‏ Jeremiah 25

1 2Иудейаг паддзах Иоаким, Иосиайы фырт, цыппӕрӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уӕд вавилойнаг паддзах Навуходоносоры хицаудзинадыл цыди фыццаг аз. Уыцы заман пехуымпар Йеремиайӕн раргом ис ӕппӕт иудейӕгты фидӕн, ӕмӕ Йеремиа ӕгас Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн фехъусын кодта: 3Дунедарӕг ӕртӕ ӕмӕ ссӕдз азы дӕргъы ныхас кӕны мемӕ, иудейаг паддзах Иосиа, Амоны фырт, ӕртындӕсӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уӕдӕй абонмӕ. Ӕмӕ ӕз ӕрвылбон уемӕ дзырдтон, фӕлӕ нӕ хъуыстат.

4Дунедарӕг уӕм ӕдзухдӕр ӕрвыста йӕ лӕггадгӕнджыты, пехуымпарты, фӕлӕ сӕм нӕ хъуыстат, сӕ ныхӕстӕм сын уӕ хъус никуы ӕрдардтат. 5Уыдон уын дзырдтой: «Алчидӕр уӕ йӕ фыдвӕндӕгтӕ ӕмӕ йӕ фыдракӕндтӕ ныууадзӕд, ӕмӕ цӕрут, Дунедарӕг сымах ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн мыггагмӕ кӕй радта, уыцы зӕххыл. 6Ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл ма цӕут, ма сын кувут ӕмӕ сын ма лӕггад кӕнут; уӕ хъуыддӕгтӕй Мӕ ма мӕсты кӕнут, ӕмӕ уыл уӕд фыдбылыз не’руадздзынӕн». 7Фӕлӕ Мӕм нӕ хъуыстат, — зӕгъы Дунедарӕг, — уӕ хъуыддӕгтӕй Мӕ уӕхи фыдӕнӕн мӕсты кодтат.

8Уымӕ гӕсгӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Мӕ ныхӕстӕм Мын кӕй нӕ хъуыстат, 9уый тыххӕй Ӕз фӕсиддзынӕн цӕгаты ӕппӕт адӕмтӕм, стӕй Мӕ цагъар Навуходоносормӕ, Вавилоны паддзахмӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ сӕ ацы зӕххы, йӕ цӕрджыты ӕмӕ, сӕ алыварс цы адӕмтӕ цӕры, ӕппӕт уыдоны ныхмӕ схӕцын кӕндзынӕн. Быныскъуыд сӕ фӕкӕндзынӕн, адӕмыл ӕвирхъау тас куыд бафтауой ӕмӕ хынджылӕггаг куыд суой, афтӕ; гӕныстонмӕ ӕрцӕудзысты мыггагмӕ. 10Цин, хъӕлдзӕгдзинад ӕмӕ чындзӕхсӕвы уынӕр, куыройы хъыррыст нал фехъусдзысты, цырагъы рухс нал фендзысты. 11Ацы зӕхх ӕгасӕй дӕр ӕдзӕрӕг быдыр фестдзӕн ӕмӕ йӕ уындӕй алкӕй тасы ӕфтаудзӕн; ӕвдай азы дӕргъы ацы адӕмтӕ уыдзысты Вавилоны паддзахы уацары.

12Ӕвдай азы куы рацӕуа, уӕд Ӕз сӕ фыдракӕндты тыххӕй Вавилоны паддзах ӕмӕ йӕ адӕмы, стӕй халдейӕгты бӕстӕ бафхӕрдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕнусмӕ йӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн. 13Уыцы зӕххӕн рагацау цы снысан кодтон ӕмӕ ацы чиныджы цыдӕриддӕр фыст ис, Йеремиа ӕппӕт адӕмты тыххӕй рагуацы хуызы цыдӕриддӕр загъта, уыдон Ӕз иууылдӕр сӕххӕст кӕндзынӕн. 14Сӕхи дӕр сын ӕнӕнымӕц адӕмтӕ ӕмӕ хъомысджын паддзӕхтӕ басӕтдзысты. Ӕз сын сӕ митӕм ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ стӕрхон кӕндзынӕн».

15Дунедарӕг, Израилы Хуыцау мын загъта: «Айс Мӕ къухӕй ацы кӕхц, йӕ мидӕг ис Мӕ масты сӕн. Цы адӕмтӕм дӕ арвитдзынӕн, уыдонӕн дзы се’ппӕтӕн дӕр бадар. 16Куы дзы бануазой, уӕд ныдздзой-дзой кӕндзысты, цы кард сӕм ӕрвитын, уый куы феной, уӕд сӕрра уыдзысты».

17Ӕз Дунедарӕджы къухӕй кӕхц райстон ӕмӕ, цы адӕмтӕм мӕ арвыста, уыдонӕн дзы се’ппӕтӕн дӕр бануазын кодтон: 18Йерусалим ӕмӕ Иудейы сахартӕн, сӕ паддзӕхтӕ ӕмӕ сӕ уӕздӕттӕн — цӕмӕй сафтид уой ӕмӕ сӕ уындӕй алкӕй тасы’фтауой, хынджылӕггаг ӕмӕ ӕлгъыстаг фӕуой, ӕмӕ уыдӕттӕ ныридӕгӕн ӕвзарынц; 19фараон — Мысыры паддзах, йӕ лӕггадгӕнджытӕ, йӕ уӕздӕттӕ ӕмӕ йе’ппӕт адӕмӕн, 20стӕй, се’хсӕн ӕцӕгӕлонӕй чидӕриддӕр цӕры, уыдонӕн; Уцы бӕстӕйы паддзӕхтӕн се’ппӕтӕн дӕр; филистимаг зӕххы ӕппӕт паддзӕхтӕ — Ашкелон, Газӕ ӕмӕ Екрон, стӕй, Ашдоды цӕрджытӕй ма чи аирвӕзт, уыдонӕн; 21Едом, Моав ӕмӕ Аммоны фырттӕн; 22Тир ӕмӕ Сидоны паддзӕхтӕн се’ппӕтӕн дӕр; 23Дедан, Тема ӕмӕ Бузы цӕрджытӕн, стӕй, сӕ къӕмисӕнтӕ цы адӕмтӕ дасынц, уыдонӕн се’ппӕтӕн дӕр; 24Аравийы ӕппӕт паддзӕхтӕ ӕмӕ, ӕдзӕрӕг быдыры хицауиуӕг чи кӕны, уыцы паддзӕхтӕн се’ппӕтӕн дӕр; 25Зимри, Елам ӕмӕ Мидийы ӕппӕт паддзӕхтӕн; 26цӕгаты дард ӕмӕ хӕстӕг паддзӕхтӕн, иуӕн иннӕйы фӕдыл — зӕххыл цыдӕриддӕр паддзахӕдтӕ ис, уыдонӕн се’ппӕтӕн дӕр. Шешахы паддзах та уыцы кӕхцӕй ӕппӕты фӕстаг бануаздзӕн.

27Зӕгъ сын: «Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: нуазгӕ кӕнут ӕмӕ ныррасыг ут, сбухъ кӕнут ӕмӕ ахаут зӕххыл, кӕй уӕм ӕрвитын, уыцы карды раз уӕ бон сыстын куыннӕуал суа, афтӕ!»

28Дӕ къухтӕй дын кӕхц куынӕ исой ӕмӕ дзы нуазын куынӕ комой, уӕд-иу сын зӕгъ: «Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: бануаздзыстут дзы ӕнӕмӕнг! 29Мӕ ном кӕуыл сӕвӕрдӕуыд, уыцы сахарӕн Ӕз бӕллӕхтӕ куы’взарын кӕнон, уӕд сымах, ау, ӕнӕфхӕрдӕй баззайдзыстут? Нӕ, ницы хуызы, уымӕн ӕмӕ Ӕз ӕппӕт зӕххон цӕрджыты карды амӕттаг бакӕндзынӕн», — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.

30Ацы ныхӕстӕ сын иууылдӕр фехъусын кӕн, зӕгъ сын: «Дунедарӕг бӕрзондӕй ныннӕрдзӕн, Йӕ уаз цӕрӕнӕй райхъуысдзӕн Йӕ хъӕлӕс! Ныннӕрдзӕни Йӕ дзугыл, сӕндуцӕгау ныхъхъӕр кӕндзӕн ӕппӕт зӕххон цӕрджытыл! 31Гыбар-гыбур зӕххы кӕрӕттӕм айхъуысдзӕн, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг адӕмтӕн тӕрхон кӕны. Уый алкӕмӕй дӕр дзуапп ӕрдомдзӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.

32Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Мӕнӕ иу адӕмӕй иннӕмӕ фыдбылыз цӕуы, зӕххы кӕрӕттӕй стыр тымыгъ сыстад».

33Уыцы бон, Дунедарӕг кӕй амардзӕн, уыдоны мӕрдтӕ ӕгас зӕххыл лӕзӕрдзысты. Ничи сыл скӕудзӕн, ничи сӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн, ӕмӕ ныгӕд не’рцӕудзысты, фаджысау зӕххыл баззайдзысты.

34Фыййӕуттӕ, кӕут ӕмӕ дзыназут! Рӕгъауы фӕтӕгтӕ, уӕхиуыл рыг ӕркалут, уымӕн ӕмӕ уе’ргӕвдыны рӕстӕг ӕрхӕццӕ; ныххӕлиу уӕ кӕндзысты, ӕмӕ зынаргъ мигӕнӕнау ныппырх уыдзыстут. 35Фыййӕуттӕн бамбӕхсын нӕ бантысдзӕн, рӕгъауы фӕтӕгтӕ нӕ фервӕздзысты.

36Хъуысы фыййӕуты кӕуын, дзыназынц рӕгъауы фӕтӕгтӕ: Дунедарӕг сын бабын кодта сӕ сӕрвӕттӕ! 37Сабыр фосдӕттӕ Дунедарӕджы судзгӕ мастӕй сӕфынц! 38Цыма домбай йӕ лӕгӕтӕй рацыд, уый хуызӕн сси, ӕмӕ ӕгъатыр мастӕй, Йӕ судзгӕ мастӕй ӕдзӕрӕг быдыр фестади зӕхх!
Copyright information for OssIBT2022