‏ Jeremiah 30

1Дунедарӕг Йеремиайӕн загъта: 2«Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: цыдӕриддӕр дын фехъусын кодтон, уыдон тухгӕ чиныджы ныффыс. 3Уымӕн ӕмӕ ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ Ӕз Мӕ адӕмы, Израил ӕмӕ Иудейы, уацарӕй раздахдзынӕн. Сӕ фыдӕлтӕн сын цы зӕхх радтон, уырдӕм сӕ ӕрбакӕндзынӕн, исбонӕн сын ӕй ратдзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.

4Мӕнӕ сты, Дунедарӕг Израил ӕмӕ Иудейы тыххӕй цы ныхӕстӕ загъта, уыдон.

5Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Ӕбуалгъ тасы хъӕртӕ хъусӕм, бӕстӕ схъомпал, нал ис сабырдзинад.

6Бафӕрсут-ма искӕй ӕмӕ ахъуыды кӕнут: нӕлгоймагӕн йӕ бон ныййарын у? Уӕдӕ цы уынын Ӕз: нӕлгоймӕгтӕ арӕг устытау ныкъкъӕдзтӕ сты! Сӕ цӕсгӕмттӕ мӕрдон фӕлурс ныйисты.

7О, додой! Ахӕм ӕвирхъау бон никуыма ӕрцыд! Йаковӕн йӕ фыдбылызы рӕстӕг ӕрхӕццӕ кӕны, фӕлӕ фервӕздзӕн.

8Уыцы бон сын Ӕз, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — сӕ бӕрзӕйыл цы’фсондз ис, уый ныппырх кӕндзынӕн, сӕ бӕндӕнтӕ сын фӕйнӕрдӕм арӕдувдзынӕн! Ӕмӕ уӕд лӕггад кӕндзысты ӕцӕгӕлӕттӕн нӕ, 9фӕлӕ Дунедарӕгӕн, сӕ Хуыцауӕн, стӕй сӕ паддзах Давидӕн, сӕ сӕргъы сын кӕй сӕвӕрдзынӕн, уымӕн.

10Уӕдӕ ма тӕрс, мӕ цагъар Йаков, — зӕгъы Дунедарӕг, — ма тӕрс, Израил! Ӕз дӕ дард бӕстӕй фервӕзын кӕндзынӕн, дӕ байзӕддӕгты дын раздахдзынӕн, уацары кӕм уыдысты, уыцы зӕххӕй. Раздӕхдзӕн Йаков, сабыр ӕмӕ ӕдасӕй цӕрдзӕн, тасы йӕ ничиуал ӕфтаудзӕн. 11Уымӕн ӕмӕ Ӕз демӕ дӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз дӕ фервӕзын кӕндзынӕн! Цы адӕмты’хсӕн дӕ ныххӕлиу кодтон, уыдоны ныццӕгъддзынӕн, ӕрмӕстдӕр дӕу нӕ фесафдзынӕн. Дӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ дӕ бафхӕрдзынӕн, фӕлӕ дӕ ӕнӕфхӕрдӕй нӕ ныууадздзынӕн».

12Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Дӕ хъӕдгӕмттӕн сдзӕбӕхгӕнӕн нӕй, уӕззау сты дӕ цӕфтӕ! 13Дӕ цӕфтӕн хостӕ нӕй ӕмӕ дын нӕй сдзӕбӕхы амал, уымӕн ӕмӕ дӕ хъуыддагыл ничи тыхсы. 14Дӕ цӕдисонтӕ дӕ ферох кодтой, нал дӕ агурынц. Знаджы цӕфтӕ дыл ныккалдтон, бафхӕрдтон дӕ ӕгъатырӕй, уымӕн ӕмӕ дӕ фыдракӕндтӕ сбирӕ сты, дӕ тӕригъӕдтӕн нымӕц дӕр нӕй!

15Дӕ хъӕдгӕмттӕй, дӕ уӕззау цӕфтӕй цы хъӕрзыс? Бирӕ фыдракӕндтӕ кӕй фӕкодтай, дӕ тӕригъӕдтӕ ӕнӕнымӕц кӕй систы, уый тыххӕй дын бавзарын кодтон адӕттӕ! 16Фӕлӕ дӕ чидӕриддӕр ныхъуыры, уыдонӕн сӕхи дӕр аныхъуырдзысты, де знӕгтӕ сӕхӕдӕг уацары ацӕудзысты, хӕлӕттаг дӕ чи фӕкодта, уыдонӕн сӕхи дӕр сафтид кӕндзысты, чи дӕ стыгъта, уыдоны бастигъдзысты. 17Дӕ хосгӕнӕг суыдзынӕн Мӕхӕдӕг, дӕ цӕфтӕ дын байгас кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — Дӕу хъодыгонд хуыдтой ӕмӕ дзырдтой: «Сионы сахар никӕйуал хъӕуы».

18Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ӕз ногӕй айтындздзынӕн Йаковы цатыртӕ, йӕ хӕдзӕрттӕн ын фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн; сахар ногӕй сырӕздзӕни хӕлддзӕгты кӕритӕй, ӕмӕ галуан йӕ бынаты ӕрлӕудзӕн. 19Арфӕйы зарджытӕ, цины хъӕртӕ дзы райхъуысдзысты. Сбирӕ сӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ нал фӕкъаддӕр уыдзысты; скадджын сӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ ӕгады бынатмӕ нал ӕрхаудзысты. 20Сӕ фырттӕ раздӕры хуызӕн суыдзысты, се’хсӕнад ӕрфидар уыдзӕн Мӕ разы. Ӕз сын се’фхӕрджыты бафхӕрдзынӕн. 21Сӕ фӕтӕг уыдзӕни сӕхицӕй, се’хсӕнӕй рацӕудзӕн. Ӕз ӕй Мӕхимӕ ӕрбаввахс кӕндзынӕн, ӕмӕ Мӕм ӕрбахӕстӕг уыдзӕн.

Йӕхи фӕндӕй Мӕм хӕстӕг ӕрбацӕуын чи бауӕнддзӕн? — зӕгъы Дунедарӕг. —
22Сымах суыдзыстут Мӕ адӕм, Ӕз та — уӕ Хуыцау».

23Мӕнӕ Дунедарӕджы тыхдымгӕ, фыр мӕстӕй абухгӕйӕ, зилдух кӕнын систа! Тымыгъ сыстад ӕмӕ фыдгӕнджыты сӕртӕ бабын кӕндзӕн! 24Дунедарӕджы судзгӕ маст не’рсабыр уыдзӕн, цалынмӕ Йӕ фӕндтӕ нӕ сӕххӕст кӕна, уӕдмӕ. Уый фидӕны бамбардзыстут.
Copyright information for OssIBT2022