‏ Jeremiah 24

1Навуходоносор, Вавилоны паддзах, Йерусалимӕй Вавилонмӕ уацары акодта Иудейы паддзах Йехониайы, Иоакимы фырты, стӕй иудейаг уӕздӕтты, куырдты ӕмӕ ӕрмдӕсныты. Уыцы заман мын Дунедарӕг фенын кодта цӕстылуайӕн: мӕнӕ Дунедарӕджы хӕдзары цур лӕууынц дыууӕ чыргъӕды, легъуи бӕласы дыргътимӕ. 2Иу чыргъӕды — рагафон чи ӕрзади, ахӕм рӕсугъд дыргътӕ, иннӕйы та — хӕдӕвзӕрдтытӕ, фыр ӕвзӕрӕй бахӕрынмӕ нӕ бӕззыдысты.

3Дунедарӕг мын загъта: «Йеремиа, цы уыныс?» Ӕз Ын дзуапп радтон: «Легъуи бӕласы дыргътӕ, сӕ дзӕбӕхтӕ сты диссаджы рӕсугъд, хӕдӕвзӕрдтытӕ та ахӕм ӕвзӕр сты, ӕмӕ сӕ бахӕрӕн нӕй». 4Уӕд мын Дунедарӕг загъта: 5«Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: ацы легъуитӕ куыд дзӕбӕх сты, ахӕм хӕрзтыл банымайдзынӕн, Иудейы бӕстӕй халдейӕгты зӕхмӕ уацары кӕй арвыстон, уыцы адӕмы. 6Сӕ фарны сӕраппонд сӕм ӕркӕсдзынӕн ӕмӕ сӕ ацы зӕхмӕ раздахдзынӕн. Мӕ фӕрцы сфидар уыдзысты, ӕмӕ сӕ нал ныддӕрӕн кӕндзынӕн, куы сӕ байтауон, уӕд сӕ нал срӕдувдзынӕн. 7Ӕмбаргӕ зӕрдӕтӕ сын ратдзынӕн, цӕмӕй Мӕ зоной, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый базоной. Уыдон суыдзысты Мӕ адӕм, Ӕз та — сӕ Хуыцау, уымӕн ӕмӕ Мӕм зӕрдиагӕй раздӕхдзысты.

8Ацы ӕвзӕр легъуиты, фыр ӕвзӕрӕй бахӕрӕн дӕр кӕмӕн нӕй, уыдоны хъысмӕт та, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз бавзарын кӕндзынӕн иудейаг паддзах Цедекиа ӕмӕ йӕ уӕздӕттӕн, Йерусалимы цӕрджытӕй ацы зӕххыл цӕргӕйӕ чи баззади, уыдонӕн, стӕй, Мысырмӕ чи ацыди, уыдонӕн дӕр. 9Ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтӕн суыдзысты стыр тас ӕмӕ бӕллӕхы ӕвирхъау дӕнцӕг, кӕдӕм сӕ фӕсурон, уыцы бӕстӕты ӕгад ӕмӕ фидиссаг суыдзысты, хынджылӕг сӕ кӕндзысты ӕмӕ сӕ’лгъитдзысты. 10Кардӕй сӕ ныццӕгъддзынӕн, стонг ӕмӕ сын рын бавзарын кӕндзынӕн, цалынмӕ, сӕ фыдӕлтӕн ӕмӕ сын сӕхицӕн кӕй радтон, уыцы зӕххӕй бынтондӕр фесӕфой, уӕдмӕ».
Copyright information for OssIBT2022