‏ Jeremiah 35

1Иудейаг паддзах, Иосиайы фырт Иоакимы паддзахиуӕджы заман Дунедарӕг Йеремиайӕн загъта: 2«Ацу рехавонтӕм ӕмӕ сӕ ӕрбахон Дунедарӕджы хӕдзармӕ, йӕ агъуыстытӕй иумӕ, сӕ разы-иу сын сӕн ӕрӕвӕр».

3Ӕз фӕсидтӕн Хавацинийы фырты фырт, Йеремиайы фырт Иазанимӕ, стӕй уымӕн йе’фсымӕртӕм, йӕ фырттӕм ӕмӕ рехавонты ӕппӕт мыггагмӕ. 4Ӕрбакодтон сӕ Дунедарӕджы хӕдзармӕ, пехуымпар Хананы фыртты, Игдалиайы фырты фыртты, агъуыстмӕ. Уыцы уат уыди уӕздӕтты агъуысты цур, йӕ бынмӕ та уыди Шаллумы фырт Маасеайы, хӕдзары бацӕуӕн хъахъхъӕнӕджы, уат.

5Ӕз рехавонтӕн сӕ разы сӕнӕй йедзаг дурынтӕ ӕмӕ нуазӕн кӕхцытӕ ӕрӕвӕрдтон, загътон сын: «Бануазут сӕн». 6Фӕлӕ мын уыдон дзуапп радтой: «Мах сӕн нӕ нуазӕм, уымӕн ӕмӕ нын нӕ фыдӕл Рехавы фырт Йонадав афтӕ бафӕдзӕхста: „Нӕдӕр уӕхӕдӕг, нӕдӕр уӕ байзӕддӕгтӕ мыггагмӕ дӕр сӕн ма бануазӕнт. 7Хӕдзӕрттӕ ма аразут, хор ма байтаут ӕмӕ сӕндӕттӕ ма скӕнут, макуы уӕм мацы уӕд уыдӕттӕй. Цӕрӕнбонты цӕрут цатырты ӕмӕ уӕд, ӕцӕгӕлӕттӕ цы зӕххыл стут, уым бирӕ фӕцӕрдзыстут“. 8Махӕн нӕ фыдӕл Йонадав, Рехавы фырт, цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уыдон иууылдӕр ӕххӕст кӕнӕм: никуы нуӕзтам сӕн — нӕдӕр нӕ устытӕ, нӕдӕр нӕ фырттӕ ӕмӕ нӕ чызджытӕ, нӕдӕр нӕхӕдӕг, 9стӕй цӕрынӕн хӕдзӕрттӕ никуы арӕзтам; сӕндӕттӕ, быдыртӕ ӕмӕ хоры хуымтӕ нӕм нӕй. 10Мах цӕрӕм цатырты ӕмӕ нын нӕ фыдӕл Йонадав цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уыдон иууылдӕр ӕххӕст кӕнӕм. 11Вавилоны паддзах Навуходоносор ацы бӕстӕйы ныхмӕ куы схӕцыд, уӕд мах сфӕнд кодтам халдейӕгты ӕмӕ арамейӕгты ӕфсӕдтӕй Йерусалиммӕ фӕлидзын ӕмӕ ныр цӕрӕм Йерусалимы».

12Дунедарӕг Йеремиайӕн загъта: 13«Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: цӕугӕ, Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн афтӕ зӕгъ: ау, ацы хъуыддагӕй уӕхицӕн ницы хатдзӕгтӕ скодтат ӕмӕ Мын Мӕ ныхӕстӕм хъусын нӕ сахуыр уыдзыстут? — зӕгъы Дунедарӕг. — 14Рехавы фырт Йонадавы байзӕддӕгтӕ ӕххӕст кӕнынц сӕ фыдӕлы фӕдзӕхстытӕ: абон онг йӕ фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ сӕн нӕ нуазынц. Сымах та Мӕм, кӕд ӕмӕ уын ӕрвылбон дзырдтон, уӕддӕр нӕ хъуыстат. 15Ӕппынӕдзух уӕм Мӕ лӕггадгӕнджыты, пехуымпарты, ахӕм ныхӕстимӕ ӕрвыстон: „Алчидӕр уӕ йӕ галиу фӕндаг ныууадзӕд, сраст кӕнут уӕ хъуыддӕгтӕ, ма кувут ӕндӕр хуыцӕуттӕм, ма сын лӕггад кӕнут ӕмӕ уӕд, уӕ фыдӕлтӕн кӕй радтон, уыцы зӕххыл цӕрдзыстут“. Фӕлӕ Мӕм нӕ байхъустат, Мӕ ныхӕстӕ Мын ницӕмӕ ӕрдардтат. 16Рехавы фырт Йонадавы байзӕддӕгтӕ сӕ фыдӕлы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнынц, ацы адӕм та Мӕм нӕ хъусынц!»

17Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау: «Ӕз Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн, рагацау сын цы бӕллӕхты тыххӕй загътон, уыдон бавзарын кӕндзынӕн, — Ӕз сын дзырдтон, фӕлӕ нӕ хъуыстой, сидтӕн сӕм, фӕлӕ дзуапп нӕ лӕвӕрдтой».

18Рехавонтӕн та Йеремиа загъта: «Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: 19„Уӕ фыдӕл Йонадавы ныхасмӕ кӕй байхъуыстат ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ кӕй ӕххӕст кӕнут, уый тыххӕй, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, — Рехавы фырт Ионадавы байзӕддӕгтӕ фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ лӕггад кӕндзысты Мӕ разы“».
Copyright information for OssIBT2022