‏ Jeremiah 29

1Навуходоносор Йерусалимӕй Вавилонмӕ уацары кӕй акодта, уыцы адӕмы’хсӕн ма цы хистӕртӕ баззад, уыдонмӕ, стӕй сауджынтӕ, пехуымпартӕ ӕмӕ ӕппӕт адӕммӕ Йеремиа Йерусалимӕй арвыста мӕнӕ ацы фыстӕг. 2Уый уыди, паддзах Йехониа, йӕ мад, евнухтӕ, Иудей ӕмӕ Йерусалимы уӕздӕттӕ, куырдтӕ ӕмӕ ӕрмдӕсныты Йерусалимӕй куы акодтой, уый фӕстӕ. 3Фыстӕг йӕ бынатыл сӕмбӕлын кӕнын бабар кодта Шафаны фырт Еласа ӕмӕ Хилкиайы фырт Гемариайӕн, Иудейы паддзах Цедекиа вавилойнаг паддзах Навуходоносормӕ кӕй арвыста, уыдонӕн.

4Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы ӕппӕт хаст адӕмӕн, Ӕз Йерусалимӕй Вавилонмӕ кӕй фӕсырдтон, уыдонӕн: 5«Уӕхицӕн хӕдзӕрттӕ аразут ӕмӕ дзы цӕрут, саразут дыргъдӕттӕ ӕмӕ сын сӕ дыргътӕй хӕрут. 6Устытӕ курут ӕмӕ цот уадзут, уӕ фырттӕн устытӕ хӕссут ӕмӕ уӕ чызджыты моймӕ дӕттут, цӕмӕй уыдонӕн дӕр цот цӕуа. Ма фӕкъаддӕр ут, фӕлӕ сбирӕ ут уыцы зӕххыл. 7Цы сахармӕ уӕ фӕсырдтон, уымӕн йӕ фарнмӕ бӕллут ӕмӕ уыцы сахары тыххӕй Дунедарӕгмӕ кувут, уымӕн ӕмӕ уый фӕрнджын куы уа, уӕд сымах дӕр ӕнӕмастӕй цӕрдзыстут».

8Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Уе’хсӕн цы пехуымпартӕ ӕмӕ цы дӕсныфӕрсджытӕ ис, уыдон уӕ ма асайӕнт, фынтӕ’взарджытӕм ма хъусут. 9Уыцы адӕм уын рагуацы хуызы Мӕ номӕй дзурынц мӕнг ныхӕстӕ, Ӕз сӕ нӕ арвыстон», — зӕгъы Дунедарӕг.

10Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Вавилонӕн цы ӕвдай азы нысангонд ӕрцыд, уыдон куы фӕуой, уӕд уӕм ӕркӕсдзынӕн, зӕрдӕ уын цӕмӕй бавӕрдтон, уый сӕххӕст кӕндзынӕн — раздахдзынӕн уӕ ацы бынатмӕ. 11Уымӕн ӕмӕ ӕрмӕстдӕр Ӕз зонын, цы уын снысан кодтон, уый, — зӕгъы Дунедарӕг, — уӕ фыдбылызы нӕ, фӕлӕ уӕ фарны сӕраппонд, цӕмӕй уӕ схайджын кӕнон фидӕн ӕмӕ зӕрдӕдарӕнӕй.

12Сымах мӕ ӕрцагурдзыстут, ацӕудзыстут ӕмӕ Мӕм скувдзыстут, ӕмӕ уӕ Ӕз фехъусдзынӕн. 13Зӕрдиагӕй Мӕ куы ӕрцагурат, уӕд Мӕ ссардзыстут. 14Ӕз уӕм мӕхи раргом кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — уацарӕй уӕ раздахдзынӕн. Цы бӕстӕтӕ ӕмӕ уӕ цы адӕмты’хсӕн ныххӕлиу кодтон, уырдыгӕй уӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — кӕцӕй уӕ фӕсырдтон, уыцы зӕхмӕ уӕ фӕстӕмӕ раздахдзынӕн.

15Сымах дзурут, Дунедарӕг нын Вавилоны дӕр пехуымпартӕ радта, зӕгъгӕ. 16 17Фӕлӕ, Давиды бадӕны чи бады, уыцы паддзахы, стӕй ацы сахары цӕрӕг адӕмы, уемӕ уацары кӕй нӕ акодтой, уӕ уыцы’фсымӕрты тыххӕй Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, афтӕ зӕгъы: уыдоны Ӕз кард, стонг ӕмӕ рыны амӕттаг бакӕндзынӕн, фыр ӕвзӕрӕй бахӕрынмӕ цы легъуитӕ нӕ бӕззынц, уыдоны хуызӕн сӕ скӕндзынӕн. 18Сӕ фӕдыл кард, стонг ӕмӕ рынимӕ зилдзынӕн, ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтӕн ӕнӕуынон суыдзысты. Цы адӕмтӕм сӕ фӕсурдзынӕн, уыдоны’хсӕн сӕ ӕлгъитдзысты, стыр тасы бацӕудзысты сӕ уындӕй, ӕлгъаг ӕмӕ хынджылӕггаг суыдзысты, 19уымӕн ӕмӕ Мын Мӕ ныхӕстӕм нӕ хъуыстой, — зӕгъы Дунедарӕг, — Мӕ пехуымпарты уылты сӕм ӕдзухдӕр кӕй ӕрвыстон, уыцы ныхӕстӕм сӕ хъус не’рдардтой. 20Фӕлӕ сымах, хаст адӕм, Йерусалимӕй Вавилонмӕ кӕй арвыстон, уыдон, байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ!

21Колайы фырт Ахав ӕмӕ Маасеайы фырт Цедекиайы, Мӕ номӕй уын мӕнг ныхӕстӕ чи дзуры, уыдоны тыххӕй Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: вавилойнаг паддзах Навуходоносоры къухмӕ сӕ ратдзынӕн, ӕмӕ сӕ уый уӕ цӕстыты раз амардзӕн. 22Ӕмӕ-иу уый фӕстӕ Вавилоны цӕрӕг хаст иудейӕгтӕ, кӕрӕдзийы куы ӕлгъитой, уӕд дзурдзысты: „Дунедарӕг дын, Вавилоны паддзах арты кӕй сфизонӕг кодта, уыцы Цедекиа ӕмӕ Ахавы хъысмӕт бавзарын кӕнӕд!“ 23Уымӕн ӕмӕ уыдон Израилы цъаммар митыл бафтыдысты: кӕйдӕр устытимӕ хъахбай митӕ кодтой, Ӕз сын нӕ бафӕдзӕхстон, афтӕмӕй Мӕ номӕй мӕнг ныхӕстӕ дзырдтой. Ӕппӕт уыдӕттӕ Ӕз зонын, Мӕхӕдӕг дӕн ӕвдисӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.

24 25Нехеламаг Шемайайӕн афтӕ зӕгъ Уӕларвӕфсады Бардарӕджы, Израилы Хуыцауы, номӕй: «Ды дӕхи фӕндонӕй ӕгас Йерусалимы цӕрджытӕ ӕмӕ сауджын Софониамӕ, Маасеайы фыртмӕ, стӕй иннӕ сауджынтӕм се’ппӕтмӕ дӕр фыстӕджытӕ фервыстай. Дӕ фыстӕджы фыстай: 26„Софониа, Дунедарӕг дӕ сауджын Йеходайы бӕсты сауджынӕй сӕвӕрдта, цӕмӕй, Дунедарӕджы хӕдзары пехуымпариуӕг чи кӕна, уыцы нӕрӕмонтӕм дӕ цӕст дарай ӕмӕ-иу сыл хъадамантӕ бакӕнай. 27Ӕмӕ уӕдӕ уӕ сахары пехуымпариуӕг чи кӕны, уыцы анатотаг Йеремиайы цӕуылнӕ бауромыс? 28Уый нӕм Вавилонмӕ афтӕ куы фыста, уӕ уацары рӕстӕг бирӕ ахӕсдзӕн, уӕхицӕн хӕдзӕрттӕ аразут ӕмӕ дзы цӕрут, дыргъдӕттӕ саразут ӕмӕ сын сӕ дыргътӕй хӕрут, зӕгъгӕ“».

29Пехуымпар Софониа уыцы фыстӕг Йеремиайӕн бакасти. 30Ӕмӕ Дунедарӕг Йеремиайӕн загъта: 31«Хаст адӕммӕ ныффыс: Дунедарӕг нехеламаг Шемайайы тыххӕй афтӕ зӕгъы: Шемайа уын пехуымпариуӕг кӕй кодта, Ӕз ӕй нӕ арвыстон, афтӕмӕй уын мӕнг ныхӕстӕй ныфсытӕ кӕй ӕвӕрдта, 32уый тыххӕй Дунедарӕг зӕгъы: Ӕз нехеламаг Шемайайӕн йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ фӕстагӕтты дӕр бафхӕрдзынӕн. Йӕ байзӕддӕгтӕй уыцы адӕмы’хсӕн ничи цӕрдзӕн, ӕмӕ, Мӕ адӕмӕн цы хорзӕх ратдзынӕн, уый Шемайа нӕ фендзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы номӕй мӕнг ныхӕстӕ дзырдта».
Copyright information for OssIBT2022