‏ Jeremiah 33

1Йеремиа ма хъахъхъӕнджыты кӕрты ахӕстоны куы бадти, уӕд ын Дунедарӕг дыккаг хатт загъта: 2Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, зӕхх Чи сфӕлдыста, Чи йӕ сарӕзта ӕмӕ йӕ Чи сфидар кодта, Уый: 3балӕгъстӕ Мын кӕн, ӕмӕ дын Ӕз дзуапп ратдзынӕн, цы нӕ зоныс ӕмӕ адӕймаджы зонд цӕмӕ не’ххӕссы, уыцы диссӕгтӕ дын фенын кӕндзынӕн. 4Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, ацы сахары хӕдзӕртты ӕмӕ иудейаг паддзӕхты галуанты, фыдгулты кардӕй чи ныппырх уыдзӕн, уыдоны тыххӕй зӕгъы: 5сӕ цӕрджытӕ рацыдысты халдейӕгты ныхмӕ хӕцынмӕ, фӕлӕ Ӕз ацы хӕдзӕрттӕ, фыр мӕстӕй пиллон арт уадзгӕйӕ, фесафдзынӕн, уыцы хӕдзӕрттӕ адӕмы мӕрдтӕй байдзаг уыдзысты, уымӕн ӕмӕ Ӕз ацы сахарӕй се’ппӕт фыдракӕндты тыххӕй Ме’ргом аздӕхтон. 6Фӕлӕ Ӕз ацы сахары цӕрджытӕн ӕнӕниздзинад ратдзынӕн, сдзӕбӕх сӕ кӕндзынӕн, парахатӕй сын сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад ратдзынӕн. 7Ӕз Иудей ӕмӕ Израилы уацайрӕгты фӕстӕмӕ раздахдзынӕн, раздӕрау сӕ сфидар кӕндзынӕн. 8Мӕ разы цы тӕригъӕдтӕ фӕкодтой, уыдонӕй сӕ ссыгъдӕг кӕндзынӕн. Мӕ ныхмӕ-иу куы сыстадысты, уӕд цы фыдракӕндтӕ арӕзтой, уыдон сын ныббардзынӕн. 9Ацы сахар Мӕ ӕппӕт зӕххон адӕмты’хсӕн скадджын кӕндзӕн. Цы хорзӕхтӕ йын балӕвар кодтон, уый куы фехъусой, уӕд Мӕ цингӕнгӕйӕ стаудзысты. Цы фарнӕй йӕ схайджын кодтон, уый куы базоной, уӕд фыр тӕссӕй нырриздзысты.

10 11Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ацы бынаты тыххӕй сымах дзурут: „Уый у ӕдзӕрӕг быдыр, нал дзы адӕймаг ис, налдӕр фосы мыггаг!“Фӕлӕ Иудейы сахартӕ ӕмӕ Йерусалимы уынгты, адӕм ӕмӕ фосы мыггаг кӕм нал баззад, уым та ногӕй цин, хъӕлдзӕгдзинад ӕмӕ чындзӕхсӕвы уынӕр хъуысдзӕн. Дунедарӕджы хӕдзармӕ арфӕйы нывӕндтӕ чи хӕсдзӕн, уыцы адӕм дзурдзысты: „Уӕларвӕфсады Бардарӕджы стаут, уымӕн ӕмӕ хорзӕхджын у Дунедарӕг, Йӕ хорзӕхтӕ нӕ фесӕфдзысты мыггамӕ!“Уымӕн ӕмӕ Ӕз ацы зӕххӕн йӕ раздӕры ӕнӕмаст цард раздахдзынӕн».

12Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Ацы бынат сафтид ис, нал дзы адӕм ис, нал цӕрӕгойтӕ. Фӕлӕ ацы сахартӕй алкӕй раз дӕр ногӕй фӕзындзысты фосхизӕн сӕрвӕттӕ, ӕмӕ дзы фыййӕуттӕ сӕ фос хиздзысты. 13Хӕххон сахарты, стӕй Шефела ӕмӕ Негевы сахарты, Бениамины зӕххыл ӕмӕ Йерусалимы алфамбылӕйтты, Иудейы сахарты — алы ран дӕр, чи сӕ нымайдзӕн, уыдоны дӕлбар ногӕй фосы рӕгъӕуттӕ хиздзысты, — зӕгъы Дунедарӕг.

14Ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ Ӕз сӕххӕст кӕндзынӕн, Иудей ӕмӕ Израилы байзӕддӕгтӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдтон, уый. 15Уыцы заман Мӕ фӕндонӕй сырӕздзӕни рӕстаг Ӕвзар, Давиды байзӕддаг, ӕмӕ зӕххыл раст тӕрхон кӕндзӕн. 16Уыцы заман Иудей фервӕздзӕн, Йерусалим ӕдасӕй цӕрдзӕн, схондзысты йӕ: „Дунедарӕг — нӕ рӕстад“. 17Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Давиды мыггагӕн Израилы паддзахы бадӕныл алкӕддӕр йӕ бар цӕудзӕни. 18Сауджын левиттӕ кӕддӕриддӕр Мӕ разы иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ ӕрвылбоны нывӕндтӕ хӕсдзысты, хойраджы хуынтӕ Мын судздзысты».

19Дунедарӕг Йеремиайӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас: 20«Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: „Кӕд, Ӕз бон ӕмӕ ӕхсӕвимӕ цы фидыд сарӕзтон, уый искӕмӕн йӕ бон фехалын у, цӕмӕй афоныл мауал фӕзыной, уый тыххӕй, 21уӕд Мӕ цагъар Давидимӕ ӕмӕ, Мӕ разы лӕггад чи кӕны, уыцы левиттимӕ цы фидыд сфидар кодтон, уый дӕр фехалӕн ис, ӕмӕ Давидӕн, йӕ паддзахы бадӕны хицауиуӕг чи кӕна, ахӕм байзӕддӕгтӕ нал уыдзӕн. 22Стъалытӕн банымайӕн куыд нӕй, денджызы змисӕн — сбарӕн, афтӕ Ӕз сбирӕ кӕндзынӕн Мӕ цагъар Давиды байзӕддӕгты ӕмӕ Мӕ лӕггадгӕнджыты, левитты“».

23Дунедарӕг Йеремиайӕн загъта: 24«Ацы адӕм цы ныхӕстӕ кӕнынц, уый нӕ хъусыс? Уыдон дзурынц: „Дунедарӕг цы дыууӕ хӕдзарвӕндаджы равзӕрста, уыдонӕй Йе’ргом аздӕхта“. Уымӕ гӕсгӕ Мӕ адӕмыл ӕлгъ кӕнынц ӕмӕ сӕ цӕсты адӕмыл нымад дӕр нал сты».

25Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Бон ӕмӕ ӕхсӕвимӕ фидыд куыд сарӕзтон, арв ӕмӕ зӕххы ӕгъдӕуттӕ куыд сфидар кодтон, 26афтӕ Ме’ргом нӕ аздахдзынӕн Йаков ӕмӕ Мӕ цагъар Давиды байзӕддӕгтӕй, цӕмӕй Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковы фӕстагӕттӕй паддзах мауал равзарон, уый тыххӕй. Уымӕн ӕмӕ сӕ Ӕз уацарӕй раздахдзынӕн ӕмӕ сын ныххатыр кӕндзынӕн».
Copyright information for OssIBT2022