Jeremiah 31
1«Уыцы заман, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕй алкӕмӕн дӕр суыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та — Мӕ адӕм». 2Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Кардӕй чи аирвӕзт, уыцы адӕм хорзӕх ссардтой ӕдзӕрӕг быдыры. Ӕз ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ басабыр кӕндзынӕн Израилы». 3Дунедарӕг мӕм дардӕй фӕзынд ӕмӕ загъта: «Ӕнусон уарзтӕй дӕ бауарзтон ӕмӕ дӕ скодтон Мӕ хорзӕхы аккаг. 4Израилы чызг, ногӕй дӕ сараздзынӕн, ӕмӕ арӕзт ӕрцӕудзынӕ, дӕ дала та райсдзынӕ ӕмӕ кафджытимӕ хъӕлдзӕгӕй кафдзынӕ. 5Самарийы хӕхтыл ногӕй сӕндӕттӕ скӕндзынӕ, сӕндондартӕ сӕ сараздзысты ӕмӕ тыллӕг ӕрӕмбырд кӕндзысты. 6Ралӕудзӕн ахӕм бон, ӕмӕ Ефремы хӕхтыл хъахъхъӕнджытӕ ныхъхъӕр кӕндзысты: „Сыстут, ӕмӕ Дунедарӕгмӕ, нӕ Хуыцаумӕ, Сионмӕ ссӕуӕм!“» 7Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Хъӕлдзӕгӕй зарут Йаковыл, адӕмты сӕргъы чи лӕууы, уый хъӕрӕй сыстаут ӕмӕ дзурут: «О Дунедарӕг! Фервӕзын кӕн Дӕ адӕмы, Израилы байзӕддӕгты!» 8Ӕз Мӕ адӕмы цӕгатаг бӕстӕй ӕрбакӕндзынӕн, зӕххы кӕрӕттӕй сӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн. Се’хсӕн ис куырмытӕ ӕмӕ къуылыхтӕ, ӕнхъӕлцау сылгоймӕгтӕ, ӕвгъӕды бадджытӕ, — уыдон ардӕм ӕнӕнымӕцӕй раздӕхдзысты. 9Ардыгӕй цӕссыгкалгӕ цыдысты, фӕлӕ сӕ ныр Мӕхӕдӕг басабыр кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ, кӕуыл нӕ фӕкӕлдзысты, уыцы раст фӕндагыл цӕугӕдӕттӕм акӕндзынӕн. Уымӕн ӕмӕ Ӕз дӕн Израилы фыд, Мӕ фыццаг зӕнӕг Ефрем у! 10О адӕмтӕ, байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ! Дард сакъадӕхтӕн фехъусын кӕнут, дзурут сын: «Израилы Чи ныххӕлиу кодта, Уый йӕ фӕстӕмӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн ӕмӕ, фыййау йӕ дзуг куыд хъахъхъӕны, афтӕ йӕ хъахъхъӕндзӕн». 11Дунедарӕг Йаковӕн йӕ ахӕстаргъ бафиддзӕн, йӕхицӕй тыхджындӕр чи у, уыдонӕй йӕ фервӕзын кӕндзӕн. 12Ӕрбацӕудзысты, ӕмӕ Сионы хохыл сӕ цины хъӕртӕ хъуысдзысты; цин кӕндзысты, Дунедарӕг сын парахатӕй кӕй ратдзӕн, уыдӕттыл: мӕнӕу, сӕн ӕмӕ сойыл, фыстӕ ӕмӕ галтыл. Сӕ удтӕ дидинӕгкалӕг дыргъдоны хуызӕн суыдзысты, сӕ хъизӕмарӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн. 13Чызджытӕ, лӕппутӕ ӕмӕ зӕронд лӕгтӕ, цингӕнгӕйӕ, иумӕ кафдзысты. Сӕ маст сын баивдзынӕн цинӕй, басабыр сӕ кӕндзынӕн, хъыджы бӕсты сын хъӕлдзӕгдзинад ратдзынӕн. 14Хӕринаджы хуыздӕрӕй бафсаддзынӕн сауджынты, Мӕ рӕдаудзинадӕй бафсӕддзысты Мӕ адӕм, — зӕгъы Дунедарӕг. 15Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Рамайӕ хъуысы кӕуын, ӕрдиаг ӕмӕ зӕрдӕхалӕн хъарӕг — уый Рахел йӕ хъӕбултыл дзыназы, ӕрсабыры амал ын нӕй, уымӕн ӕмӕ нал сты». 16Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Бауром дӕ цӕссыгтӕ, дӕ богъ-богъ! Дӕ лӕггады тыххӕй хорзӕх райсдзынӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — знаджы зӕххӕй ӕрыздӕхдзысты. 17Фидӕныл дӕ зӕрдӕ дар, — зӕгъы Дунедарӕг. — Дӕ фырттӕ сӕ зӕххы хаймӕ’рыздӕхдзысты». 18Ӕз Ефремы хъӕрзын хъусын: «Хивӕнд родау мӕ бафхӕрдтой, ӕмӕ ӕфхӕрд баййӕфтон. Раздах мӕ, цӕмӕй фӕстӕмӕ раздӕхон, уымӕн ӕмӕ Ды Дунедарӕг дӕ, мӕ Хуыцау! 19Мӕ фӕндагӕй иуварс куы фӕзылдтӕн, уӕд фӕсмон кодтон, зонды къахыл куы’рлӕууыдтӕн, уӕд мӕхи хостон. Ме’взонджы бонты худинаг мемӕ кӕй фӕхастон, уый тыххӕй фӕхудинаг ӕмӕ сӕгад дӕн». 20«Ау, Ефрем Мӕ зынаргъ фырт нӕу? Ау, Мӕ уарзон хъӕбул нал у? Фыдбылызтӕ йын арӕх ӕвзарын кодтон, фӕлӕ Мӕ рох нӕу. Мысын ӕй, ныххатыр ын кӕндзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг. 21Дӕхицӕн фӕндаджы нысӕнттӕ ӕмӕ фӕндагамонӕнтӕ сӕвӕр! Раздӕр цы раст фӕндагыл цыдтӕ, уымӕ фӕстӕмӕ раздӕх! О Израилы чызг, раздӕх дӕ сахартӕм! 22Кӕдмӕ рахау-бахау кӕндзынӕ, гадзрахатӕй рацӕуӕг чызг! Дунедарӕг зӕххыл, ӕрцӕуӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм хъуыддаг сараздзӕн: ус ногӕй уыдзӕни йӕ мойы раз. 23Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Мӕ адӕмы уацарӕй куы раздахон, уӕд Иудейы зӕххыл, йӕ сахарты ногӕй дзурдзысты: „О рӕстдзинады хӕдзар, о уаз хох! Дунедарӕг дын арфӕ ракӕнӕд!“ 24Иудей ӕмӕ йе’ппӕт сахарты ӕрцӕрдзысты адӕм, зӕхкусджытӕ ӕмӕ фыййӕуттӕ. 25Фӕллад адӕмӕн бадардзынӕн дон, бафсаддзынӕн фӕлмӕцыдты». 26Уыцы рӕстӕг ӕз райхъал дӕн ӕмӕ акастӕн мӕ алыварс. Мӕ фын мын ӕхсызгон уыди. 27«Ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ Ӕз Израил ӕмӕ Иудейы байзӕддӕгты байдзаг кӕндзынӕн адӕм ӕмӕ фосы мыггагӕй. 28Раздӕр сӕ мӕ цӕст куыд нӕ истон, цӕмӕй сӕ ныццӕгъдон ӕмӕ ныддӕрӕн кӕнон, ныззыгуым сӕ кӕнон ӕмӕ сӕ фесафон, фыдбылызтӕ сын бавзарын кӕнон, афтӕ сӕ ныр дӕр, аразгӕйӕ ӕмӕ таугӕйӕ, Мӕ цӕст нӕ исдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — 29Уыцы заман афтӕ ничиуал зӕгъдзӕн: „Сӕ фыдӕлтӕ цъӕх сӕнӕфсир хордтой, ӕмӕ сӕ сывӕллӕтты дӕндӕгтӕ фехӕлдысты“, зӕгъгӕ. 30Уымӕн ӕмӕ-иу алкӕмӕн дӕр мӕлӕты тӕрхон рахӕсдзысты йӕхи фыдракӕндтӕм гӕсгӕ: цъӕх сӕнӕфсир чи бахӕра, уымӕн-иу фехӕлдзысты йӕ дӕндӕгтӕ». 31Ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ Ӕз Израилы байзӕддагимӕ ӕмӕ Иудӕйы байзӕддагимӕ сараздзынӕн Ног Фидыд. 32Сӕ фыдӕлты сын, сӕ къухтыл хӕцгӕйӕ, Мысырӕй куы ракодтон, уӕд семӕ кӕй сарӕзтон, ахӕм фидыд нӕ. Кӕд Ӕз сӕ Бардарӕг уыдтӕн, уӕддӕр уыдон уыцы фидыд фехӕлдтой, — зӕгъы Дунедарӕг. — 33Мӕнӕ ис, Израилы байзӕддӕгтимӕ уыцы заманы фӕстӕ цы Фидыд сараздзынӕн, уый, — зӕгъы Дунедарӕг: Ме’Гъдау сын сӕ сӕрызонды бавӕрдзынӕн, сӕ зӕрдӕтыл сын ӕй ныффысдзынӕн. Ӕз уыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та — Мӕ адӕм. 34Алчи кӕрӕдзийы ӕмӕ ӕфсымӕр ӕфсымӕры нал ахуыр кӕндзӕн ӕмӕ нал дзурдзӕн, Дунедарӕджы базонут, зӕгъгӕ, — иууылдӕр Мӕ зондзысты, стырӕй, чысылӕй, — зӕгъы Дунедарӕг. — Ӕз сын сӕ фыдракӕндтӕ ныббардзынӕн, сӕ тӕригъӕдтӕ сын нал ӕрымысдзынӕн. 35Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, боныгон рухс кӕнынӕн хур Чи радта, мӕй ӕмӕ стъалытӕн, цӕмӕй ӕхсӕвыгон рухс кӕной, уый тыххӕй уагӕвӕрдтӕ Чи скодта, денджызы уылӕнтӕ гуыр-гуыр куыд кӕной, афтӕ Чи сызмӕнты, Йӕ ном Уӕларвӕфсады Бардарӕг Кӕмӕн у: 36«Кӕд ацы уагӕвӕрдтӕ сӕ куыстӕй ныллӕудзысты Мӕ разы, — зӕгъы Дунедарӕг, — уӕд Израилы байзӕддӕгтӕ дӕр нал уыдзысты Мӕ адӕм». 37Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Бӕрзонд арвӕн сбарӕн куыд нӕй, зӕххы бындуртӕн — басгарӕн, афтӕ Ӕз дӕр Израилы байзӕддӕгты сӕ хъуыддӕгты тыххӕй Мӕхицӕй никуы аппардзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. 38Ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ ацы сахар Хананелы мӕсыгӕй Тигъы кулдуары онг ногӕй арӕзт ӕрцӕудзӕни Дунедарӕджы кадӕн. 39Зӕхбарӕн синаг аххӕсдзӕн Гаревы къуыбырмӕ ӕмӕ айтындздзӕн суанг Гоайы’рдӕм. 40Абон мӕрдтӕ ӕмӕ фӕнычы бын чи фӕци, уыцы дӕлвӕз, Кедроны цӕугӕдон ӕмӕ, скӕсӕны чи ис, уыцы Бӕхы кулдуары онг цы быдыртӕ’ххӕссынц, уыдон иууылдӕр Дунедарӕджы уаз зӕххы хай суыдзысты, никуыуал сӕ ничи ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ фесафдзӕн».
Copyright information for
OssIBT2022