‏ Jeremiah 27

1Иудейы паддзах Цедекиа, Иосиайы фырт, хицауиуӕг кӕнын куы райдыдта, уыцы заман Дунедарӕг Йеремиайӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас.

2Дунедарӕг мын загъта: «Сахсӕн ӕмӕ ӕфсондз сараз ӕмӕ сӕ дӕ хъуырыл ӕрцауындз. 3Иудейаг паддзах Цедекиамӕ минӕвӕрттӕ ӕрбацыдысты Йерусалиммӕ, ӕмӕ сӕ уыдонимӕ Едом, Моав, Тир, Сидон ӕмӕ Аммоны фыртты паддзӕхтӕм арвит. 4Сӕ паддзӕхтӕн сын афтӕ зӕгъын бафӕдзӕхс: „Уӕларвӕфсады Бардарӕджы, Израилы Хуыцау, зӕгъы: 5Ӕз Мӕ хъомысы фӕрцы Мӕхи къухӕй сфӕлдыстон зӕхх, адӕм ӕмӕ цӕрӕгойты, ӕмӕ Ӕз ацы зӕхх, кӕмӕн Мӕ фӕнды, уымӕн ратдзынӕн. 6Ныр уын Ӕз уӕ зӕххытӕ иууылдӕр дӕттын Мӕ цагъары, вавилойнаг паддзах Навуходоносоры, къухмӕ. Суанг ын хъӕддаг сырдты дӕр йӕ дӕлбар бакӕндзынӕн. 7Ӕппӕт адӕмтӕ йын лӕггад кӕндзысты, стӕй йӕ фырт ӕмӕ йӕ фырты фыртӕн дӕр, цалынмӕ йӕ зӕххӕн дӕр йӕ рӕстӕг ӕрцӕуа, уӕдмӕ. Бирӕ адӕмтӕ ӕмӕ хъомысджын паддзӕхтӕ йын лӕггад кӕндзысты.

8Фӕлӕ, Вавилоны паддзах Навуходоносорӕн ныр лӕггад чи нӕ кӕна ӕмӕ йын йе’фсондз йӕ уӕлӕ чи не’ркӕна, уыцы адӕмы кӕнӕ паддзахады Ӕз бафхӕрдзынӕн кард, стонг ӕмӕ рынӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, — уый къухӕй сӕ фесафдзынӕн бынтондӕр.

9Ма хъусут пехуымпартӕ ӕмӕ дӕсныфӕрсджытӕм, фынтӕ’взарджытӕм, кӕлӕнгӕнджытӕм ӕмӕ стъалыдӕснытӕм. Уыдон уын дзурынц, вавилойнаг паддзахӕн лӕггад нӕ кӕндзыстут, зӕгъгӕ. 10Рагуацты хуызы уын мӕнг ныхӕстӕ хъусын кӕнынц, цӕмӕй уӕ зӕххӕй хауӕццаг фӕуат, цӕмӕй уӕ Ӕз фӕсурон ӕмӕ бабын уат. 11Вавилойнаг паддзахы ӕфсондз йӕ уӕлӕ чи ӕркӕна ӕмӕ йын лӕггад чи кӕна, уыцы адӕмы Ӕз сӕхи зӕххыл ныууадздзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — кусдзысты сӕ зӕхх ӕмӕ йыл цӕрдзысты“».

12Уыцы ныхӕстӕ Ӕз иууылдӕр иудейаг паддзах Цедекиайӕн рафӕзмыдтон. Загътон ын: «Вавилойнаг паддзахы ӕфсондз уӕ уӕлӕ ӕркӕнут, йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йын йӕ адӕмӕн дӕр лӕггад кӕнут ӕмӕ цӕрдзыстут. 13Дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ адӕм дӕр кард, стонг ӕмӕ рынӕй цӕмӕн хъуамӕ бабын уат? Дунедарӕг ахӕм тӕрхон рахаста, Вавилоны паддзахӕн лӕггад чи нӕ кӕна, уыцы адӕмтӕн. 14Ма хъусут, Вавилоны паддзахӕн йӕ цагъартӕ не суыдзыстут, зӕгъгӕ уын чи дзуры, уыцы пехуымпартӕм, уымӕн ӕмӕ сӕ ныхӕстӕ мӕнг сты. 15„Ӕз сӕ нӕ арвыстон, — зӕгъы Дунедарӕг. — Рагуацты хуызы мӕнг ныхӕстӕ дзурынц Мӕ номӕй, цӕмӕй уӕ Ӕз ацы зӕххӕй фӕсурон ӕмӕ фесӕфат уӕ пехуымпартимӕ“».

16Уый фӕстӕ ӕз сауджынтӕ ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕн фехъусын кодтон: «Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: ма хъусут пехуымпартӕм; уыдон уын дзурынц, тагъд рӕстӕджы Дунедарӕджы хӕдзары дзаума фӕстӕмӕ Вавилонӕй ласт ӕрцӕудзӕни, зӕгъгӕ. Сӕ ныхӕстӕ мӕнг сты. 17Ма сӕм хъусут, Вавилоны паддзахӕн лӕггад кӕнут ӕмӕ цӕрут. Ацы сахар хӕлддзӕгты кӕри цӕмӕн хъуамӕ феста? 18Кӕд уыдон пехуымпартӕ сты ӕмӕ сӕм Дунедарӕджы ныхас ис, уӕд Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕн лӕгъстӕ кӕнӕнт, цӕмӕй ма Дунедарӕджы Кувӕндоны, стӕй Иудейы паддзахы галуаны ӕмӕ, Йерусалимы цы мигӕнӕнтӕ баззад, уыдон дӕр Вавилонмӕ ласт ма ӕрцӕуой. 19 20 21Уымӕн ӕмӕ ма ацы сахары цӕджындзтӕ, ӕрхуы денджыз ӕмӕ бынӕнцайӕнтӕй уӕлдай цыдӕриддӕр баззади дзаумайӕ — Вавилоны паддзах Навуходоносор иудейаг паддзах Йехониайы, Иоакимы фырты, стӕй Иудей ӕмӕ Йерусалимы ӕппӕт уӕздӕтты Вавилонмӕ уацары куы акодта, уӕд йемӕ кӕй нӕ аласта, — Дунедарӕджы Кувӕндон, паддзахы галуан ӕмӕ Йерусалимы ма цы дзаума баззади, уыдоны тыххӕй Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: 22„Уыдон дӕр Вавилонмӕ ласт ӕрцӕудзысты ӕмӕ уым баззайдзысты, цалынмӕ Мӕ тӕрхоны рӕстӕг нӕ ралӕууа, — зӕгъы Дунедарӕг, — цалынмӕ сӕ Ӕз нӕ рахӕссын кӕнон ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ ацы бынатмӕ нӕ раздахон, уӕдмӕ“».
Copyright information for OssIBT2022