Jeremiah 37
1Иоакимы фырт Йехониайы фӕстӕ паддзах сси Иосиайы фырт Цедекиа. Вавилоны паддзах Навуходоносор ӕй Иудейы паддзахӕй сӕвӕрдта. 2Цедекиа, йӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ бӕстӕйы цӕрджытӕ, Дунедарӕг пехуымпар Йеремиайы дзыхӕй цы ныхӕстӕ дзырдта, уыдонмӕ нӕ хъуыстой. 3Паддзах Цедекиа Йеремиамӕ Шелемийы фырт Йегухал ӕмӕ сауджын Софониайы, Маасеайы фырты, арвыста, мах тыххӕй ма Дунедарӕгмӕ, нӕ Хуыцаумӕ, скув, зӕгъгӕ. 4Уыцы заман Йеремиа сӕрибарӕй царди йӕ адӕмы’хсӕн, уымӕн ӕмӕ ахст нӕ уыди. 5Фараоны ӕфсад рацыди Мысырӕй, ӕмӕ, Йерусалимыл цы халдейӕгтӕ ӕрхъула кодтой, уыдон уый куы фехъуыстой, уӕд сахарӕй аздӕхтысты. 6– 7Дунедарӕг Йеремиайӕн загъта: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Хуыцау: Мӕнмӕ уӕ бафӕрсынмӕ чи ӕрбарвыста, уыцы иудейаг паддзахӕн зӕгъут: „Фараоны ӕфсад уӕм ӕххуысмӕ рацыди, фӕлӕ фӕстӕмӕ аздӕхдзӕн йӕ зӕхмӕ, Мысырмӕ, 8халдейӕгтӕ та фӕстӕмӕ раздӕхдзысты ӕмӕ ацы сахары ныхмӕ схӕцдзысты, бацахсдзысты йӕ ӕмӕ йӕ басудздзысты“». 9Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Уӕхи ма сайут ӕмӕ афтӕ ӕнхъӕл ма ут, цыма халдейӕгтӕ ардыгӕй ацӕудзысты. Нӕ уыдзӕн уый! 10Уӕ ныхмӕ цы халдейӕгты ӕфсад хӕцы, ууыл куы фӕуӕлахиз уыдаиккат ӕмӕ ма сӕм ӕрмӕст, чи фӕцӕф ис, ахӕм хӕстонтӕ куы баззадаид, уӕд уыдон дӕр рацыдаиккой сӕ цатыртӕй ӕмӕ ацы сахар басыгътаиккой». 11Фараоны ӕфсад кӕй ӕрбаввахс ис, уый тыххӕй халдейӕгты хӕстонтӕ Йерусалимӕй куы адард сты, 12уӕд Йеремиа рацыди Йерусалимӕй, цӕмӕй Бениамины зӕхмӕ ацӕуа, адӕмы’хсӕн фӕуа ӕмӕ афтӕмӕй сахарӕй ралидза. 13Бениамины кулдуары уылты куы фӕцӕйцыд, уӕд ӕм хъахъхъӕнджыты хицау, Хананиайы фырты фырт, Шелемийы фырт Ирийа фӕлӕбурдта ӕмӕ йын загъта: «Дӕу фӕнды халдейӕгтӕм балидзын!» 14Йеремиа йын дзуапп радта: «Уыцы ныхас мӕнг у! Ӕз халдейӕгтӕм лидзинаг нӕ дӕн». Ирийа йын йӕ ныхӕстӕ ницӕмӕ ӕрдардта, ӕрцахста йӕ ӕмӕ йӕ уӕздӕтты размӕ ӕрбакодта. 15Уӕздӕттӕ Йеремиамӕ смӕсты сты, фӕнадтой йӕ ӕмӕ йӕ нымӕрдар Йонатаны хӕдзары бамидӕг кодтой, уымӕн ӕмӕ уыцы хӕдзарӕй ахӕстон скодтой. 16Йеремиайы ныккӕнды ныппӕрстой, ӕмӕ уым дзӕвгар рӕстӕг фӕбадти. 17Уый фӕстӕ йӕм паддзах Цедекиа арвыста, ӕмӕ йӕ галуанмӕ ӕрбакодтой. Паддзах ӕй сусӕгӕй бафарста: «Дунедарӕг дын ницы загъта, мыййаг?» Йеремиа йын дзуапп радта: «Загъта: вавилойнаг паддзахы къухмӕ бахаудзынӕ». 18Йеремиа паддзах Цедекиайӕн ноджы загъта: «Цӕмӕй фӕаххосджын дӕн дӕ разы, стӕй дӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ дӕ адӕмы раз? Ныккӕнды мӕ цӕй тыххӕй ныппӕрстат? 19Вавилойнаг паддзах сымахмӕ, ацы зӕхмӕ, не’рбабырсдзӕн, зӕгъгӕ, цы пехуымпартӕ дзырдтой, уыдон цы фесты? 20О мӕ хицау ӕмӕ мӕ паддзах, байхъус мӕм, мӕ курдиатыл мын дӕхи ма атигъ кӕн! Мауал мӕ арвит нымӕрдар Йонатаны хӕдзармӕ, науӕд уым амӕлдзынӕн». 21Паддзах Цедекиайы бардзырдмӕ гӕсгӕ Йеремиайы хъахъхъӕнджыты кӕртмӕ акодтой ӕмӕ йын алы бон дӕр кӕрдзынгӕнджыты сыхӕй иу кӕрдзын хастой, цалынмӕ сахары дзул нӕ фӕци, уӕдмӕ. Афтӕмӕй Йеремиа хъахъхъӕнджыты кӕрты баззади.
Copyright information for
OssIBT2022