‏ Jeremiah 40

1Хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан Йеремиайы Рамайы куы суӕгъд кодта, уый фӕстӕ дӕр-иу Дунедарӕг дарддӕр ныхас кодта йемӕ.

Невузардан Йеремиайы ссардта рӕхыстӕй бастӕй, Иудей ӕмӕ Йерусалимы уацайрӕгты, Вавилонмӕ уацары кӕй фӕцӕйкодтой, уыдоны’хсӕн.
2Хъахъхъӕнджыты хицау Йеремиайы куы ссардта, уӕд ын загъта: «Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, ацы зӕххӕн рагацау фыдбылыз снысан кодта. 3Ӕмӕ ныр Дунедарӕг, рагацау цы загъта, уый сӕххӕст кодта, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы раз фӕтӕригъӕдджын стут. Йӕ ныхасмӕ Йын нӕ хъуыстат ӕмӕ ӕппӕт адӕттӕ уый тыххӕй бавзӕрстат. 4Фӕлӕ дӕ абон ӕз, дӕ къухтыл цы рӕхыстӕ ис, уыдонӕй суӕгъд кӕндзынӕн. Кӕд дӕ мемӕ Вавилонмӕ ацӕуын фӕнды, уӕд цом, мӕ бӕрны уыдзынӕ. Кӕд нӕ, уӕд та лӕуу; ӕппӕт бӕстӕ — дӕ разы, кӕдӕм дӕ фӕнды, уырдӕм цу».

5Йеремиа иуварс нӕма ацыд, афтӕ ма Невузардан йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Ахикамы фырт Гедалиамӕ, Шафаны фырты фыртмӕ, ацу. Вавилоны паддзах ӕй Иудейы сахартӕн хицауӕй сӕвӕрдта. Йӕ разы, йӕ адӕмы’хсӕн цӕр, науӕд та, кӕдӕм дӕ фӕнды, уырдӕм цу».

Уый фӕстӕ йын хъахъхъӕнджыты хицау фӕсауӕрцӕн хӕринаг радта ӕмӕ йӕ ауагъта.

6Йеремиа ацыди Мицпамӕ, Ахикамы фырт Гедалиамӕ, ӕмӕ ма адӕмӕй сӕ бӕстӕйы кӕй ныууагътой, уыдоны’хсӕн царди йӕ разы.

Гедалиа — Иудейы хицау

7Сӕ адӕмимӕ ӕдзӕрӕг быдыры чи ӕмбӕхсти, уыцы ӕфсады хицӕуттӕ фехъуыстой, Вавилоны паддзах Ахикамы фырт Гедалиайы Иудейы хицауӕй кӕй сӕвӕрдта ӕмӕ йын, бӕстӕйы ӕппӕты мӕгуырдӕр чи уыд, Вавилонмӕ уацары кӕй нӕ акодтой, уыдоны усӕй, лӕгӕй, сывӕллонӕй йӕ бар кӕй бакодта, уый. 8Ӕмӕ ӕрбацыдысты Гедалиамӕ, Мицпамӕ. Уыдоны’хсӕн уыдысты: Нетаниайы фырт Измаел, Йоханан, Йонатан, Кареахы фырттӕ, Танхуметы фырт Серай, нетофаг Ефаийы фырттӕ ӕмӕ маахайаг Йезани сӕ адӕмимӕ. 9Цӕмӕй сын сӕхи дӕр ӕмӕ сӕ адӕмы дӕр басабыр кӕна, уый тыххӕй Ахикамы фырт Гедалиа, Шафаны фырты фырт, расомы кодта: «Халдейӕгты барджын хицӕуттӕй ма тӕрсут, ӕрцӕрут ацы бӕстӕйы. Вавилоны паддзахӕн лӕггад кӕнут, ӕмӕ уын хорз уыдзӕни. 10Ӕз халдейӕгты раз дзуапп дӕттынӕн баззайдзынӕн Мицпайы, уымӕн ӕмӕ нӕм уыдон ардӕм цӕудзысты. Сымах та ӕрӕфтауц кӕнут сӕн, сӕрдыгон дыргътӕ ӕмӕ оливӕйы сой, уӕ мигӕнӕнты сӕ ӕрӕфснайут ӕмӕ, цы сахартӕ бацахстат, уыдоны цӕрут».

11Моавы, Аммоны, Едомы ӕмӕ иннӕ бӕстӕты цы иудейӕгтӕ цардысты, уыдон дӕр фехъуыстой, Вавилоны паддзах адӕмы иу хай Иудейы бӕстӕйы кӕй ныууагъта ӕмӕ сын Шафаны фырты фырт, Ахикамы фырт Гедалиайы, хицауӕй кӕй сӕвӕрдта, уый. 12Ӕмӕ уӕд, кӕдӕм сӕ фӕсырдӕуыд, уыцы бынӕттӕй фӕстӕмӕ раздӕхтысты Иудеймӕ, Гедалиамӕ, Мицпамӕ, ӕмӕ сӕм парахатӕй фӕзындысты сӕн ӕмӕ сӕрдыгон дыргътӕ.

13Кареахы фырт Йоханан ӕмӕ, ӕдзӕрӕг быдыры чи ӕмбӕхсти, уыцы ӕфсады хицӕуттӕ се’ппӕт дӕр Гедалиамӕ Мицпайы сахармӕ ӕрбацыдысты 14ӕмӕ йын загътой: «Ау, нӕ йӕ зоныс, аммонӕгты паддзах Баалис Нетаниайы фырт Измаелы дӕу амарынмӕ рарвыста, уый?»

Фӕлӕ сыл Ахикамы фырт Гедалиа нӕ баууӕндыд.
15Уӕд Кареахы фырт Йоханан Мицпайы Гедалиайӕн сусӕгӕй загъта: «Бар ратт, цӕмӕй ӕз ацӕуон ӕмӕ Нетаниайы фырт Измаелы амарон. Ничи йӕ базондзӕн. Цӕмӕн хъӕуы уый ӕруадзын, цӕмӕй дӕ амара ӕмӕ, дӕ алыварс цы иудейӕгтӕ ӕрӕмбырд сты, уыдон фӕстӕмӕ ныххӕлиу уой, стӕй, чи ма дзы аирвӕзт, уыдон дӕр фесӕфой?»

16Ахикамы фырт Гедалиа Кареахы фырт Йохананӕн дзуапп радта: «Ма бакӕн уый! Мӕнг зӕгъыс Измаелы тыххӕй».
Copyright information for OssIBT2022