Jeremiah 36
1Иудейаг паддзах Иоаким, Иосиайы фырт, цыппӕрӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уӕд Дунедарӕг Йеремиайӕн загъта: 2«Фыццаг хатт дӕм куы дзырдтон, Иосиайы заманӕй дын абоны онг Иудей, Израил ӕмӕ ӕппӕт адӕмты тыххӕй цыдӕриддӕр загътон, уыдон иууылдӕр тухгӕ чиныджы ныффыс. 3Чи зоны, ӕмӕ Иудӕйы байзӕддӕгтӕ, цы бӕллӕхтӕ сыл ӕруадзинаг дӕн, уый бамбарой, ӕмӕ дзы алчидӕр йӕ галиу фӕндаг ныууадза. Ӕмӕ сын уӕд Ӕз сӕ фыдракӕндтӕ ӕмӕ сӕ тӕригъӕдтӕ ныббардзынӕн». 4Йеремиа фӕсидти Нериайы фырт Барухмӕ, ӕмӕ йын, Дунедарӕг цыдӕриддӕр дзырдта, уыдон иууылдӕр тухгӕ чиныджы ныффыссын кодта. 5Йеремиа Барухӕн загъта: «Ӕз ахст дӕн, ӕмӕ мӕ бон Дунедарӕджы хӕдзармӕ ацӕуын нӕу. 6Ды ацу уырдӕм, ӕмӕ дын цы чиныг ныффыссын кодтон, уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕджы ныхӕстӕ хъӕрӕй бакӕс ӕппӕт адӕмы раз. Комдарӕн бон сӕ сахартӕй цы иудейӕгтӕ’рбацӕудзысты, уыдонӕн сӕ се’ппӕтӕн дӕр бакӕс. 7Чи зоны, Дунедарӕгмӕ сӕрныллӕгӕй скувой ӕмӕ дзы алчидӕр йӕ галиу фӕндаг ныууадза, уымӕн ӕмӕ сӕм Дунедарӕг ӕртхъирӕн кӕны йӕ судзгӕ маст ӕмӕ йӕ фыдӕхы хай сӕ бакӕнынӕй». 8Нериайы фырт Барух Йеремиайы фӕдзӕхст сӕххӕст кодта: чиныджы ныхӕстӕ Дунедарӕджы хӕдзары бакасти. 9Иудейы паддзах Иоаким, Иосиайы фырт, фӕндзӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уӕд уыцы азы фарӕстӕм мӕйы иудейаг сахартӕ ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ иууылдӕр Дунедарӕджы раз ком дардтой. 10Барух Йеремиайы ныхӕстӕ Дунедарӕджы хӕдзары, нымӕрдар Гемариайы, Шафаны фырты, агъуысты хъӕлӕсыдзагӕй бакасти. Йӕ агъуыст уыди Дунедарӕджы хӕдзары Ног кулдуары бацӕуӕны раз, уӕллаг кӕрты. 11Шафаны фырты фырт, Гемариайы фырт Миха, фехъуыста Дунедарӕджы ныхӕстӕ, тухгӕ чиныджы цыдӕриддӕр фыст уыди, уыдӕттӕ. 12Уый ныццыди паддзахы галуанмӕ, нымӕрдарты агъуыстмӕ. Уыцы рӕстӕг уым бадтысты уӕздӕттӕ: нымӕрдар Елишама, Шемайайы фырт Делаи, Ахборы фырт Елнатан, Шафаны фырт Гемариа, Хананиайы фырт Цедекиа ӕмӕ иннӕ уӕздӕттӕ се’ппӕт дӕр. 13Барух адӕмӕн Дунедарӕджы ныхӕстӕ хъӕрӕй куы каст, уӕд Миха, цыдӕриддӕр фехъуыста, уыдон иууылдӕр уӕздӕттӕн радзырдта. 14Уӕздӕттӕ Барухмӕ арвыстой Йехудийы. Уый уыди Нетаниайы фырт, Шелемийы фырты фырт, Кушийы фыртӕн йӕ фырты фырт. Бафӕдзӕхстой йын, цӕмӕй Барухӕн афтӕ зӕгъа: «Адӕмы раз хъӕрӕй кӕй кастӕ, уыцы чиныг райс ӕмӕ ардӕм рацу». Нериайы фырт Барух тухгӕ чиныг райста ӕмӕ сӕм ӕрбацыди. 15Уыдон ын загътой: «Сбад ӕмӕ нын ацы чиныг бакӕс». Барух сын ӕй бакаст. 16Уӕздӕттӕ ӕппӕт уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд кӕрӕдзимӕ бакастысты ӕмӕ Барухӕн загътой: «Мах хъуамӕ ацы ныхӕстӕ иууылдӕр паддзахӕн фехъусын кӕнӕм». 17Ноджы ма Барухы бафарстой: «Зӕгъ-ма нын, куыд ныффыстай ӕппӕт адӕттӕ? Йеремиайы ныхӕстӕм гӕсгӕ?» 18Барух сын дзуапп радта: «Йеремиа мын сӕ дзырдта, ӕз та сӕ милдонӕй тухгӕ чиныджы фыстон». 19Уӕздӕттӕ Барухӕн загътой: «Ацу ӕмӕ Йеремиаимӕ уӕхи искуы бамбӕхсут, кӕм уыдзыстут, уый куыд ничи зона, афтӕ». 20Уӕздӕттӕ паддзахы галуанмӕ ацыдысты, тухгӕ чиныг та нымӕрдар Елишамайы уаты ныууагътой. Уыцы ныхӕстӕ иууылдӕр паддзахӕн радзырдтой. 21Паддзах Йехудийы тухгӕ чиныгмӕ арвыста, ӕмӕ йӕ уый нымӕрдар Елишамайы агъуыстӕй ӕрбахаста. Паддзахы ӕмӕ, йӕ разы чи лӕууыд, уыцы уӕздӕтты раз ӕй хъӕрӕй бакасти. 22Уыцы азы фарӕстӕм мӕйы паддзах царди йӕ зымӕгон хӕдзары. 23Ӕмӕ-иу куыддӕр Йехуди чиныгӕй ӕртӕ-цыппар цӕджындзы бакаст, афтӕ-иу сӕ паддзах нымӕрдары кардӕй фӕлыг кодта ӕмӕ-иу сӕ къонайы арты баппӕрста, цалынмӕ тухгӕ чиныг иууылдӕр арты басыгъди, уӕдмӕ. 24Паддзах ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ се’ппӕт дӕр уыцы ныхӕстӕ фехъуыстой, фӕлӕ нӕ фӕтарстысты ӕмӕ сӕ дарӕстӕ фӕйнӕрдӕм нӕ арӕдывтой. 25Ӕрмӕстдӕр Елнатан, Делаи ӕмӕ Гемариа паддзахӕн лӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй чиныг ма басудза, фӕлӕ сӕм уый нӕ байхъуыста. 26Паддзах йӕ фырт Йерахмеел ӕмӕ Азриелы фырт Серайӕн, стӕй Авдиелы фырт Шелемийӕн бардзырд радта, цӕмӕй пехуымпар Йеремиа ӕмӕ нымӕрдар Барухы ӕрцахсой, фӕлӕ сӕ Дунедарӕг бамбӕхста. 27Барух Йеремиайы ныхӕстӕм гӕсгӕ цы чиныг ныффыста, уый паддзах куы басыгъта, уӕд Дунедарӕг Йеремиайӕн загъта: 28«Райс ӕндӕр тухгӕ чиныг ӕмӕ, паддзах Иоаким цы чиныг басыгъта, уымӕн йӕ ныхӕстӕ ногӕй ныффысс. 29Иудейы паддзах Иоакимӕн та зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: ды ацы чиныг басыгътай ӕмӕ загътай: ‚Дзӕгъӕлы ныффыстай, Вавилоны паддзах ӕнӕмӕнг фӕзындзӕн, ацы зӕхх сафтид кӕндзӕн ӕмӕ адӕмӕй, цӕрӕгойӕ се’ппӕты дӕр ныццӕгъддзӕн!‘ 30Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг иудейаг паддзах Иоакимы тыххӕй афтӕ зӕгъы: йӕ байзӕддӕгтӕй Давиды паддзахы бадӕны ничиуал сбаддзӕн, ӕнтӕф бонтӕ ӕмӕ уазал ӕхсӕвты дӕ мард зӕххыл лӕзӕрдзӕн. 31Йӕхи дӕр, стӕй йӕ байзӕддӕгтӕ ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты дӕр Ӕз сӕ фыдракӕндты тыххӕй бафхӕрдзынӕн. Ӕз уыдонӕн, стӕй Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн, цы бӕллӕхтӕй сӕм ӕртхъирӕн кодтон, уыдон бавзарын кӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ Мӕм нӕ хъуыстой“». 32Йеремиа ӕндӕр тухгӕ чиныг райста ӕмӕ йӕ Нериайы фырт Барухмӕ радта. Ӕмӕ та Барух Йеремиайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, иудейаг паддзах Иоаким кӕй басыгъта, уыцы чиныджы цыдӕриддӕр фыст уыди, уыдон ногӕй ныффыста ӕмӕ ма йӕм бафтыдта бирӕ ахӕм ныхӕстӕ.
Copyright information for
OssIBT2022