Jeremiah 32
1Паддзах Цедекиа Иудейы дӕсӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уӕд Дунедарӕг Йеремиайӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас. Уыцы заман Навуходоносоры паддзахдзинадыл цыди ӕстдӕсӕм аз. 2Вавилойнаг паддзахы’фсад ӕрхъула кодта Йерусалимыл, пехуымпар Йеремиа та иудейаг паддзахы галуаны, хъахъхъӕнджыты кӕрты, ахӕстоны бадти. 3Иудейы паддзах Цедекиа Йеремиайы ахӕстоны сбадын кодта ӕмӕ йын загъта: «Ахӕм рагуацтӕ цӕмӕн хъусын кӕныс? Ды дзурыс: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Ӕз ацы сахар вавилойнаг паддзахы къухмӕ ратдзынӕн, ӕмӕ йӕ бацахсдзӕн. 4Иудейы паддзах Цедекиа дӕр халдейӕгты къухтӕй нӕ аирвӕздзӕн, ӕнӕмӕнг Вавилоны паддзахы къухмӕ бахаудзӕн ӕмӕ йемӕ лӕгӕй-лӕгмӕ ныхас кӕндзӕн. 5Уый Цедекиайы акӕндзӕн Вавилонмӕ, ӕмӕ уым баззайдзӕн, цалынмӕ йӕм Ӕз не’ркӕсон, уӕдмӕ, — зӕгъы Дунедарӕг. — Халдейӕгты ныхмӕ куы тох кӕнат, уӕд сыл нӕ фӕуӕлахиз уыдзыстут“». 6Йеремиа дзуапп радта: «Дунедарӕг мын фехъусын кодта Йӕ ныхас: 7дӕ фыды’фсымӕр, Шаллумы фырт Ханамел дӕм ӕрбацӕудзӕн ӕмӕ дын зӕгъдзӕн: „Анатоты сахары раз мын цы зӕххы хай ис, уый балхӕн, мӕ хӕстӕджытӕй мын дӕуӕй ӕввахсдӕр ничи у, ӕмӕ йын цъындыаргъ хъуамӕ ды бафидай“». 8Ӕмӕ мӕнӕ, Дунедарӕг куыд загъта, афтӕ мӕм мӕ фыды’фсымӕры фырт Ханамел хъахъхъӕнджыты кӕртмӕ ӕрбацыд ӕмӕ загъта: «Бениамины зӕххыл мын, Анатоты сахары цур, зӕххы хай ис, ӕмӕ йӕ балхӕн, уымӕн ӕмӕ уыцы зӕхх дӕу хъуамӕ уа, йӕ цъындыаргъ дӕуӕн фидгӕ у, балхӕн ӕй». Уӕд ӕз бамбӕрстон, Дунедарӕджы ныхас кӕй сӕххӕст ис, уый. 9Ӕмӕ мӕ фыды’фсымӕры фырт Ханамелӕй, Анатоты сахары йын цы зӕххы хай уыди, уый балхӕдтон, ӕвддӕс шекелы йын ӕвзист сбарстон. 10Ӕлхӕды ӕвдисӕндар ныффыстон ӕмӕ йыл мыхуыр сӕвӕрдтон. Ӕвдисӕнтӕм фӕдзырдтон ӕмӕ ӕвзист барӕныл сбарстон. 11Ӕлхӕды ӕвдисӕндар райстон — иу дзы сфидар кодтон мыхуырӕй, иннӕуыл та мыхуыр ӕвӕрд нӕ уыд, — 12ӕмӕ сӕ радтон Нериайы фырт Барухмӕ, Махсейы фырты фыртмӕ. Уыцы рӕстӕг нӕ разы уыдысты мӕ фыды’фсымӕры фырт Ханамел, ӕлхӕды ӕвдисӕндартыл сӕ къухтӕ чи бафыста, уыцы ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ, хъахъхъӕнджыты кӕрты цы иудейӕгтӕ бадти, уыдон иууылдӕр. 13Ӕз сӕ разы бафӕдзӕхстон Барухӕн: 14«Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: райс ацы дыууӕ ӕвдисӕндары — мыхуыр ӕвӕрд кӕуыл ис, уый, стӕй, мыхуыр кӕуыл нӕ сӕвӕрдӕуыд, уый дӕр — ӕмӕ сӕ дзӕвгар рӕстӕгмӕ ӕлыгӕй конд дурыны цӕвӕр. 15Уымӕн ӕмӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: ацы зӕххыл ногӕй ӕлхӕндзысты хӕдзӕрттӕ, зӕххы хӕйттӕ ӕмӕ сӕндӕттӕ». 16Ӕлхӕды ӕвдисӕндартӕ Нериайы фырт Барухмӕ радтон ӕмӕ Дунедарӕгмӕ скуывтон: 17«О Дунедарӕг Хуыцау! Де’гӕрон хъомысӕй, Дӕ къухӕй Ды сфӕлдыстай уӕлӕрвтӕ ӕмӕ зӕхх! Дӕуӕн ӕппӕт дӕр у дӕ бон! 18Дӕ хорзӕхтӕ мингай адӕмӕн раттыс, ныййарджыты тӕригъӕдтӕ бафидын кӕныс сӕ цотӕн. О хъомысджын стыр Хуыцау, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг! 19Ӕгӕрон хъомыс — Йӕ фӕндты, Йӕ хъуыддӕгтӕ — ӕнӕнымӕц! Уый адӕмӕн сӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр уыны, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр йӕ фӕндагмӕ, йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиды. 20Ды фенын кодтай ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ Мысыры. Абоны онг сӕ Израил ӕмӕ ӕппӕт адӕмы’хсӕн ӕвдисыс, скадджын кодтай Дӕхи, ӕмӕ уыцы кад Демӕ ис ныр дӕр. 21Израилы, Дӕ адӕмы, Мысыры зӕххӕй ракодтай ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтимӕ — Дӕ хъомысы, Дӕ къухы фӕрцы, ӕвирхъау тас сыл бахӕцын кодтай, афтӕмӕй. 22Сӕ фыдӕлтӕн сын, сомы ракӕнгӕйӕ, зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдтай, ӕхсыр ӕмӕ мыд цы зӕххӕй хъары, уый сын радтай. 23Уыдон ӕм ӕрбацыдысты ӕмӕ йӕ бацахстой, фӕлӕ Дын Дӕ ныхасмӕ нӕ хъуыстой, Де’Гъдаумӕ гӕсгӕ нӕ цардысты. Цы сын бафӕдзӕхстай, уыдӕттӕ не’ххӕст кодтой, ӕмӕ сыл Ды ацы фыдбылызтӕ уымӕн ӕруагътай. 24Сыджытбырутӕ бахӕццӕ сты сахармӕ, бацахсдзысты йӕ. Халдейӕгтӕ сахарыл ӕрхъула кодтой, ӕмӕ сӕ къухмӕ бахаудзӕн, кард, стонг ӕмӕ рынӕй йӕ басӕтдзысты. Рагацау цы загътай, уый сӕххӕст ис, ӕмӕ ныр Дӕхӕдӕг уый уыныс. 25Афтӕмӕй мын, о Дунедарӕг Хуыцау, фӕдзӕхсыс, дӕхицӕн ӕвзистӕй зӕххы хай балхӕн ӕмӕ ӕвдисӕнтӕм фӕдзур, зӕгъгӕ, кӕд ӕмӕ ацы сахар халдейӕгты къухтӕм бахаудзӕн». 26Дунедарӕг Йеремиайӕн загъта: 27«Ӕз Дунедарӕг дӕн, ӕппӕт цӕрӕг удты Хуыцау. Мӕ бон саразын цы нӕу, ахӕмӕй исты ис? 28Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Ӕз ацы сахар халдейӕгтӕ ӕмӕ вавилойнаг паддзах Навуходоносоры къухмӕ ратдзынӕн, паддзах ӕй бацахсдзӕн. 29Сахарыл цы халдейӕгтӕ ӕрхъула кодтой, уыдон ӕрбацӕудзысты ӕмӕ йӕ арты хай бакӕндзысты. Израилӕгтӕ сӕ уӕлхӕдзӕрттыл Баалӕн буд кӕм сыгътой ӕмӕ сӕн кӕм калдтой ӕндӕр хуыцӕуттӕн, цӕмӕй Мӕн мӕсты кӕной, уый тыххӕй, уыцы хӕдзӕрттӕ басудздзысты. 30Уымӕн ӕмӕ Иудей ӕмӕ Израилы фырттӕ се’взонджы бонтӕй абонмӕ Мӕ разы ӕрмӕст фыдракӕндтӕ кодтой, сӕ хъуыддӕгтӕй Мӕ ӕрмӕстдӕр мӕсты кодтой, — зӕгъы Дунедарӕг. — 31– 32Ацы сахар арӕзт куы’рцыди, уӕдӕй абонмӕ йӕм мӕстӕй судзын, ӕмӕ дзы Ме’ргом аздахдзынӕн, Иудей ӕмӕ Израилы фырттӕ, хуымӕтӕг адӕмӕй паддзӕхты онг, сӕ сауджынтӕ ӕмӕ сӕ пехуымпартӕ, Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ кӕй фӕкодтой ӕмӕ-иу сӕм Мӕ маст кӕй тыххӕй ссыгъд, уыцы фыдракӕндты тыххӕй. 33Се’ргомы бӕсты Мӕм раздӕхтой сӕ чъылдым. Ӕз сын ӕдзухдӕр зонд амыдтон, фӕлӕ нӕ хъуыстой, зондамындтӕ ницӕмӕ ӕрдардтой. 34Мӕ ном кӕуыл сӕвӕрдӕуыд, уыцы Хӕдзары се’лгъӕгтӕ сӕвӕрдтой, фӕчъизи йӕ кодтой. 35Хинномы фырты дӕлвӕзы Баалӕн кувӕндӕттӕ скодтой, цӕмӕй дзы сӕ фырттӕ ӕмӕ сӕ чызджыты Молохӕн арты нывондӕн хӕссой! Ӕз сын ахӕм бардзырд нӕ радтон! Мӕ хъуыдыйы дӕр нӕ уыд, цӕмӕй ахӕм ӕлгъаг митӕ кӕной ӕмӕ Иудей тӕригъӕдты бынӕй мауал зына!» 36Сымах афтӕ кӕмӕй дзурут, вавилойнаг паддзахы къухмӕ лӕвӕрд ӕрцыди, кард, стонг ӕмӕ рыны амӕттаг бауыдзӕн, зӕгъгӕ, уыцы сахары тыххӕй Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: 37«Ӕз сӕ, фыр мӕстӕй пиллон арт уадзгӕйӕ, кӕдӕм фӕсырдтон, уыцы бӕстӕтӕй ӕрӕмбырд кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ ногӕй ацы бынатмӕ раздахдзынӕн, ӕнӕмаст цардӕй сӕ схайджын кӕндзынӕн. 38Уыдон уыдзысты Мӕ адӕм, Ӕз та — сӕ Хуыцау. 39Иу зӕрдӕ ӕмӕ иу фӕндаг сын ратдзынӕн, цӕмӕй Мӕ цӕрӕнбонты тӕрсой сӕхи ӕмӕ сӕ байзӕддӕгты фарны сӕраппонд. 40Ӕз семӕ сараздзынӕн ӕнусон фидыд ӕмӕ сӕ уыцы фидыдмӕ гӕсгӕ никуыуал ныууадздзынӕн, Мӕ хорзӕхӕй сӕ ӕнӕхай никуыуал фӕкӕндзынӕн. Сӕ зӕрдӕты сын тас бавӕрдзынӕн, цӕмӕй Мӕ тӕрсой, се’ргом Мӕ мауал аздахой. 41Мӕ хорзӕхтӕ сын цинимӕ дӕтдзынӕн, зӕрдиагӕй сӕ ацы зӕххыл байтаудзынӕн». 42Уымӕн ӕмӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Ӕз ацы адӕмӕн стыр бӕллӕхтӕ бавзарын кодтон, фӕлӕ сын зӕрдӕ цы хорзӕхтӕй бавӕрдтон, уыдон дӕр иууылдӕр ратдзынӕн. 43– 44Ӕмӕ сымах афтӕ цы зӕххӕй дзурут, ӕдзӕрӕг быдыр фестад, адӕм ӕмӕ фосы мыггаг дзы нал баззад, халдейӕгты къухтӕм лӕвӕрд ӕрцыд, зӕгъгӕ, уым та ногӕй зӕххы хӕйттӕ ӕлхӕндзысты. Фиддзысты сын ӕвзист, ӕлхӕды ӕвдисӕндартыл ӕвӕрдзысты мыхуыртӕ ӕмӕ’вдисӕнтӕм дзурдзысты. Афтӕ уыдзӕни Бениамины зӕххыл, Йерусалимы алфамбылай ӕмӕ Иудейы ӕппӕт сахарты, стӕй Шефела ӕмӕ Негевы сахарты, уымӕн ӕмӕ сӕ Ӕз уацарӕй раздахдзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.
Copyright information for
OssIBT2022