‏ Jeremiah 4

1 2«Израил, куы раздӕхай, — зӕгъы Дунедарӕг, — куы Мӕм раздӕхай ӕмӕ де’лгъӕгтӕ Мӕ разӕй куы айсай, хъеллау куынӕуал кӕнай ӕмӕ Дунедарӕгӕй ард куы бахӕрай, ӕцӕг ӕмӕ рӕстаг куы уа дӕ сомы, уӕд дӕ фӕрцы адӕмтӕ арфӕгонд уыдзысты ӕмӕ дӕ стаудзысты».

3Дунедарӕг Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн афтӕ зӕгъы: «Уӕхицӕн бахуым кӕнут ног зӕхх, какон сындзыты’хсӕн ма таут! 4Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ, Дунедарӕджы сӕраппонд уӕхицӕн сунӕт скӕнут! Уӕ зӕрдӕтӕн скӕнут сунӕт, цӕмӕй уӕ фыдракӕндты аххосӕй Мӕ маст ма ссудза артау, ӕнӕахуысгӕ зынгирвӕзтау.

5Фехъусын кӕнут Иудейы, расидут Йерусалимы! Ӕгас бӕстӕйы сыкъауадындзтӕй уасут, хъӕлӕсыдзагӕй хъӕр кӕнут: „Цомут ӕмӕ бырухгӕд сахартӕм алидзӕм!“

6Уӕ тырыса сисут нысанӕн, цӕмӕй адӕм ӕрбацӕуой Сионмӕ! Ӕвӕстиатӕй лидзут, уымӕн ӕмӕ уӕм Ӕз цӕгатӕй ӕрбауадздзынӕн ӕбуалгъ фыдбылыз!

7Домбай рацыди тар хъӕдӕй, адӕмты сафӕг араст ис балцы. Цӕмӕй дын дӕ зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕна, уый тыххӕй йӕ цӕрӕнбынат ныууагъта. Дӕ сахартӕ дын ныззыгуым кӕндзӕн, иунӕг цӕрӕг дзы нал баззайдзӕн.

8Уӕдӕ уӕ уӕлӕ скӕнут сӕхъис, кӕут ӕмӕ дзыназут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы азарӕй нӕ фервӕздзыстут! 9Уыцы заман, — зӕгъы Дунедарӕг, — паддзӕхтӕ ӕмӕ уӕздӕттӕн фыр тӕссӕй сӕ зӕрдӕтӕ сӕнкъуысдзысты, сауджынтыл тас бахӕцдзӕн, пехуымпартӕ сагъдау аззайдзысты».

10Ӕз загътон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Ау, Ды ацы адӕмы, Йерусалимы цӕрджыты, сайгӕ акодтай, сабыр цардӕй сын зӕрдӕ куы бавӕрдтай, уӕд? Ау, кардӕй сӕ фӕмардзысты?»

11Уыцы заман ацы адӕмӕн, Йерусалимы цӕрджытӕн, загъдӕуыдзӕн: «Ӕдзӕрӕг быдыры бӕгънӕг къуыбыртӕй Мӕ адӕмы чызгыл судзгӕ дымгӕ радымдта, фӕлӕ хор дымгӕмӕ ныддарынмӕ ӕмӕ йӕ ссыгъдӕг кӕнынмӕ нӕ 12— ӕгӕр тыхджын у уыцы дымгӕ, Мӕ фӕндонӕй дымы. Рӕстӕг ӕрцыд, ӕмӕ сын Ӕз стӕрхон кӕндзынӕн».

13Мӕнӕ мигъау ссӕуы, йӕ бӕхуӕрдӕттӕ — зилгӕ дымгӕйы’нгӕс; цӕргӕстӕй тагъддӕр тӕхынц йӕ бӕхтӕ. О, додойаг фестӕм, не сӕфт ӕрцыди!

14Йерусалим! Фыддзинадӕй ссыгъдӕг кӕн дӕ зӕрдӕ ӕмӕ уӕд фервӕздзынӕ. Дӕ чъизи хъуыдытӕ кӕдмӕ ӕмбӕхсдзынӕ? 15Ныридӕгӕн Данӕй хъуысы хъӕр, Ефремы хӕхтӕй — сӕфты уац.

16Фехъусын кӕнут адӕмтӕн, расидут Йерусалимы: «Дард бӕстӕй ӕрбацӕуынц ӕнӕнымӕц ӕфсӕдтӕ, Иудейы сахарты сӕ тохы хъӕртӕ хъуысынц. 17Быдыртӕ хъахъхъӕнджытау ӕрлӕууыдысты йӕ алыварс, уымӕн ӕмӕ Мӕ ныхмӕ сыстади», — зӕгъы Дунедарӕг. — 18Ды уыдӕттӕ дӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ дӕ хъуыддӕгты тыххӕй ӕвзарыс, дӕ фыдракӕндты аххосӕй хъизӕмарӕй мӕлыс.

19О зӕрдӕ, зӕрдӕ! Фырвӕллад баци зӕрдӕ фыр рыстӕй, фӕйнӕрдӕм тоны, нал зонын ӕнцой — сыкъауадындзты уасын ӕмӕ тохы хъӕртӕ хъусын.

20Иу фыдбылыз иннӕйы ивы, ӕгас бӕстӕ хӕлӕттаг фӕци. Бабын сты иу уысммӕ мӕ цатыртӕ, цӕсты фӕныкъуылдмӕ — мӕ халагъудтӕ!

21Тырысатӕм кӕдмӕ кӕсдзынӕн, сыкъауадындзты уасынмӕ кӕдмӕ хъусдзынӕн?

22«Ӕнӕзонд сты Мӕ адӕм — нӕ Мӕ зонынц; ӕдылы сабитау сӕ сӕры зонд нӕй. Фыдбылыз саразынмӕ — зондджын, хӕрзиуӕг ракӕнынмӕ та нӕ арӕхсынц».

23Кӕсын зӕхмӕ — сафтид ис бынтондӕр, скастӕн арвмӕ — рухсы цъыртт дзы нӕй. 24Хӕхтӕм кӕсын, ӕмӕ ӕнкъуысынц, къуыбыртӕ ӕмризӕджы нырризынц. 25 26Кӕсын, ӕмӕ цъиуызмӕлӕг нал зыны, уӕларвон мӕргътӕ иууылдӕр алырдӕм фӕтахтысты, дидинӕгкалӕг бӕстӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестади. Ныппырх сты йӕ сахартӕ Дунедарӕджы фӕндонӕй, Йӕ судзгӕ мастӕй.

27Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ацы зӕхх ӕгасӕй дӕр хӕлӕттаг фӕуыдзӕн, фӕлӕ йӕ бынтон нӕ фесафдзынӕн. 28Ныдздзыназдзӕн зӕхх, ныссау уыдзӕнис арв йӕ сӕрмӕ, уымӕн ӕмӕ Ӕз ахӕм тӕрхон рахастон. Мӕ фӕндон нӕ аивдзынӕн, сӕххӕст ӕй кӕндзынӕн.

29Сахарты цӕрджытӕ лидзӕг фесты фатӕхсджытӕ ӕмӕ барджыты уынӕрӕй, хӕхтӕм ӕмӕ тар хъӕдтӕм лидзынц. Сахартӕ сафтид сты иууылдӕр, иунӕг цӕрӕг дзы нал баззад.

30О, удхарӕй кӕй амардтой, уыцы зӕхх! Цы кӕндзынӕ ды та? Дӕхи-иу сӕнт сырх ӕмӕ сыгъзӕрин дарӕстӕй сфӕлыстай, сахуырстай-иу дӕ цӕстытӕ. О, дзӕгъӕлы-иу сфӕлыстай дӕхи! Дӕ хӕзгултӕ дыл ӕлгъ кӕнынц, дӕ мӕлӕтмӕ бӕллынц».

31Ӕз хъусын хъӕр — Сионы чызг арӕг сылгоймагау хъӕрзы; фыццаг хатт чи ары, уыйау йӕ къухтӕ ивазы: «О, додойаг фӕдӕн! Лӕгмарты раз ӕдых дӕн!»
Copyright information for OssIBT2022