‏ Jeremiah 34

1Вавилоны паддзах Навуходоносор йе’фсадимӕ ӕмӕ, кӕй басаста, уыцы паддзахӕдтӕ ӕмӕ адӕмтимӕ Йерусалим ӕмӕ йӕ алыварс сахартыл куы’рхъула кодта, уыцы заман Дунедарӕг Йеремиайӕн загъта: 2«Дунедарӕджы, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: „Ацу Иудейы паддзах Цедекиамӕ ӕмӕ йын Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, номӕй афтӕ зӕгъ: Ӕз ацы сахар дӕттын вавилойнаг паддзах Навуходоносоры къухмӕ, ӕмӕ йӕ басудздзӕн. 3Дӕхӕдӕг дӕр паддзахӕй нӕ аирвӕздзынӕ, ӕрцахсдзысты дӕ, ӕмӕ йӕ къухмӕ бахаудзынӕ. Вавилоны паддзахы раз ӕрлӕудзынӕ, йемӕ лӕгӕй-лӕгмӕ ныхас кӕндзынӕ ӕмӕ Вавилонмӕ уацары ацӕудзынӕ. 4Фӕлӕ байхъус Дунедарӕджы ныхасмӕ, Цедекиа, Иудейы паддзах! Дунедарӕг афтӕ зӕгъы дӕу тыххӕй: ды карды цӕфӕй нӕ амӕлдзынӕ, 5сабыр зӕххыл дӕ мӕлӕт ссардзынӕ. Дӕ фыдӕлтӕн ӕмӕ, дӕ размӕ чи уыди, уыцы паддзӕхтӕн хӕрздӕфгӕнӕнтӕ куыд сыгътой, афтӕ дӕ номыл дӕр буд ссудздзысты ӕмӕ, додой, нӕ хицау, зӕгъгӕ, хъарӕг кӕндзысты.“Уый Ӕз рагацау Мӕхӕдӕг, — зӕгъы Дунедарӕг».

6Йеремиа ацы ныхӕстӕ иууылдӕр Йерусалимы иудейаг паддзах Цедекиайӕн фехъусын кодта. 7Уыцы рӕстӕг вавилойнаг паддзахы’фсад хӕцыди Йерусалимы, стӕй, Иудейы сахартӕй ма чи аирвӕзт, уыдоны, Лахиш ӕмӕ Азекайы, ныхмӕ. Ӕрмӕст ма ацы дыууӕ сахарӕн сӕ бырутӕ нӕ басастой.

8Дунедарӕг Йеремиайӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас. Уыцы заман паддзах Цедекиа Йерусалимы ӕппӕт цӕрджытимӕ сфидар кодта фидыд, цӕмӕй сӕ цагъарты ссӕрибар кӕной. 9Алчидӕр хъуамӕ йӕ дзуттаг цагъартӕн, усӕй, лӕгӕй, сӕрибар раттаид ӕмӕ йе’фсымӕрты, иудейӕгты, йӕхимӕ цагъарӕй мачиуал дардтаид. 10Уӕздӕттӕ, стӕй фидыд чи сарӕзта, уыцы адӕм се’ппӕт дӕр сӕ цагъарты суӕгъд кӕныныл ӕмӕ сӕ уацары мауал дарыныл сразы сты. 11Фӕлӕ уый фӕстӕ сӕ фӕнд аивтой ӕмӕ, кӕй ауагътой, уыцы цагъарты раздӕхтой, фӕстӕмӕ та сӕ цагъайрӕгтӕ скодтой. 12Ӕмӕ Дунедарӕг Йеремиайӕн загъта: 13«Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: уӕ фыдӕлты уын Мысырӕй куы ракодтон, уӕд семӕ сфидар кодтон фидыд. Загътон сын: 14„Алчидӕр уӕ йе’фсымӕры, кӕй балхӕдта, уыцы дзуттаджы, йӕ куысты ӕвдӕм аз хъуамӕ ауадза. Ӕхсӕз азы йын лӕггад кӕнӕд, уый фӕстӕ йӕ хъуамӕ ссӕрибар кӕна“. Фӕлӕ Мӕм уӕ фыдӕлтӕ нӕ хъуыстой, Мӕ ныхӕстӕ Мын ницӕмӕ ӕрдардтой. 15Ныр сымах ӕрфӕсмон кодтат ӕмӕ, Ӕз растыл кӕй нымайын, ахӕм хъуыддаг сарӕзтат Мӕ разы: алчидӕр уӕ йе’фсымӕры ссӕрибар кодта. Мӕ ном кӕуыл сӕвӕрдӕуыд, уыцы хӕдзары Мемӕ фидыд сфидар кодтат. 16Фӕлӕ уый фӕстӕ уӕ фӕнд аивтат ӕмӕ Мын Мӕ ном сӕгад кодтат. Алчидӕр уӕ ауагъта йӕ цагъарты, цӕмӕй, кӕдӕм сӕ фӕнды, уырдӕм цӕуой, фӕлӕ сӕ фӕстӕмӕ раздӕхтат ӕмӕ та сӕ ногӕй уӕхицӕн цагъайрӕгтӕ скодтат.

17Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Мӕ ныхасмӕ Мын кӕй нӕ байхъуыстат ӕмӕ уе’фсымӕрты, уӕ хиуӕтты кӕй не ссӕрибар кодтат, уый тыххӕй уын Ӕз ныр лӕвар кӕнын сӕрибар, — зӕгъы Дунедарӕг, — сӕрибарӕй кард, стонг ӕмӕ рынӕй амӕлыны фадат. Ӕз сымахӕй ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтӕн ӕвирхъау дӕнцӕг сараздзынӕн!

18Мӕ фидыд Мын чи фехӕлдта ӕмӕ фидыды ныхӕстӕ чи нӕ сӕххӕст кодта, уыцы адӕмӕн Ӕз, дыууӕ дихы кӕй акодтой ӕмӕ йӕ хӕйтты’хсӕн кӕмӕн ацыдысты, уыцы роды ми бакӕндзынӕн. 19Иудей ӕмӕ Йерусалимы уӕздӕттӕ, барджынтӕ, сауджынтӕ ӕмӕ ацы бӕстӕйы ӕппӕт адӕмы — уыцы родӕн йӕ дыууӕ’рдӕджы астӕу чи ацыди, уыдоны се’ппӕты дӕр, 20сӕ мӕлӕтмӕ чи бӕллы, уыцы знӕгты къухмӕ ратдзынӕн, сӕ мӕрдтӕ уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ зӕххон сырдтӕн холы суыдзысты. 21Ӕз иудейаг паддзах Цедекиа ӕмӕ йӕ уӕздӕтты, сӕ мӕлӕтмӕ чи бӕллы, уыцы знӕгты амӕттаг бакӕндзынӕн, уӕ зӕххӕй чи аздӕхт, уыцы вавилойнаг ӕфсады къухмӕ сӕ ратдзынӕн. 22Ӕз бардзырд ратдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ фӕстӕмӕ ацы сахармӕ раздӕхдзысты. Ӕрхъула йыл кӕндзысты, бацахсдзысты йӕ ӕмӕ йӕ басудздзысты. Ӕз Иудейы сахартӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн».
Copyright information for OssIBT2022