Jeremiah 28
1Паддзах Цедекиа цыппӕрӕм аз хицауиуӕг кодта Иудейы. Уыцы азы фӕндзӕм мӕй мын гивонаг пехуымпар, Аззуры фырт Хананиа, Дунедарӕджы хӕдзары, сауджынтӕ ӕмӕ ӕппӕт адӕмы раз загъта: 2«Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: Ӕз вавилойнаг паддзахы ӕфсондз ныппырх кӕндзынӕн. 3Дыууӕ азы фӕстӕ Дунедарӕджы хӕдзары дзаума иууылдӕр — вавилойнаг паддзах Навуходоносор ардыгӕй кӕй ахаста ӕмӕ Вавилонмӕ кӕй аласта, уыдон — Ӕз фӕстӕмӕ ацы бынатмӕ раздахдзынӕн. 4Иудейы паддзах Йехониайы, Иоакимы фырты, стӕй Иудейӕ Вавилонмӕ уацары кӕй акодтой, уыцы адӕмы се’ппӕты дӕр фӕстӕмӕ ардӕм раздахдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — уымӕн ӕмӕ Ӕз Вавилоны паддзахӕн йе’фсондз ныппырх кӕндзынӕн». 5Пехуымпар Йеремиа, Дунедарӕджы хӕдзары цы сауджынтӕ лӕууыд, уыдоны, стӕй ӕппӕт адӕмы раз пехуымпар Хананиайӕн дзуапп радта: 6«Дунедарӕг ахӕм хъуыддаг саразӕд! Уадз ӕмӕ дын Дунедарӕг сӕххӕст кӕна дӕ рагуац, ӕмӕ Дунедарӕджы хӕдзары дзаума иууылдӕр Вавилонӕй раздаха, стӕй хаст адӕмы се’ппӕты дӕр. 7Фӕлӕ-ма байхъус, ӕз дӕуӕн ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕн хъӕлӕсыдзагӕй цы зӕгъдзынӕн, уымӕ. 8Рагон пехуымпартӕ, мах размӕ пехуымпариуӕг чи кодта, уыдон бирӕ бӕстӕтӕ ӕмӕ хъомысджын паддзахӕдтӕн дзырдтой, фидӕны сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕй кӕсынц хӕстытӕ, бӕллӕхтӕ ӕмӕ рынтӕ. 9Пехуымпар-иу рагацау сабырдзинады кой куы скодта, уӕд-иу, Дунедарӕг ӕцӕг кӕй рарвыста, ахӕм пехуымпар кӕй у, уый-иу, ӕрмӕстдӕр йӕ ныхӕстӕ куы сӕххӕст сты, уӕд рабӕрӕг ис». 10Пехуымпар Хананиа Йеремиайӕн йӕ бӕрзӕйӕ’фсондз систа ӕмӕ йӕ ныппырх кодта. 11Уый фӕстӕ йын ӕппӕт адӕмы раз загъта: «Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: дыууӕ азы фӕстӕ, Вавилоны паддзах Навуходоносор ӕппӕт адӕмы бӕрзӕйыл цы’фсондз сӕвӕрдта, уый Ӕз афтӕ ныппырх кӕндзынӕн». Йеремиа йӕ фӕндагыл ацыди. 12Пехуымпар Хананиа, Йеремиайы бӕрзӕйыл цы ӕфсондз уыди, уый куы ныссаста, уый фӕстӕ Дунедарӕг Йеремиайӕн загъта: 13«Цӕугӕ ӕмӕ Хананиайӕн Мӕ номӕй афтӕ зӕгъ: „Ды асастай хъӕдын ӕфсондз, фӕлӕ йӕ бӕсты Ӕз ӕфсӕйнаг ӕфсондз сараздзынӕн. 14Уымӕн ӕмӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: Ӕз уыцы адӕмтӕн се’ппӕтӕн дӕр сӕ бӕрзӕйыл ӕфсӕйнаг ӕфсондз бакӕндзынӕн, цӕмӕй Вавилоны паддзах Навуходоносорӕн лӕггад кӕной, уый тыххӕй. Уыдон суыдзысты йӕ цагъартӕ, суанг ын хъӕддаг сырдты дӕр бакӕндзынӕн йӕ дӕлбар“». 15Ӕмӕ пехуымпар Йеремиа загъта пехуымпар Хананиайӕн: «Хананиа, байхъус-ма! Дунедарӕг дӕ нӕ рарвыста! Ды ацы адӕмӕн мӕнг ныхӕстӕй зӕрдӕтӕ ӕвӕрыс. 16Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Зӕххы цъарӕй дӕ фесафдзынӕн: ацы аз амӕлдзынӕ, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы номӕй мӕнг ныхӕстӕ дзырдтай». 17Ӕмӕ уыцы азы ӕвдӕм мӕйы пехуымпар Хананиа амарди.
Copyright information for
OssIBT2022