Jeremiah 39
1Паддзах Цедекиайӕн йӕ хицаудзинадыл цыди фарӕстӕм аз. Уыцы азы дӕсӕм мӕйы Вавилоны паддзах Навуходоносор йе’фсадимӕ Йерусалиммӕ ӕрбацыд ӕмӕ сахары алыварс ӕртыхсти. 2Паддзах Цедекиайы хицаудзинадыл иуӕндӕсӕм аз куы цыди, уӕд цыппӕрӕм мӕйы фарӕстӕм бон халдейӕгтӕ сахары сис басастой. 3Вавилойнаг паддзахы уӕздӕттӕ бацыдысты сахармӕ ӕмӕ Астӕуккаг кулдуары цур ӕрбадтысты. Уыдоны’хсӕн уыдысты: Нергал-Шарецер, Самгар-Нево, Сар-Сехим — паддзахы лӕггадгӕнджыты хистӕр, ӕфсӕддон хицау Нергал-Шарецер ӕмӕ Вавилоны паддзахы иннӕ уӕздӕттӕ се’ппӕт дӕр. 4Иудейы паддзах Цедекиа ӕмӕ сӕ йе’фсӕддонтӕ куы федтой, уӕд лидзӕг фесты. Ӕхсӕвы, паддзахы дыргъдоны дыууӕ сисы’хсӕн цы кулдуар уыди, ууылты рацыдысты ӕмӕ Аравӕйы’рдӕм араст сты. 5Халдейӕгтӕ сӕ фӕсте асырдтой ӕмӕ паддзах Цедекиайы Йерихонмӕ хӕстӕг тъӕпӕны баййӕфтой. Ӕрцахстой йӕ ӕмӕ йӕ ӕрбакодтой Вавилоны паддзах Навуходоносормӕ, Ривлайы сахармӕ, Хаматы зӕхмӕ. Ӕмӕ йын паддзах уыцы ран тӕрхон рахаста. 6Ривлайы сахары вавилойнаг паддзах Цедекиайӕн йӕ фыртты амарын кодта йӕхи раз, иудейаг уӕздӕтты се’ппӕты дӕр ныццагъта. 7Уый фӕстӕ Навуходоносоры бардзырдмӕ гӕсгӕ Цедекиайӕн йӕ цӕстытӕ скъахтой ӕмӕ йыл паддзах хъадамантӕ бакӕнын кодта, цӕмӕй йӕ Вавилонмӕ акӕна. 8Халдейӕгтӕ басыгътой паддзахы галуан ӕмӕ адӕмы хӕдзӕрттӕ, Йерусалимы систӕ та ныппырх кодтой. 9Сахары цӕрджытӕй ма удӕгасӕй чи баззад, стӕй халдейӕгты’рдӕм чи балыгъд, уыцы адӕмы хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан Вавилонмӕ акодта. 10Ӕрмӕстдӕр мӕгуырты, сӕ бон ӕппындӕр кӕмӕн ницы уыди, уыдоны Иудейы бӕстӕйы ныууагъта, сӕндӕттӕ ӕмӕ зӕххы хӕйттӕ сын радта. 11Вавилоны паддзах Навуходоносор хъахъхъӕнджыты хицау Невузарданӕн Йеремиайы тыххӕй бафӕдзӕхста: 12«Ракӕн ӕй ӕмӕ йӕм дӕ хъус фӕдар. Мацы знаггад ын ракӕн, ӕрмӕстдӕр дын йӕхӕдӕг цы зӕгъа, уый-иу ын бакӕн». 13Хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан, лӕггадгӕнджыты хистӕр Неву-шаз-бан ӕмӕ ӕфсады хицау Нергал-Шарецер, стӕй вавилойнаг паддзахы иннӕ уӕздӕттӕ 14Йеремиамӕ арвыстой ӕмӕ йӕ хъахъхъӕнджыты кӕртӕй рацӕуын кодтой. Ахикамы фырт, Шафаны фырты фырт Гедалиайӕн, йӕ хӕдзармӕ йӕ акӕн, зӕгъгӕ, бафӕдзӕхстой. Афтӕмӕй Йеремиа йӕ адӕмы’хсӕн цӕргӕйӕ баззади. 15Йеремиа ма хъахъхъӕнджыты кӕрты ахӕстоны куы бадти, уӕд ын Дунедарӕг загъта: 16«Ацу ӕмӕ эфиопаг Еведмелехӕн зӕгъ: „Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: ацы сахарӕн Ӕз рагацау цы снысан кодтон, уый ныр сӕххӕст кӕндзынӕн — йӕ фарнӕн нӕ, фӕлӕ йӕ фыдбылызӕн. Рӕстӕг куы’рцӕуа, уӕд, Мӕ ныхӕстӕ куыд сӕххӕст уыдзысты, уый дӕхи цӕстӕй фендзынӕ. 17Фӕлӕ дӕу Ӕз уыцы бон фервӕзын кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — Кӕмӕй тӕрсыс, уыцы адӕмы къухтӕм лӕвӕрд не’рцӕудзынӕ. 18Ӕз дӕ фервӕзын кӕндзынӕн, карды цӕфӕй нӕ амӕлдзынӕ ӕмӕ хорзӕхӕн цард айсдзынӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ зӕрдӕ дардтай Мӕныл“», — зӕгъы Дунедарӕг.
Copyright information for
OssIBT2022