Jeremiah 32:6-9
6Йеремиа дзуапп радта: «Дунедарӕг мын фехъусын кодта Йӕ ныхас: 7дӕ фыды’фсымӕр, Шаллумы фырт Ханамел дӕм ӕрбацӕудзӕн ӕмӕ дын зӕгъдзӕн: „Анатоты сахары раз мын цы зӕххы хай ис, уый балхӕн, мӕ хӕстӕджытӕй мын дӕуӕй ӕввахсдӕр ничи у, ӕмӕ йын цъындыаргъ хъуамӕ ды бафидай“». 8Ӕмӕ мӕнӕ, Дунедарӕг куыд загъта, афтӕ мӕм мӕ фыды’фсымӕры фырт Ханамел хъахъхъӕнджыты кӕртмӕ ӕрбацыд ӕмӕ загъта: «Бениамины зӕххыл мын, Анатоты сахары цур, зӕххы хай ис, ӕмӕ йӕ балхӕн, уымӕн ӕмӕ уыцы зӕхх дӕу хъуамӕ уа, йӕ цъындыаргъ дӕуӕн фидгӕ у, балхӕн ӕй». Уӕд ӕз бамбӕрстон, Дунедарӕджы ныхас кӕй сӕххӕст ис, уый. 9Ӕмӕ мӕ фыды’фсымӕры фырт Ханамелӕй, Анатоты сахары йын цы зӕххы хай уыди, уый балхӕдтон, ӕвддӕс шекелы йын ӕвзист сбарстон.
Copyright information for
OssIBT2022