «Ӕз фын федтон! Ӕз фын федтон!» 26Кӕдмӕ уыдзӕн афтӕ, стӕй, ӕрымысгӕ ныхӕстӕ цы пехуымпартӕ дзурынц, уыдон ахӕм зондыл хӕст кӕдмӕ уыдзысты? 27Ӕнхъӕлынц ӕмӕ, кӕрӕдзийӕн цы фынтӕ дзурынц, уыдоны тыххӕй Мӕ адӕм ферох кӕндзысты Мӕ ном, кӕддӕр сӕ фыдӕлтӕ Баалы тыххӕй Мӕ ном куыд ферох кодтой, афтӕ. 28Фын чи федта, уыцы пехуымпар-иу йӕ фын адӕмӕн фынау дзурӕд. Мӕ ныхас Мын чи фехъуыста, уый та йӕ раст хъусын кӕнӕд. Цы ис иумӕйагӕй мӕнӕу ӕмӕ зыгуыммӕ? — зӕгъы Дунедарӕг. 29— Ау, Мӕ ныхас арты, къӕдзӕхсӕттӕг дзӕбуджы хуызӕн нӕу? — зӕгъы Дунедарӕг. 30Ӕз сыстадтӕн пехуымпарты ныхмӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — Мӕ ныхӕстӕ Мын давынц кӕрӕдзийӕ. 31Пехуымпарты ныхмӕ сыстадтӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — уымӕн ӕмӕ уыдон ӕрмӕст дзӕгъӕлдзырд кӕнынц, афтӕмӕй та дзурынц Дунедарӕджы номӕй. 32Ӕз, сӕ мӕнг фынтӕ цы пехуымпартӕ дзурынц, уыдоны ныхмӕ сыстдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — Сӕ фынтӕй ӕмӕ сӕ къӕйных мӕнг ныхӕстӕй Мӕ адӕмӕн сӕ зонд сзгъуыммӕ кодтой, афтӕмӕй сӕ Ӕз нӕ арвыстон ӕмӕ сын ахӕм бардзырд нӕ радтон. Уыдон ацы адӕмӕн ницы пайда ӕрхӕсдзысты, — зӕгъы Дунедарӕг. 33Адӕмӕй, пехуымпартӕй кӕнӕ сауджынтӕй дӕ исчи куы фӕрса, Дунедарӕг цавӕр рагуац рарвыста, зӕгъгӕ, уӕд-иу сын зӕгъ: Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Уӕхӕдӕг уӕхицӕн рагуацтӕ систут, Ӕз уӕ ныууагътон». 34Ӕмӕ пехуымпартӕй, сауджынтӕй кӕнӕ адӕмӕй исчи Дунедарӕджы номӕй пехуымпариуӕг куы кӕна, уӕд ын Ӕз йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ хӕдзаронты дӕр бафхӕрдзынӕн. 35Алчи кӕрӕдзийы ӕмӕ ӕфсымӕр ӕфсымӕры фӕрсӕд: «Цавӕр дзуапп радта Дунедарӕг?» кӕнӕ: «Дунедарӕг цы загъта?» 36Дунедарӕджы рагуац, зӕгъгӕ, мачиуал сдзурӕд, уымӕн ӕмӕ сымахӕй алкӕмӕн дӕр йӕхи ныхӕстӕ рагуацтӕ систы, цардӕгас Хуыцауы, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы, уӕ Хуыцауы, ныхӕстӕ та сзыгъуыммӕ кодтат. 37Пехуымпары-иу фӕрсут: «Цавӕр дзуапп дын радта Дунедарӕг?» кӕнӕ: «Дунедарӕг цы загъта?» 38Дунедарӕджы рагуац, зӕгъгӕ, ма уӕ дзыхӕй куы ссӕуа, уӕд та Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: сымах Дунедарӕджы рагуац, зӕгъгӕ, кӕй дзурут, кӕд ӕмӕ уын Ӕз бафӕдзӕхстон, Дунедарӕджы номӕй пехуымпариуӕг мауал кӕнут, зӕгъгӕ, 39уый тыххӕй уӕ Ӕз бынтондӕр ферох кӕндзынӕн, ныууадздзынӕн уын уӕхи дӕр ӕмӕ сымахӕн, стӕй уӕ фыдӕлтӕн цы сахар радтон, уый дӕр. 40Ӕнусмӕ уӕ сӕгад кӕндзынӕн, ӕмӕ уӕ худинаг нӕ ферох уыдзӕн мыггагмӕ.
Copyright information for
OssIBT2022