Jeremiah 26
1Иудейаг паддзах Иоаким, Иосиайы фырт, хицауиуӕг кӕнын куы райдыдта, уыцы заман Дунедарӕг Йеремиайӕн загъта: 2«Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Дунедарӕджы хӕдзары кӕрты ӕрлӕуу ӕмӕ, Иудейы сахарты цӕрджытӕн, бакувынмӕ чи ӕрбацыди, уыдонӕн, цыдӕриддӕр дын бафӕдзӕхсон, уыдӕттӕ иууылдӕр фехъусын кӕн, иу дзырд дӕр дзы ма фӕуадз. 3Чи зоны, байхъусой, ӕмӕ дзы алчидӕр йӕ фыдвӕндӕгтӕ ныууадза. Ӕмӕ уӕд аивдзынӕн Мӕ фӕндон, сӕ фыдракӕндты аххосӕй сыл цы бӕллӕх ӕруадзынмӕ хъавын, уый сын нал бавзарын кӕндзынӕн. 4Зӕгъ сын: „Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: куынӕ Мӕм байхъусат ӕмӕ, кӕй уын радтон, уыцы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ куынӕ цӕрат, 5Мӕ лӕггадгӕнджыты, пехуымпарты, ныхӕстӕм куынӕ хъусат, — кӕд сӕм нӕ хъусут, уӕддӕр уӕм Ӕз ӕдзухдӕр кӕй ӕрвитын, уыдонмӕ, — 6уӕд Ӕз ацы хӕдзарӕн, Силомӕн цы бакодтон, уый бакӕндзынӕн, ацы сахар ӕппӕт зӕххы адӕмтӕ куыд ӕлгъитой, афтӕ“». 7Йеремиа ацы ныхӕстӕ Дунедарӕджы хӕдзары куы дзырдта, уӕд ӕм сауджынтӕ, пехуымпартӕ ӕмӕ адӕм иууылдӕр хъуыстой. 8Куыддӕр Йеремиа, Дунедарӕг ын цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уыдон адӕмӕн фехъусын кодта, афтӕ йӕм сауджынтӕ, пехуымпартӕ ӕмӕ иннӕ адӕм фӕлӕбурдтой ӕмӕ ныхъхъӕр кодтой: «Ды маринаг дӕ! 9Дунедарӕджы номӕй афтӕ цӕмӕн дзурыс, ацы хӕдзар Силомы хъысмӕт бавзардзӕн, сахар та сафтид уыдзӕн ӕмӕ дзы иунӕг цӕрӕг дӕр нал баззайдзӕн, зӕгъгӕ?» Адӕм иууылдӕр Дунедарӕджы хӕдзары ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй Йеремиайӕн стӕрхон кӕной. 10Иудейаг уӕздӕттӕ уыцы хабар куы фехъуыстой, уӕд паддзахы галуанӕй Дунедарӕджы хӕдзармӕ’рбацыдысты ӕмӕ Ног кулдуары бацӕуӕны раз ӕрбадтысты. 11Сауджынтӕ ӕмӕ пехуымпартӕ уӕздӕттӕн, стӕй ӕппӕт адӕмӕн загътой: «Ацы адӕймагӕн марыны тӕрхон рахӕссын хъӕуы, уымӕн ӕмӕ ацы сахары ныхмӕ пехуымпариуӕг кодта. Уый сымах фехъуыстат уӕхи хъустӕй!» 12Йеремиа уӕздӕттӕ ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕн загъта: «Ацы хӕдзар ӕмӕ ацы сахары ныхмӕ пехуымпариуӕг кӕнынмӕ, стӕй, цыдӕриддӕр фехъуыстат, уыдӕттӕ дзурынмӕ мӕн рарвыста Дунедарӕг. 13Уӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ уӕ хъуыддӕгтӕ сраст кӕнут. Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, ныхасмӕ хъусут, ӕмӕ уӕд Дунедарӕг Йӕ фӕндон аивдзӕн, рагацау уын цы бӕллӕх снысан кодта, уый уын нал бавзарын кӕндзӕн. 14Ӕз та уӕ къухты дӕн, ӕмӕ уӕм хуыздӕр ӕмӕ растдӕр цы кӕсы, уый мын бакӕнут. 15Фӕлӕ зонут: куы мӕ амарат, уӕд уӕхи дӕр, стӕй ацы сахар ӕмӕ йе’ппӕт цӕрджыты дӕр ӕнаххос адӕймаджы тугӕй фӕчъизи кӕндзыстут! Уымӕн ӕмӕ, ӕцӕг уын зӕгъын, ацы ныхӕстӕ уын хъӕлӕсыдзагӕй фехъусын кӕнынмӕ мӕн рарвыста Дунедарӕг». 16Уӕд уӕздӕттӕ ӕмӕ ӕппӕт адӕм загътой сауджынтӕ ӕмӕ пехуымпартӕн: «Ацы лӕг маринаг нӕу, уымӕн ӕмӕ немӕ дзырдта Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, номӕй». 17Бӕстӕйы хистӕртӕ цалдӕрӕй сыстадысты ӕмӕ ӕгас ӕмбырдӕн загътой: 18«Иудейы паддзах Езекиайы заман пехуымпариуӕг кодта Морешетаг Миха. Уый ӕппӕт иудейӕгтӕн дзырдта: „Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: Сион быдырау бахуым кӕндзысты, Йерусалим хӕлддзӕгты кӕри фестдзӕн, ацы Кувӕндон цы хохыл арӕзт ӕрцыд, уый та фестдзӕнис хъӕд“. 19Фӕлӕ йӕ, ау, паддзах Езекиа ӕмӕ ӕппӕт иудейӕгтӕ уыцы ныхӕсты тыххӕй маргӕ акодтой? Ау, паддзах Дунедарӕгӕй нӕ фӕтарст ӕмӕ Йын лӕгъстӕ нӕ кодта? Ӕмӕ уӕд Дунедарӕг Йӕ фӕндон аивта, цы фыдбылыз сын ӕрцӕттӕ кодта, уый сӕ аздӕхта. Мах та нӕхӕдӕг нӕхи фыдбылызы ӕппарӕм!» 20(Дунедарӕджы номӕй пехуымпариуӕг кодта Шемайы фырт Уриа дӕр, Кирйат-Иаримы цӕрӕг. Уый дӕр ацы сахар ӕмӕ ацы зӕххы тыххӕй, Йеремиа цыдӕриддӕр дзуры, уыдӕттӕ дзырдта рагуацты хуызы. 21Паддзах Иоаким, йе’фсӕддонтӕ ӕмӕ йӕ уӕздӕттӕ пехуымпар Уриайы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд ӕй марынвӕнд скодтой. Уриа уый куы базыдта, уӕд фӕтарст, ӕмӕ Мысырмӕ алыгъди. 22Паддзах Иоаким Мысырмӕ арвыста Ахборы фырт Елнатаны йӕ адӕмимӕ. 23Уыдон Уриайы Мысырӕй Иоакиммӕ ӕркодтой, ӕмӕ йӕ уый кардӕй амарын кодта, йӕ мард та йын, хуымӕтӕг адӕмы кӕм фӕныгӕнынц, уыцы ингӕны ныппарын кодта.) 24Шафаны фырт Ахикам Йеремиайы сӕрыл рахӕцыд, цӕмӕй адӕмы къухтӕм марынмӕ лӕвӕрд ма ӕрцӕуа.
Copyright information for
OssIBT2022